Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 УРОК

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!

Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы. Уӕд зӕххон паддзахӕдтӕн дӕр райдыдтой сӕ фӕстаг бонтӕ. Уый кӕцӕй зонӕм? Ӕркӕсӕм Библийы пехуымпарадмӕ ӕмӕ, 1914 азӕй дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн систы, уымӕ.

1. Библийы пехуымпарадӕй цы ис базонӕн?

Библийы Данелы чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй хъуамӕ райстаид «авд рӕстӕджы» кӕрон (Данел 4:16, 17). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо уыцы рӕстӕг схуыдта «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» ӕмӕ загъта, уыцы рӕстӕг кӕй нӕма фӕци (Лукайы 21:24). Дарддӕр куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй авд рӕстӕджы фесты 1914 азы.

2. 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн систы?

Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3). Йесо ранымадта, уӕлӕрвты Паддзах куы суа, уӕд зӕххыл цытӕ цӕудзӕн, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, загъта, хӕстытӕ кӕй цӕудзӕн, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Матфейы 24:7.) Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый аххосӕй цард «тынг уӕззау» кӕй уыдзӕн (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ӕппӕт уыдӕттӕ ирдӕй уынӕм 1914 азӕй фӕстӕмӕ.

3. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ цӕмӕн фӕфыддӕр сты?

Йесо Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр уӕлӕрвты Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ дӕлимонтимӕ схӕцыд ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Библийы фыст ис: «Хӕйрӕг... зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Раргомад 12:9, 10, 12). Хӕйрӕг у тынг мӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, тагъд йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны. Уӕдӕ дуне ахӕм ӕвзӕр уавӕры кӕй ис, уый диссаг нӕу! Фӕлӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райста, уымӕн. Стӕй ма базон, цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, ууыл кӕй ӕууӕндӕм.

4. Библийы пехуымпарад амоны 1914 азмӕ

Хуыцау Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн фыны равдыста, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Уыцы фын амыдта Навуходоносоры хицаудзинадмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ дӕр. Уый бӕрӕг у фынӕн йӕхицӕй, стӕй йӕ Данел куыд бамбарын кодта, уымӕй дӕр. (Бакӕсут Данелы 4:17.) a

Бакӕсут Данелы 4:20–26 ӕмӕ стӕй таблицӕмӕ гӕсгӕ ацы фарстатӕн дзуапп ратт:

  • 1) Навуходоносор йӕ фыны цы федта? (20 ӕмӕ 21 стихтӕ)

  • 2) Бӕласыл цы хъуамӕ ’рцыдаид? (23 стих)

  • 3) «Авд рӕстӕджы» куы фӕуыдаиккой, уӕд цы хъуамӕ ’рцыдаид? (26 стих)

Бӕласы тыххӕй фын Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у

ПЕХУЫМПАРАД (Данел 4:20–36)

Паддзахы бартӕ

1) Тынг стыр бӕлас

Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты

2) «Бӕлас акалут» ӕмӕ «авд рӕстӕджы» рацӕуӕд

Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты

3) «Фӕстӕмӕ дӕ паддзахбадӕныл ӕрбаддзынӕ»

Фыццаг хатт сӕххӕст

  • 4) Бӕлас кӕмӕ амыдта? (22 стих)

  • 5) Йӕ паддзахы бартӕ ист кӕд ӕрцыдысты? (Бакӕсут Данелы 4:29–33.)

  • 6) «Авд рӕстӕджы» куы фесты, уӕд Навуходоносор цы баци? (Бакӕсут Данелы 4:34–36.)

ФЫЦЦАГ ХАТТ СӔХХӔСТ

Паддзахы бартӕ

4) Вавилоны паддзах Навуходоносор

Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты

5) Н. э. размӕ 606 азы фӕстӕ Навуходоносорӕн йӕ зонд фӕцыд, ӕмӕ авд азы паддзах нал уыд

Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты

6) Навуходоносорӕн йӕ зонд йӕхимӕ ӕрцыд ӕмӕ та паддзах сси

Дыккаг хатт сӕххӕст

  • 7) Бӕлас кӕмӕ амыдта? (Бакӕсут 1 Азфыстыты 29:23.)

  • 8) Паддзӕхты бартӕ ист кӕд ӕрцыдысты? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд паддзахы бартӕ нырма лӕвӕрд кӕй никӕмӕн ӕрцыдысты? (Бакӕсут Лукайы 21:24.)

  • 9) Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты?

ДЫККАГ ХАТТ СӔХХӔСТ

Паддзахы бартӕ

7) Израилы паддзӕхтӕ, Хуыцауы номӕй адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон

Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты

8) Иерусалим ныппырх кодтой, ӕмӕ Израилы паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕй 2 520 азы паддзах ничи уыд

Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты

9) Йесо уӕлӕрвты сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах

Авд рӕстӕджы цас рӕстӕгмӕ амонынц?

Библийы иуӕй-иу хӕйттӕ нын ӕххуыс кӕнынц иннӕ хӕйттӕ бамбарынӕн. Зӕгъӕм, Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг кӕй сты 1 260 боны (Раргомад 12:6, 14). Авд рӕстӕджы сты дыууӕ хатты фылдӕр, ома 2 520 боны. Библийы дзырд «бон» хатт фӕамоны азмӕ (Йезекил 4:6). Ӕмӕ Данелы чиныджы цы авд рӕстӕджы кой цӕуы, уыдон дӕр сты 2 520 азы.

5. 1914 азӕй дуне фӕивта

Йесо загъта, паддзах куы суа, уӕд дунейы цытӕ цӕудзӕн. Бакӕсут Лукайы 21:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы хабӕрттӕй кӕцытӕ уыныс кӕнӕ кӕцыты тыххӕй фехъуыстай?

Апостол Павел ныффыста, фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый. Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы миниуджытӕй адӕммӕ кӕцытӕ уыныс?

6. Дӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ кӕй уырны?

Бакӕсут Матфейы 24:3, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕй у бӕрӕг?

  • Дӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы архайын?

Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕрфидар ӕмӕ тагъд ӕгас зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзӕн. Уыцы бон у тынг ӕввахс. Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Алчидӕр нӕ цы хъуамӕ араза, «уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны», уый уынгӕйӕ?

Иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнӕн ис ӕмӕ сӕ куыд фервӕзын кӕнӕн ис, уый куы зонис, уӕд куыд бакӕнис?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1914 азы кой афтӕ арӕх цӕмӕн фӕкӕнынц?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библийы пехуымпарадӕй ӕмӕ дунейы уавӕртӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уый нӕ кӕй уырны, уый бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уымӕй.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Данелы чиныджы цы авд рӕстӕджы кой ис, уыдон куы фесты, уӕд цы ’рцыд?

  • Хуыцауы Паддзахад 1914 азы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ цӕмӕн уырны?

  • Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ кӕй уырны, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, историктӕ ӕмӕ ма ӕндӕр чидӕртӕ дӕр цы дзурынц, 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ куыд фӕивтой, уый тыххӕй.

«Уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕфын кӕд райдыдтой?» (2007 азы апрелы «Райхъал ут!», уырыссаг)

Базон, иу нӕлгоймагӕн йӕ цард куыд фӕивта, Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад ис, уый куы базыдта, уӕд.

«Бейсболӕй тынгдӕр ницы уарзтон!» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 3, 2017)

Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, Данелы чиныджы 4 сӕры цы «авд рӕстӕджы» кой цӕуы, уыдон 1914 азы кӕй фесты?

«Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? (2 хай)» (2014 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Кӕс ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг»  фӕстаг дыууӕ статьяйы.