Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 УРОК

Йесо кӕй амард, уый нӕ куыд ирвӕзын кӕны?

Йесо кӕй амард, уый нӕ куыд ирвӕзын кӕны?

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдтӕ аразӕм, хъизӕмар кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм a. Фӕлӕ нын уӕддӕр ныфс ис. Йегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард раттаид ӕмӕ нӕ афтӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Библийы фыст ис, Чырысти кӕй амард, уымӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста. Ахӕсты аргъ у, искӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй кӕй бафидынц, ахӕм аргъ. Йесо цы аргъ бафыста, уый уыд йе ’ххӕст цард. (Бакӕс Матфейы 20:28, фиппаинаг.) Йесо ӕххӕст кӕй уыд ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕххыл ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ йӕ цард мах тыххӕй радта. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй схайджын уӕм, Адам ӕмӕ Евӕ цыдӕриддӕр фесӕфтой, уыдӕттӕй. Йесо ма равдыста, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр куыд тынг уарзынц, уый. Ацы урок дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы тынгдӕр аргъ кӕнай, Йесо мах тыххӕй кӕй амард, уымӕн.

1. Йесо кӕй амард, уый нын абон цы пайда у?

Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ аразӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ Йесойы уылты куы кувӕм, цӕмӕй нын сӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, цӕмӕй сӕ мауал аразӕм, уӕд Хуыцауы ’ввахс хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм (1 Иоанны 2:1). Библийы фыст ис: «Чырысти дӕр ӕрмӕстдӕр иу хатт амард тӕригъӕдты тыххӕй – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй,– цӕмӕй уӕ Хуыцаумӕ ӕркӕна» (1 Петры 3:18).

2. Йесо кӕй амард, уый нын фидӕны цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

Йегъовӕ йӕ Фырты ӕххӕст цард радта, «цӕмӕй йыл [Йесойыл] чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Йесо цы сарӕзта, уый фӕрцы Йегъовӕ тагъд кӕрон скӕндзӕн, Адамы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уыдонӕн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы нывондыл куы ’ууӕндӕм, уӕд нын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрӕм (Исай 65:21–23).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Йесо йӕ цард цӕмӕн радта ӕмӕ нын уый цы пайда у, уый тыххӕй.

3. Йесойы мӕлӕт нӕ ирвӕзын кӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Адам Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй ӕнӕхай цӕмӕй фӕци?

Бакӕсут Ромӕгтӕм 5:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адам тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?

Бакӕсут Иоанны 3:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ йӕ фырты зӕхмӕ цӕмӕн рарвыста?

  1. 1) Адам уыд ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм сты тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлынц

  2. 2) Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы коммӕ каст, ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй тӕригъӕдӕй фервӕзой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой

4. Йесойы мӕлӕт пайда у адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ иу адӕймаджы мӕлӕт адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр пайда ӕрхӕсса?

Бакӕсут 1 Тимофеймӕ 2:5, 6 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адам уыд ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый аххосӕй адӕм иууылдӕр сты тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлынц. Йесо дӕр Адамау ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон цы уыд саразын?

5. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы лӕвар

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕй алчидӕр афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн мӕн тыххӕй ӕрхаста. Зӕгъӕм, бакӕсут Галатӕгтӕм 2:20 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, апостол Павел афтӕ кӕй хъуыды кодта, ӕмӕ Йесо йӕ цард уый тыххӕй радта?

Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр систы мӕлӕты цагъартӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй йӕ цард раттаид, ӕмӕ дын ӕнустӕм цӕрыны фадат фӕзындаид.

Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдон куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн йӕ Фырты хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕрыстаид, ууыл. Бакӕсут Иоанны 19:1–7, 16–18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Уый гӕнӕн куыд уыд, ӕмӕ иу адӕймаг ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр амардаид?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йесойы мӕлӕты фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕны, стӕй ма нын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йесо йӕ цард цӕмӕн радта?

  • Чырысти йе ’ххӕст цардӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр куыд балхӕдта?

  • Йесойы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзӕм?

«Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?» (интернет-статья)

Йегъовӕ суанг уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр ныххатыр кӕны?

«Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ» (2013 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, иу нӕлгоймаг хуыздӕрырдӕм куыд аивта, Чырыстийы нывонды тыххӕй куы базыдта, уӕд.

«Фыддзинады цагъар нал дӕн» (интернет-статья)

a Тӕригъӕд ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг исты ӕвзӕр хъуыддаг сараза. Тӕригъӕд ма амоны, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц кӕй стӕм, уымӕ дӕр.