Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 УРОК

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты?

Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, фидарӕй зонӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Уый кӕцӕй зонӕм? Цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн йӕ бындур цы у? Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм? Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн йӕ бындур цы у?

Йесо загъта: «[Хуыцауы] ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр Йесойау сӕ ахуырӕдты бындур у Хуыцауы Ныхас. Ӕркӕсӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историмӕ (раздӕр хуындысты Библииртасджытӕ). 1870 азты уыдон райдыдтой Библи лӕмбынӕг иртасын. Цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕн йӕ бындур уыд Библи. Ӕмӕ-иу цы базыдтой, уый-иу аргъуаны ахуырӕдтӕй куы хицӕн кодта, уӕд дӕр сын сӕйрагдӕр уыд, Библийы цы фыст ис, уый. Фӕстӕдӕр иннӕтӕн дӕр дзурын райдыдтой, Библийӕ-иу цы базыдтой, уыдӕттӕ a.

2. Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хоны йе ’вдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ, чи у ӕмӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй рӕстдзинад дзурынц (Дзуттӕгтӕм 11:4–12:1). Зӕгъӕм, раджы заман Хуыцау йӕ адӕмӕн загъта: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ». (Бакӕс Исайы 43:10.) Библи Йесойы дӕр хоны «иузӕрдион Ӕвдисӕн» (Раргомад 1:5). Уымӕ гӕсгӕ 1931 азӕй фӕстӕмӕ хуыйнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Мах сӕрыстыр стӕм, уыцы ном кӕй хӕссӕм, уымӕй.

3. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы уарзондзинад куыд фӕзмынц?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ тынг уарзта, раст цыма йӕхи бинонтӕ уыдысты. (Бакӕс Марчы 3:35.) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сты иу бинонты хуызӕн, кӕд алы бӕстӕты цӕрынц, уӕддӕр. Ӕмӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уый тыххӕй хонӕм (Филимонмӕ 1, 2). Стӕй ма ӕххӕст кӕнӕм ацы фӕдзӕхст: «Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут» (1 Петры 2:17). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у бӕрӕг. Зӕгъӕм, бахъуаджы сахат нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы тыххӕй. Стӕй ма базон, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕн ма ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ ахуырӕдты бындур у Библи, ӕмӕ дзы цы базонынц, уый иннӕтӕн фӕдзурынц

4. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн йӕ бындур у Библи

Йегъовӕ рагацау загъта, кӕроны рӕстӕг Библийы рӕстдзинад кӕй раргом уыдзӕн. Бакӕсут Данелы 12:4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хуыцауы адӕм Библи лӕмбынӕг кӕй хъуамӕ иртӕстаиккой, уый фӕрцы цы хъуамӕ «сбирӕ уыдаид»?

Базон, Библииртасджыты гыццыл къорд (се ’хсӕн уыд Чарлз Расселл дӕр) Хуыцауы Ныхас куыд иртӕста. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Чарлз Расселл ӕмӕ иннӕ Библииртасджытӕ Библи куыд иртӕстой?

Зыдтай йӕ?

Хатт, кӕцыдӕр ахуырӕдтӕ куыд ӕмбарӕм, уым цыдӕр фӕивы. Цӕмӕн? Хур сындӕггай куыд скӕсы, ӕмӕ сабыргай алцыдӕр куыд разыны, афтӕ нын Хуыцау дӕр йӕ Ныхас сабыргай ӕргом кӕны. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:18.) Ӕмӕ кӕд Библи нӕ ивы, уӕддӕр нӕ ахуырӕдты цыдӕртӕ фӕивӕм, хуыздӕр ӕй куы бамбарӕм, уӕд.

5. Цы ном хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм

Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн схуыдтам? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Ном Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныл хорз цӕмӕн фидауы?

Йегъовӕ адӕмӕй йӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн равзӕрста? Цӕмӕй, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй рӕстдзинад дзурой, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ мӕнг ныхӕстӕ кодтой ӕмӕ кӕнынц. Уыцы мӕнг ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

Зӕгъӕм, кӕцыдӕр динтӕ дзурынц, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм нывтӕн ӕмӕ гуымирытӕн кувой. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Бакӕсут Левит 26:1 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ нывтӕн ӕмӕ гуымирытӕн кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, Йесо Хуыцау кӕй у. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Бакӕсут Иоанны 20:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йесо Хуыцау у?

  • Йегъовӕ йе ’вдисӕнты ӕрвиты, цӕмӕй йын йӕхи ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй рӕстдзинад дзурой. Уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

6. Кӕрӕдзи уарзӕм

Библи чырыстӕтты бары адӕймаджы буары алыхуызон уӕнгтимӕ. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 12:25, 26 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой, се ’мчырыстӕттӕй исчи зын уавӕры куы бахауа, уӕд?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл иу ран исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд сын иннӕ рӕтты цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд баххуыс кӕнынц. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕллӕхты рӕстӕг кӕрӕдзи фарсмӕ кӕй балӕууынц, уымӕй сӕ уарзондзинад куыд у бӕрӕг?

Ӕцӕг чырыстӕттӕ бахъуаджы сахат иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрӕджы фӕзындысты».

  • Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕвдисӕнтӕ кӕдӕй нырмӕ хоны?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕцӕг чырыстӕттӕ. Кӕд алы бӕстӕты цӕрӕм, уӕддӕр стӕм иу бинонтау ӕнгом, ӕмӕ нӕ ахуырӕдты бындур у Библи. Уымӕй уӕлдай адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад дзурӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн схуыдтам?

  • Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сты?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕнг ахуырӕдтӕ хурмӕ куыд калынц.

«Хуыцауы адӕм кадджын кӕнынц Йегъовӕйы ном» (7:08)

Кӕд дӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фарстатӕ ис, уӕд сын дзуапп базон.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ» (рубрикӕ сайты)

Стивен йе сӕфт уыдта, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд, уыдонӕй ӕмӕ-иу семӕ хыл кодта. Базон, цӕмӕн фӕивта, уый.

«Мӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта» (2015 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a 1879 азӕй мыхуыры уадзӕм журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уыцы журнал ӕмбарын кӕны Библийы рӕстдзинад.