Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 УРОК

Куыст ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Куыст ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Мыййаг, искуы тыхстӕ, куыст дын кӕй нӕ уыд кӕнӕ дӕм ӕхца кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй? Гӕнӕн ис, адӕймагӕн зын уа цардамӕлттӕ кӕнын дӕр ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр. Ахӕм уавӕры нын баххуыс кӕндзысты, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон.

1. Библийы куысты тыххӕй цы фыст ис?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын нӕ куыст циндзинад хӕсса. Библийы фыст ис, «адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ йӕ фыдӕбоныл цин кӕна» (Екклесиаст 3:22). Йегъовӕ ӕдзух фыдӕбон кӕны. Ӕмӕ йӕ мах дӕр куы фӕзмӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, стӕй нӕхӕдӕг дӕр райгонд уыдзыстӕм.

Кусын хъӕуы. Фӕлӕ нын куыст Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ макуы суа (Иоанны 6:27). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын сӕйрагдӕр куы уа, уӕд нын, цӕрынӕн нӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕтдзӕн.

2. Ӕхцамӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕхца адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны. Фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, ӕрмӕст ӕхцайы фӕрцы амондджын нӕ уыдзыстӕм (Екклесиаст 7:12). Уӕдӕ, Библимӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ӕхцауарзаг ма уӕм, фӕлӕ нын цы ис, уый фагыл нымайӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд нӕхимӕ ӕнамонд нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕдзух фылдӕр цӕмӕдӕрты нӕ бӕлдзыстӕм. Стӕй ӕнӕхъуаджы хӕстӕ нӕ исдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Ӕхцайыл нӕ хъаздзыстӕм. Ӕмӕ нын цыбыр рӕстӕгмӕ ӕнӕ фыдӕбонӕй бирӕ ӕхца бакусынӕй зӕрдӕ куы ӕвӕрой, уӕд-иу не сразы уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый тӕссаг у.

3. Рӕдау кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау, ӕмӕ йӕ мах дӕр фӕзмдзыстӕм, цӕстуарзон куы уӕм ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн куы хай кӕнӕм (1 Тимофеймӕ 6:18). Уый нӕ бон куыд у аразын? Нӕ бон у не ’хцайӕ ӕххуыс кӕнын ӕмбырдӕн, стӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн, уӕлдайдӕр та не ’мчырыстӕттӕн. Йегъовӕйӕн ахсджиагдӕр у, цы зӕрдӕйӕ дӕттӕм, уый, цас дӕттӕм, уый нӕ, фӕлӕ. Рӕдау куы уӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:35.)

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цы пайда у куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ нын цы ис, уый фагыл нымайын.

4. Йегъовӕйы кадджын кӕн, куыд кусыс, уымӕй

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый хъуамӕ ӕндава, куыстмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд, Джейсон йӕ куыстмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ, куысты йӕхи куыд дардта, уымӕй?

  • Цы арӕзта, цӕмӕй йын куыст йӕхи бынаты уыдаид?

Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:23, 24 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Нӕ куыст зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

Кусын хъӕуы. Фӕлӕ нын куыст Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ макуы суа

5. Цы нын ис, уый фагыл нымайын нӕхи пайдайӕн у

Бирӕтӕ архайынц бирӕ ӕхца бакусыныл. Цымӕ Библи та цы зӕгъы? Бакӕсут 1 Тимофеймӕ 6:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Библийы цавӕр уынаффӕ ис?

Бирӕ ӕхца нӕм куы нӕ уа, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ амондджын уӕм. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Кӕд ацы бинонтӕ хъӕздыг не сты, уӕддӕр амондджын цӕмӕн сты?

Фӕлӕ, зӕгъӕм, хъуаг ницӕмӕй ӕййафӕм, фӕлӕ нӕ уӕддӕр фылдӕр цыдӕртӕ хъӕуы. Уый тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй Йесо радзырдта иу хабар. Бакӕсут Лукайы 12:15–21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесо цы хабар радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (15 стих)

Бакӕсут ӕмӕ абарут Ӕмбисӕндтӕ 10:22 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 6:10. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Дӕумӕ гӕсгӕ ахсджиагдӕр цы у: Йегъовӕ дӕ хӕлар уа ӕви дӕм бирӕ ӕхца уа? Цӕмӕн?

  • Адӕймаг ӕхцайӕ ’фсис куы нӕ фӕзоны, уӕд уый цавӕр бӕллӕхтӕм ӕркӕны?

6. Йегъовӕ нын алкӕддӕр дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый

Адӕймагӕн куыст куы нӕ вӕййы кӕнӕ ӕхцахъуаг куы вӕййы, уӕд рабӕрӕг вӕййы, йӕ ныфс Йегъовӕйыл дары ӕви нӕ. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, ахӕм уавӕрты цы ис саразӕн. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ӕфсымӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

  • Цы йын баххуыс кодта уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн?

Бакӕсут Матфейы 6:25–34 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, фыццаг бынаты йӕ чи ӕвӕры, уыдонӕн?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Мӕ бинонтӕ фӕдарыны тыххӕй мӕ бирӕ кусын хъӕуы. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырдтӕм алы къуыри мӕ бон цӕуын нӕу».

  • Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты ӕвӕрын ӕппӕты растдӕр кӕй у, уый бамбарынӕн дын цавӕр стих баххуыс кодта?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Куыст дӕр ӕмӕ ӕхца дӕр хъӕуынц, фӕлӕ дӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма хъыгдарой.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

  • Цы дын ис, уый фагыл куы нымайай, уӕд дын уый цы пайда хӕсдзӕн?

  • Дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый дӕ кӕй уырны?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Библимӕ гӕсгӕ, ӕхца ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у? Уый базондзынӕ ацы статьяйӕ.

«Ӕхца фыдбылызы хос у?» (интернет-статья)

Базон, нӕ бон куыд у не ’хцайӕ афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

«Библи дӕттыны тыххӕй цы дзуры?» (интернет-статья)

Базон, ӕхцайыл чи хъазыд ӕмӕ давгӕ чи кодта, ахӕм нӕлгоймаджы йӕ цард аивын цӕмӕн бафӕндыд.

«Бӕхты дугътӕй фылдӕр ницы уарзтон» (2011 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)