Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 УРОК

Хорз хабар чи хъусын кӕны?

Хорз хабар чи хъусын кӕны?

Тагъд Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Уый у диссаджы хорз хабар, ӕмӕ йӕ хъуамӕ алчидӕр фехъуса. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы хабар дзурой алкӕмӕн дӕр! (Матфейы 28:19, 20). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кӕнынц?

1. Матфейы 24:14 стихы цы фыст ис, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц уыцы ахсджиаг куысты. Мах хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас дунейы дӕр 1000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Уыцы стыр куыстӕн хъӕуы бирӕ хъарутӕ ӕмӕ рӕстӕг, стӕй йӕ хъӕуы хорз пълан кӕнын. Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уыцы хъуыддаг размӕ нӕ цӕуид.

2. Адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕныны тыххӕй цы аразӕм?

Мах хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр фӕхъусын кӕнӕм «хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:42). Уый фӕрцы алы аз дӕр милуангай адӕм хорз хабар фехъусынц. Адӕмы алы хатт хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕхъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕтты дӕр. Мах ӕдзух фадӕттӕ фӕагурӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй иннӕтӕн радзурӕм.

3. Хорз хабар хъусын кӕнын кӕй хӕс у?

Ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын. Мах уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Алчидӕр нӕ хъусын кӕны, йӕ бон цас у, уыйбӕрц, уымӕн ӕмӕ йӕ ’мбарӕм, дзырд адӕмы цардыл кӕй цӕуы. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:16.) Уый тыххӕй нын фидгӕ нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:7, 8). Хорз хабармӕ алчи нӕ байхъусы. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы аразынц, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъусын кӕной. Стӕй ма базон, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны.

4. Ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй адӕм иууылдӕр хорз хабар фехъусой

Цӕмӕй адӕм алы ран дӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдынц. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй цы аразынц, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд?

Бакӕсут Матфейы 22:39 ӕмӕ Ромӕгтӕм 10:13–15 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, адӕмы кӕй уарзӕм?

  • Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонмӕ? (15 стих)

5. Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ

Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уый бирӕ хабӕрттӕй у бӕрӕг. Зӕгъӕм, Ног Зеландийы иу ӕфсымӕр, Поль, фӕссихор хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлд иу сылгоймагыл. Уыцы сылгоймаджы фӕндыд Хуыцауы тыххӕй базонын ӕмӕ уыцы бон райсомӕй Йегъовӕмӕ йӕ номӕй куывта. Лӕгъстӕ йын кодта, цӕмӕй йӕм искӕй ӕрбарвыстаид. Уымӕй ӕртӕ сахаты куы рацыд, уӕд ын Поль йӕ дуар бахоста.

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 3:9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ног Зеландийы цы хабар ӕрцыд, уымӕй куыд зыны, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты?

Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 1:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы?

Зыдтай йӕ?

Къуырийы астӕу нын цы фембӕлд вӕййы, уым фӕахуыр кӕнӕм, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Кӕд уыцы фембӕлды искуы уыдтӕ, уӕд цы хъуыды кӕныс, хъусын кӕнын куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй?

6. Мах хъусӕм Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм

Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн се знӕгтӕ сӕ фӕдыл зылдысты, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ фыццаг чырыстӕттӕ архайдтой «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл» (Филиппӕгтӕм 1:7). Ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ кӕнынц a.

Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:27–42 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр фехъусын кӕной. Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд куыд цӕуы?

  • Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, адӕмы кӕй уарзӕм?

  • Куыд хъуыды кӕныс, адӕймаг хорз хабар куы хъусын кӕна, уӕд ын уый циндзинад хӕсдзӕн? Цӕмӕн?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стыр горӕтты адӕмӕн куыд хъусын кӕнынц, уый тыххӕй.

«Хъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Париж» (5:11)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрлидзджытӕн куыд хъусын кӕнынц?

«Ӕрлидзджытӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм» (6:01)

Базон, иу хойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр хъусын кӕнын кӕй у, уый фӕрцы йӕ цардӕй райгонд цӕмӕн у.

«Цин кӕнын, царды цы фӕндаг равзӕрстон, ууыл» (6:30)

Базон, тӕрхондӕттӕ кӕй рахастой ӕмӕ нын хъусын кӕнын ӕнцондӕр кӕй фӕрцы у, цалдӕр ахӕм ахсджиаг уынаффӕйы тыххӕй.

«Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц» («Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 13 сӕр)

a Хорз хабар хъусын кӕнын нын Хуыцау бафӕдзӕхста. Уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны тыххӕй хицӕуттӕй бар исын нӕ хъӕуы.