Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 УРОК

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн аргъ кӕн

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн аргъ кӕн

Де ’мбал дын исты куы балӕвар кӕны, уӕд дын уый, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ дӕ фӕфӕнды, бузныг дзы кӕй дӕ, уый равдисын. Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо дӕр скодтой лӕвар. Ӕмӕ уымӕй зынаргъдӕр лӕвар нӕй. Нӕ бон куыд у равдисын, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый?

1. Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

Библийы фыст ис, «[Йесойыл] чидӕриддӕр ӕууӕнды», уымӕн йӕ бон кӕй у ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 3:16). Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ цы аразӕм, уымӕй (Иаковы 2:17). Кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд Йесомӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. (Бакӕс Иоанны 14:21.)

2. Цавӕр ахсджиаг хабары фӕрцы у нӕ бон равдисын, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм?

Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, сӕ бон ма куыд у равдисын, йӕ нывонды тыххӕй дзы бузныг кӕй сты, уый. Йесо бындур ӕрӕвӕрдта ахсджиаг хабарӕн. Библи йӕ хоны «Хицауы ӕхсӕвӕр», хонынц ма йӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр дӕр (1 Коринфӕгтӕм 11:20). Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ апостолтӕ ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕ зӕрдыл дардтаиккой, адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо тынг кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй дӕ.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо цы стыр уарзондзинад равдыстой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй ма базон, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у, уый.

3. Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй дӕ, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

Зӕгъӕм, доны ныгъуылыс, ӕмӕ дӕ чидӕр фервӕзын кодта. Уыцы хорздзинад искуы ферох кӕндзынӕ? Ӕви архайдзынӕ, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн равдисай, бузныг дзы кӕй дӕ, уый?

Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый фӕрцы нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Бакӕсут 1 Иоанны 4:8–10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый диссаджы лӕвар цӕмӕн у?

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? Бакӕсут 2 Коринфӕгтӕм 5:15 ӕмӕ 1 Иоанны 4:11; 5:3. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый?

4. Йесойы фӕзм

Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый ма нӕ бон цӕмӕй у ӕвдисын? Уый тыххӕй хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм. Бакӕсут 1 Петры 2:21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон куыд у Йесойы къахвӕдтыл цӕуын?

5. Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу ӕрбацу

Хицауы ӕхсӕвӕр фыццаг хатт куыд сбӕрӕг кодтой, уый базоныны тыххӕй бакӕсут Лукайы 22:14, 19, 20. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куыд сбӕрӕг кодтой?

  • Дзул ӕмӕ сӕн цӕмӕ амонынц? (19 ӕмӕ 20 стихтӕ)

Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кодтаиккой афӕдз иу хатт, цы бон амард, уыцы бон. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй-иу Чырыстийы мӕлӕт сбӕрӕг кӕной, йӕхӕдӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Цӕмӕй ацы ахсджиаг фембӕлды тыххӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры цы вӕййы?

Дзул ӕмӕ сӕн сты нысӕнттӕ. Дзул амоны Йесойы ӕххӕст буармӕ. Сӕн та амоны йӕ тугмӕ

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Чырыстийыл ӕууӕнд ӕмӕ фервӕздзынӕ».

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, куы йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ-иу йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уымӕй.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Цы нысан кӕны Йесойыл ӕууӕндын?

  • Дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кӕныс?

  • Ахсджиаг цӕмӕн у Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Чырысти мах тыххӕй кӕй амард, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

«Йе ’ххӕст цардӕй Йегъовӕйы скадджын кодта» (9:28)

Фылдӕр базон, уырнындзинад цы у ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у ӕвдисын, уый тыххӕй.

«Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис» (2016 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Иу сылгоймаджы царды хабарӕй, «Хуыцауы раз мӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ дӕн амондджын», зӕгъгӕ, базондзынӕ, Чырыстийы нывонды тыххӕй кӕй базыдта, уый йӕ цардыл куыд фӕзынд.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2011 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ цӕмӕн аходынц.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр иннӕ динты хуызӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?» (интернет-статья)