Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 УРОК

Зӕдтӕ чи сты ӕмӕ цы аразынц?

Зӕдтӕ чи сты ӕмӕ цы аразынц?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй базонӕм, уӕлӕрвты йын чи ис, уыцы бинонты тыххӕй. Уыцы бинонтӕм хауынц зӕдтӕ дӕр. Библи сӕ хоны «Хуыцауы фырттӕ» (Иов 38:7). Библийы зӕдты тыххӕй цы фыст ис? Зӕдтӕ цы аразынц ӕмӕ иууылдӕр Хуыцауы бинонтӕй сты?

1. Зӕдтӕ чи сты?

Йегъовӕ зӕдты сфӕлдыста, цалынмӕ зӕхх не скодта, уӕдмӕ. Хуыцауы куыд нӕй цӕстӕй фенӕн, афтӕ зӕдты дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр цӕрынц уӕлӕрвты (Дзуттӕгтӕм 1:14). Зӕдтӕ сты милуантӕ ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕу (Раргомад 5:11). Уыдон Йегъовӕйы «ныхас... ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ... хъусынц» (Псалом 103:20). Раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ адӕммӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй-иу сӕм йӕ ныхас фӕхӕццӕ кодтаиккой, баххуыс-иу сын кодтаиккой кӕнӕ-иу сӕ фервӕзын кодтаиккой. Абон зӕдтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы агурынӕн.

2. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ чи сты?

Зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззадысты. Хуыцауы ныхмӕ фыццаг чи рацыд, уый у, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы», уыцы зӕд (Раргомад 12:9). Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕн хицау уыдаид. Ӕмӕ фыццаг адӕмы, уый фӕстӕ та ма суанг иннӕ зӕдтӕй дӕр кӕйдӕрты Хуыцауы ныхмӕ скодта. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ хуыйнынц дӕлимонтӕ. Йегъовӕ сӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ сӕ тагъд бынтондӕр фесафдзӕн. (Бакӕс Раргомад 12:9, 12.)

3. Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмы куыд сайынц?

Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ бирӕты сайынц спиритизмы уылты. Спиритизм у, адӕймаг комкоммӕ кӕнӕ искӕй уылты ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ баст куы уа, уый. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ уынаффӕтӕ фӕагурынц астрологтӕм, фӕфӕрсынц дӕсныты ӕмӕ экстрасенсты. Иннӕтӕ та сӕхи фӕдзӕбӕх кӕнынц спиритизмимӕ баст мадзӕлтты фӕрцы. Стӕй ма Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмы баууӕндын кодтой, сӕ бон кӕй у мӕрдтимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы: «Ма цӕут, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм» (Левит 19:31). Йегъовӕ нын афтӕ уымӕн зӕгъы, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй бахъахъхъӕна. Уыдон сты Хуыцауы знӕгтӕ ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй нын исты зиан ракӕной.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, зӕдтӕ цы аразынц. Стӕй ма базон, спиритизм тӕссаг цӕмӕй у ӕмӕ нӕ бон куыд у Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй нӕхи бахизын.

4. Зӕдтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй базоной

Зӕдтӕ адӕмӕн хорз хабар сӕхӕдӕг нӕ хъусын кӕнынц. Уыдон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарынӕн. Бакӕсут Раргомад 14:6, 7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ зӕдты ӕххуыс цӕмӕн фӕхъӕуы?

  • Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурынӕн нын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый дӕ ныфс нӕ уадзы? Цӕмӕн?

5. Дӕхи хиз спиритизмӕй

Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ сты Йегъовӕйы знӕгтӕ ӕмӕ не знӕгтӕ дӕр. Бакӕсут Лукайы 9:38–42 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕлимонтӕ адӕмӕн цы аразынц?

Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл дӕлимонтӕ, кӕнӕ хӕйрӕджытӕ, ӕндавой. Бакӕсут Дыккаг закъон 18:10–12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хӕйрӕджытӕ цӕмӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй ныл ӕндавой ӕмӕ семӕ баст уӕм? Кӕм цӕрыс, уым хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй арӕхдӕр кӕцытӕ сты?

  • Йегъовӕ афтӕ кӕй зӕгъы, цӕмӕй хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм, уый, дӕумӕ гӕсгӕ, раст у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Куыд хъуыды кӕныс, Палесӕйы чызджы къухыл цы цонгдарӕн уыд, уый исты зиан хаста? Цӕмӕн?

  • Палесӕйы цы саразын хъуыд, цӕмӕй йӕ хӕйрӕджытӕ мауал хъыгдардтаиккой?

Ӕцӕг чырыстӕттӕ алкӕддӕр сӕхи хызтой хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 19:19 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 10:21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕм спиритизмимӕ баст цыдӕриддӕр дзауматӕ ис, уыдон фесафӕм?

6. Хӕйрӕгыл ӕмӕ йӕ дӕлимонтыл уӕлахиз кӕн

Дӕлимонтӕн сӕ хицау у Хӕйрӕг. Иузӕрдион зӕдтӕн та разамынд дӕтты хистӕр зӕд Михаил, уый у Йесойӕн йӕ иннӕ ном. Михаил у хъомысджын зӕд. Бакӕсут Раргомад 12:7–9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Чи тыхджындӕр у: Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ ӕви Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ?

  • Куыд хъуыды кӕныс, Йесойы фӕдылдзӕуджыты Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕй тӕрсын хъӕуы?

Дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл ӕмӕ йӕ дӕлимонтыл фӕуӕлахиз уай. Бакӕсут Иаковы 4:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон куыд у Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй дӕхи бахъахъхъӕнын?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Спиритизм кӕм ис, ахӕм хъӕзтытӕй хъазай кӕнӕ ахӕм кинотӕм кӕсай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Уыдон ирхӕфсӕнтӕ йеддӕмӕ ницы сты».

  • Афтӕ хъуыды кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ сты Йегъовӕйы знӕгтӕ. Уыдон адӕмы сайынц спиритизмы уылты.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй базоной?

  • Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ чи сты?

  • Цӕмӕн дӕ фӕнды спиритизмӕй дӕхи хизын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, хистӕр зӕд Михаил Йесо кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

«Чи у хистӕр зӕд Михаил?» (интернет-статья)

Базон, Хӕйрӕг ӕнӕуи фыддзинад кӕнӕ, адӕймаджы мидӕг цы фыддзинад вӕййы, уый кӕй нӕу.

«Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?» (интернет-статья)

Базон, иу сылгоймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ хӕйрӕджытӕ мауал хъыгдардтаиккой.

«Йӕ цардӕн нысан фӕзынд» (1993 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)