Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

39 УРОК

Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Ӕнӕ тугӕй нӕ бон цӕрын нӕу. Хуыцау не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын бар ис, цӕмӕй нын дзура, тугмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Хуыцау туджы тыххӕй цы загъта? Хӕрӕн кӕнӕ йӕ буары уадзӕн ис? Дӕ бон куыд у туджы фӕдыл раст уынаффӕтӕ рахӕссын?

1. Йегъовӕ тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Йегъовӕ раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис сӕ туджы» (Левит 17:14). Йегъовӕйы цӕсты туг у цард. Цард у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ у табуйаг. Уымӕ гӕсгӕ туг дӕр у табуйаг.

2. Хуыцау туджы тыххӕй цы загъта?

Доны хъаймӕты фӕстӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой. Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст радта рагон израилӕгтӕн дӕр. (Бакӕс Райдиан 9:4 ӕмӕ Левит 17:10.) Йегъовӕ туджы тыххӕй фӕдзӕхст нӕ аивта, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд дӕр. Уый бӕрӕг у, разамонӕг совет фыццаг чырыстӕттӕм цы ныффыста, уымӕй: «Уӕхи хизут... тугӕй». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29.)

Цы нысан кӕны, уӕхи хизут тугӕй, зӕгъгӕ? Зӕгъӕм, дохтыр дын куы зӕгъид, цӕмӕй нозтӕй дӕхи хизай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ нуазис. Фӕлӕ, нозт кӕм ис, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрис кӕнӕ нозт дӕ тугдадзины бауадзис? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Уӕдӕ Хуыцауы фӕдзӕхст, уӕхи хизут тугӕй, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ туг ма нуазӕм. Стӕй хъуамӕ ма хӕрӕм, йӕ туг кӕмӕн нӕ рауагътой, ахӕм дзидза ӕмӕ, туг кӕмӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм хӕринӕгтӕ.

Цы зӕгъӕн ис тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕй, кӕнӕ процедурӕтӕй, та? Уыдонӕй иуӕй-иутӕ, зӕгъӕм, туг ӕмӕ туджы сӕйраг хӕйттӕй искӕцы бауадзын, Хуыцауы закъон халынц. Туджы сӕйраг хӕйттӕ сты: эритроциттӕ, лейкоциттӕ, тромбоциттӕ ӕмӕ плазмӕ. Иннӕты тыххӕй та бӕлвырд зӕгъӕн нӕй, Хуыцауы закъон халынц ӕви нӕ. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хосгӕнӕн мадзӕлтты фӕпайда кӕнынц туджы сӕйраг хӕйтты фракцитӕй кӕнӕ адӕймагӕн йӕхи тугӕй. Махӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ, йӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый фӕдыл (Галатӕгтӕм 6:5) a.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ.

3. Дӕхи дзӕбӕх кӕныны фӕдыл хӕсс, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ

Дӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзынӕ, уый фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, ахсджиаг цӕмӕн у, дӕлдӕр цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын.

  • Хуыцауӕй зонд кур (Иаковы 1:5).

  • Раиртас Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайӕн ис, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 13:16).

  • Базон, кӕм цӕрыс, уым цавӕр хосгӕнӕн мадзӕлттӕ ис.

  • Аскъуыддзаг кӕн, цавӕр мадзӕлттыл не сразы уыдзынӕ.

  • Ахъуыды кӕн: «Цы уынаффӕ рахӕссын фӕнд кӕнын, уый тыххӕй мӕ мӕ цӕсгом нӕ хӕрдзӕн?» (Хъуыддӕгтӕ 24:16) b.

  • Дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг йе ’фсарммӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг кӕй фескъуыддзаг кӕны, уыцы хъуыддӕгты дӕ бӕсты хъуамӕ уынаффӕ мачи хӕсса – нӕдӕр дӕ цардӕмбал, нӕдӕр хистӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый (Ромӕгтӕм 14:12).

  • Дӕ уынаффӕ ныффысс.

4. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ агурынц ӕппӕты хуыздӕр хосгӕнӕн мадзӕлттӕ

Нӕ бон у, Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлтты фӕрцы нӕхи дзӕбӕх кӕнын. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Бакӕсут Титмӕ 3:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дохтыртимӕ алкӕддӕр уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

Нӕй уадзӕн

Чырыстон йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны

1) Плазмӕ

Плазмӕйы фракцитӕ

2) Лейкоциттӕ

Лейкоцитты фракцитӕ

3) Тромбоциттӕ

Тромбоцитты фракцитӕ

4) Эритроциттӕ

Эритроцитты фракцитӕ

 5. Туджы фракцитӕй хос кӕнынимӕ баст уынаффӕтӕ

Туг конд у цыппар сӕйраг хайӕ: эритроциттӕй, лейкоциттӕй, тромбоциттӕй ӕмӕ плазмӕйӕ. Уыцы сӕйраг хӕйттӕ конд сты бирӕ гыццыл хӕйттӕй. Хонынц сӕ туджы фракцитӕ c. Уыцы фракцитӕй иуӕй-иутӕ ӕфтауынц, низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн кӕнӕ туджы цыд ӕрлӕууын кӕнынӕн кӕмӕй пайда кӕнынц, ахӕм хостӕм.

Дзырд туджы фракцитыл куы цӕуа, уӕд алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕсса уынаффӕ, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ. Иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц, туджы фракцитӕй кӕй нӕ хос кӕндзысты. Иннӕтӕн та се ’фсарм уымӕн бар дӕтты.

Уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу ацы фарстайыл ахъуыды кӕн:

  • Дохтырӕн куыд бамбарын кӕнин, туджы фракцитӕй хос кӕныныл разы цӕмӕн дӕн кӕнӕ цӕуылнӕ дӕн?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Адӕймаджы цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд туг бауадзӕн цӕуылнӕ ис?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй туг табуйагыл нымайӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йегъовӕйы цӕсты туг табуйаг цӕмӕн у?

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы фӕдзӕхст, уӕхи хизут тугӕй, зӕгъгӕ, туг бауадзынмӕ дӕр кӕй хауы?

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн тугӕй хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл хорз уынаффӕ рахӕссынӕн?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Дӕхи тугӕй хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?

«Кӕсджыты фарстатӕ» (2000 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

Туджы фракциты фӕдыл уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?

«Кӕсджыты фарстатӕ» (2004 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

Иу дохтыры цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта, Йегъовӕ туджы тыххӕй цы загъта, уый раст кӕй у?

«Тугмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын райдыдтон» (2003 азы 8 декабры «Райхъал ут!», уырыссаг)

Базон, рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты чи лӕггад кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц.

«Йегъовӕ, рынчын чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны» (10:23)

a Кӕс 35 урок «Нӕ бон куыд у раст уынаффӕтӕ хӕссын?».

b Кӕс  5-ӕм дӕлсӕргонд «Туджы фракцитӕй хос кӕнынимӕ баст уынаффӕтӕ» ӕмӕ 3-аг уӕлӕмхасӕн «Тугимӕ баст процедурӕтӕ».

c Иуӕй-иу дохтыртӕ туджы цыппар сӕйраг хайы нымайынц туджы фракцитыл. Уымӕ гӕсгӕ дӕ, чи зоны, дохтырӕн бамбарын кӕнын хъӕуа, разы кӕй нӕ дӕ нӕдӕр туг ӕмӕ нӕдӕр эритроциттӕ, лейкоциттӕ, тромбоциттӕ кӕнӕ плазмӕ бауадзыныл.