Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 УРОК

Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Ӕмӕ тагъд зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ алцыдӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

1. Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ фарн куыд ӕрхӕсдзӕн?

Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо фыдгӕнӕг адӕмы ӕмӕ хицауӕдты Армагеддоны хӕсты фесафдзӕн (Раргомад 16:14, 16). Уӕд сӕххӕст уыдзысты Библийӕ ацы ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн» (Псалом 37:10). Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Йесо ӕгас зӕххыл дӕр ӕрфидар кӕндзӕн рӕстдзинад ӕмӕ фарн. (Бакӕс Исайы 11:4.)

2. Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы уа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕм иууылдӕр сты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзи уарзынц. Уый уыдзӕн диссаджы цард! Ничиуал рынчын кӕндзӕн, ӕмӕ иууылдӕр ӕнустӕм цӕрдзысты.

3. Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Йесо 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах. Уыцы рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 ӕххуыс кӕндзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Миназы кӕронмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ цӕрдзысты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ. Уый фӕстӕ Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. Уӕд Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн, уӕдмӕ куыд никуы срухс, афтӕ (Матфейы 6:9, 10). Сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ хорз Хицау кӕй у ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл кӕй тыхсы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ фесафдзӕн Хӕйрӕджы, дӕлимонты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны (Раргомад 20:7–10). Хуыцауы Паддзахад цы диссаджы цард сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый.

4. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн зӕххон хицауӕдтӕн

«Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы уымӕн кӕрон скӕндзӕн.

Бакӕсут Данелы 2:44 ӕмӕ 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕххон хицауӕдтӕн ӕмӕ, сӕ фарс чи у, уыдонӕн цы бакӕндзысты?

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, рӕстӕй кӕй архайдзысты, ууыл?

5. Йесо у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах

Зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо бирӕ хорздзинӕдтӕ сараздзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йесо куыд равдыста, кӕй йӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын Хуыцау уымӕн хъарутӕ кӕй радта.

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Дӕлдӕр цы арфӕдзинӕдты кой ис, уыдонӕй тынгдӕр кӕцытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Бакӕсут, цы стихтӕ дзы ис, уыдон, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонай.

ЙЕСО ЗӔХХЫЛ ЦӔРГӔЙӔ...

ЙЕСО УӔЛӔРВТӔЙ...

  • адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (Исай 35:1, 2).

  • адӕмы сӕ низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (Исай 33:24).

6. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн

Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый. Адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йегъовӕ Йесойы руаджы йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.

Бакӕсут Псалом 145:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цы хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыздӕр хицауад нын куы уа, уӕд нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».

  • Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй уӕлдай кӕрон цавӕр зындзинӕдтӕн скӕндзӕн?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Хуыцауы Паддзахад йӕ нысан сӕххӕст кӕндзӕн: ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ дзы цӕрдзысты хорз адӕм. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕнустӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд срухс кӕндзӕн?

  • Хуыцауы Паддзахад Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

  • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Армагеддон цы у, уый.

«Армагеддоны хӕст цы у?» (интернет-статья)

Базон, Йесо Матфейы 24:21 стихы «стыр бӕллӕх» кӕй схуыдта, уыцы рӕстӕг цытӕ цӕудзӕн, уый.

«Что такое великое бедствие?» (интернет-статья)

Фен, бинонтӕн сӕ бон куыд у иумӕ Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын.

«Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ног дуне» (1:50)

Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Бирӕ фарстатӕ мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой», зӕгъгӕ, базондзынӕ, раздӕр хицауады ныхмӕ кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй базыдта, цард цӕй фӕрцы фӕивдзӕн, уый.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)