Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 УРОК

Чи дын амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!

Чи дын амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!

Адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд стыр маст ӕмӕ рыст бавзары. Ӕмӕ Библи дӕр мӕлӕт знаг уый тыххӕй хоны (1 Коринфӕгтӕм 15:26). 27 урокӕй базыдтай, Йегъовӕ мӕлӕт кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ нын чи амард, уыдонӕн ма исты ныфс ис? Ацы урокӕй фылдӕр базондзынӕ Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕй ноджыдӕр иуы тыххӕй. Йегъовӕ миллиардгай адӕмы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, цӕмӕй амондджынӕй ӕнустӕм цӕрой. Райгас сӕ кӕндзӕн! Цымӕ уый ӕцӕгдӕр уыдзӕн? Уӕлӕрвты цӕрынӕн сӕ райгас кӕндзӕн ӕви зӕххыл цӕрынӕн?

1. Чи нын амард, уыдоны тыххӕй Йегъовӕмӕ цавӕр фӕнд ис?

Йегъовӕйы фӕнды, чи нын амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы уырныдта, куы амӕла, уӕд дӕр ӕй Хуыцау кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Иов Хуыцауӕн загъта: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз [ингӕнӕй] дзуапп ратдзынӕн». (Бакӕс Иов 14:13–15.)

2. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕцӕй зонӕм?

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ын Хуыцау радта ахӕм тых, цӕмӕй йӕ бон уыдаид адӕмы ӕгас кӕнын. Йесо райгас кодта 12-аздзыд чызджы ӕмӕ идӕдз усы фырты (Марчы 5:41, 42; Лукайы 7:12–15). Фӕстӕдӕр амард Йесойы ’мбал Лазӕр. Лазӕр куы амард ӕмӕ йӕ куы бавӕрдтой, ууыл кӕд цыппар боны рацыд, уӕддӕр ӕй Йесо фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта. Йесо Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ стӕй хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ «мард рацыд» (Иоанны 11:43, 44). Лазӕр райгас! Ахъуыды-ма кӕн, Лазӕры бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куыд тынг цин кодтаиккой!

3. Чи дын амард, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?

Чи амард, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис: «Райгас уыдзысты» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Йесо кӕддӕр кӕй райгас кодта, уыдон уӕлӕрвтӕм нӕ ацыдысты (Иоанны 3:13). Йесо сӕ райгас кодта зӕххыл цӕрынӕн, ӕмӕ тынг цин кодтой. Тагъд Йесо райгас кӕндзӕн миллиардгай адӕмы, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой. Йесо загъта, «ингӕнты [комкоммӕ «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты», фиппаинаг] чидӕриддӕр ис, уыдон» кӕй райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29). Райгас уыдзысты, адӕм кӕй ферох кодтой, фӕлӕ Хуыцау йӕ зӕрдыл кӕй дары, суанг уыдон дӕр.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Библийы цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Йесойӕн йӕ бон кӕй у мӕрдты райгас кӕнын ӕмӕ сӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Стӕй ма базон, Библийы райгасдзинады тыххӕй цы фыст ис, уый адӕймагӕн удӕнцой куыд хӕссы ӕмӕ дзы ныфс куыд уадзы.

4. Йесо равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын

Фылдӕр базон, Лазӕр куы амард, уӕд Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 11:14, 38–44 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Лазӕр ӕцӕгдӕр мард кӕй уыди, уый кӕцӕй зонӕм? (39 стих)

  • Куыд хъуыды кӕныс, Лазӕр уӕлӕрвтӕм куы ацыдаид, уӕд ма йӕ Йесо фӕстӕмӕ зӕххыл цӕрынӕн райгас кодтаид?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

5. Райгас уыдзӕн тынг бирӕ адӕм!

Бакӕсут Псалом 37:29 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Чи райгас уыдзӕн, уыцы миллиардгай адӕм кӕм цӕрдзысты?

Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыдонӕй уӕлдай ма Йесо райгас кӕндзӕн тынг бирӕ адӕмы. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 24:15 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Чи амард, уыдонӕй дӕ кӕй фӕндид фенын?

Ахъуыды-ма кӕн: фыдӕн йӕ сывӕллоны райхъал кӕнын куыд ӕнцон у, афтӕ ӕнцон у Йесойӕн дӕр адӕймаджы райгас кӕнын

6. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дын удӕнцой ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ дӕ ныфс бауадздзӕн

Йӕ хионы кӕнӕ йе ’мбалы мӕлӕтыл чи маст кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн Иаиры чызджы хабар удӕнцой ӕрхаста ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта. Бакӕсут уыцы хабар Лукайы 8:40–42, 49–56.

Йесо Иаирӕн йӕ чызджы райгас кӕныны размӕ загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст дӕм уырнындзинад уӕд». (Кӕс 50 стих.) Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн...

  • исчи дын куы амӕла, уӕд?

  • дӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Фелиситийы ныййарджытӕн удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос куыд у?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕ нӕ уырны».

  • Ды та куыд хъуыды кӕныс?

  • Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый цавӕр стихы фӕрцы бамбарын кӕнис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библи зӕрдӕ ӕвӕры, миллиардгай адӕм кӕй райгас уыдзысты. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй та ногӕй цӕрой. Ӕмӕ Йесойӕн ахӕм хъару радта, цӕмӕй сӕ райгас кӕна.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны райгас кӕнын?

  • Чи райгас уыдзӕн, уыцы миллиардгай адӕм кӕм цӕрдзысты: уӕлӕрвты ӕви зӕххыл? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

  • Цӕмӕн дӕ уырны, чи дын амард, уыдон ногӕй кӕй цӕрдзысты?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ маст сфӕразынӕн.

«Ӕххуыс, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн» («Райхъал ут!», № 3, 2018, уырыссаг)

Зиан кӕуыл ӕрцыд, уымӕн Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕцӕгдӕр баххуыс кӕндзысты?

«Адӕймагӕн исчи куы амӕлы» (5:06)

Сывӕллонӕн йӕ хиуӕттӕй кӕнӕ йе ’мбӕлттӕй исчи куы амӕла, уӕд ын уыцы маст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

«Чырыстийы нывонд» (2:07)

Уӕлӕрвты цӕрынӕн исчи райгас уыдзӕн? Хуыцау кӕй нӕ райгас кӕндзӕн?

«Райгасдзинады тыххӕй Библийы цы фыст ис?» (интернет-статья)