Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 УРОК

Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?

Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мад йӕ гыццыл лӕппуйы скъоламӕ куыд цӕттӕ кӕны, уый. Кӕсы, йӕхи ныхсадта ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ аив ӕмӕ сыгъдӕг сты ӕви нӕ. Сыгъдӕг куы уа, уӕд уый пайда уыдзӕн йе ’нӕниздзинадӕн. Стӕй ма уӕд иннӕтӕ уындзысты, йӕ ныййарджытӕ йӕм кӕй зилынц. Афтӕ нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг уӕм, стӕй цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ, нӕ ныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сыгъдӕг уой. Уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн, стӕй Йегъовӕйӕн дӕр кад хӕсдзыстӕм.

1. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ буар дӕр ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ дӕр сыгъдӕг уой?

Йегъовӕ нын дзуры: «Ут сыгъдӕг» (1 Петры 1:16). Уымӕ цы хауы? Хъуамӕ сыгъдӕг уой нӕ хъуыдытӕ, нӕ ныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ, стӕй нӕ буар ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ. Цӕмӕй ӕнӕуи сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи арӕх найӕм. Стӕй хъуамӕ нӕ дзаумӕттӕ, нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ машинӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайдӕй дарӕм. Нӕ бон ма у Паддзахады зал ӕфснайынӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Нӕхи сыгъдӕг куы дарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм (2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4).

2. Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм?

Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, нӕ буарӕн нын зиан цы ’рхӕсдзӕн кӕнӕ нын нӕ зондахастыл ӕвзӕрырдӕм цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой (Псалом 19:14). Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй сурӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ дзыхыныхас сыгъдӕг уа. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:8.)

Адӕймаг ма ноджыдӕр сыгъдӕг цӕй тыххӕй нал вӕййы? Адӕймагӕн йӕ буар фӕчъизи вӕййы, зӕгъӕм, тамакойӕ, бетель кӕнӕ кокӕйы сыфтӕ ӕууилынӕй, наркотиктӕй ӕмӕ, йӕхи кӕмӕй нал фембары, ахӕм хостӕй (кӕд ын сӕ дохтыртӕ нӕ рафыстой, уӕд). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыдӕттӕй нӕхи хизӕм. Уӕд ӕнӕниздӕр уыдзыстӕм ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм хӕрзӕгъдау цард кӕныныл. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм чъизи хъуыддӕгтӕй – мастурбацийӕ ӕмӕ порнографимӕ кӕсынӕй (Псалом 119:37; Ефесӕгтӕм 5:5). Чи зоны нын уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон ма уа. Фӕлӕ нын Йегъовӕйы фӕрцы уый рауайдзӕн. (Бакӕс Исайы 41:13.)

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, сыгъдӕг куы уӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн кад куыд хӕсдзӕн. Стӕй ма базон, адӕймагӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн цы баххуыс кӕндзӕн.

3. Нӕ буар ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ сыгъдӕг куы уой, уӕд уый Йегъовӕйӕн кад хӕсдзӕн

Йегъовӕ сыгъдӕгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бӕрӕг у, рагон израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй. Бакӕсут Рацыд 19:10 ӕмӕ 30:17–19 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы стихтӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ сыгъдӕгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?

  • Ӕдзух цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй сыгъдӕг уай?

Цӕмӕй нӕ буар ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ сыгъдӕг уой, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ нӕ бон у нӕхи сыгъдӕг дарын, кӕмфӕнды ма цӕрӕм, стӕй хъӕздыг уӕм ӕви мӕгуыр, уӕддӕр. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Цы нӕм ис, уыдӕттӕ сыгъдӕг ӕмӕ аив куы уой, уӕд, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон Йегъовӕйӕн тынгдӕр цӕмӕн аргъ кӕндзысты?

4. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадз

Йегъовӕйы фӕрцы цыфӕнды ӕвзӕр ахуыр дӕр ныууадздзыстӕм

Кӕд тамако дымыс кӕнӕ наркотиктӕ кӕныс, уӕд зондзынӕ, уыдӕттӕ ныууадзын куыд зын у. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныууадзай? Аныхас кӕнӕм, уыдӕттӕ адӕймагыл куыд ӕндавынц, ууыл. Бакӕсут Матфейы 22:37–39 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, тамако ӕмӕ наркотиктӕ куыд фӕзынынц...

  • адӕймагӕн Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл.

  • адӕймагӕн йӕ бинонтыл ӕмӕ иннӕтыл.

Ныффысс, цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй де ’взӕр ахуыр ныууадзай a. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адӕймаг ӕдзух куы кува, Библи куы иртаса ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн йе ’взӕр ахуыр ныууадзынӕн?

5. Тох кӕн чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтимӕ

Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, порнографи, секстинг ӕмӕ мастурбаци Йегъовӕйы цӕсты чъизи хъуыддӕгтӕ кӕй сты?

  • Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ сыгъдӕг уой? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Базон, куыд ис чъизи хъуыдытимӕ тох кӕнӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фӕндфидарӕй кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм. Бакӕсут Матфейы 5:29, 30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕхи фӕсахъат кӕна. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ цыдӕр аразӕм. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй чъизи хъуыдытӕй нӕхи хизӕм? b

Кӕд чъизи хъуыдытимӕ тох кӕныс, уӕд Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Бакӕсут Псалом 103:13, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Кӕд цавӕрдӕр чъизи хъуыддаг ныууадзыныл архайыс, уӕд дын ацы стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ къухтӕ ма ’руадзай?

Дӕ къухтӕ ма ӕруадз!

«Мӕхиуыл та нӕ фӕхӕцыдтӕн. Ницы мын рауайдзӕн». Афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцондӕр у. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: марафоны згъорӕг куы фӕкӕлы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ кӕронмӕ нӕ азгъордзӕн. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕ вӕййы, ӕмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ аздӕха ӕмӕ та райдианӕй згъорын райдайа. Афтӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон дӕхиуыл фӕхӕцын куы нӕ бауа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ де ’взӕр ахуыр никуы ныууадздзынӕ кӕнӕ дын ныридӕгӕн цы бантыст, уыдӕттӕ дон йӕ бынмӕ аласта. Хатт дын дӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ рауайы, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз! Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн де ’взӕр ахуыр ныууадзын.

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Уыцы хъуыддаг ныууадзын мӕ бон нӕу».

  • Ахӕм адӕймагӕн цавӕр стихы фӕрцы бамбарын кӕнис, Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бон кӕй бауыдзӕн йе ’взӕр ахуыр ныууадзын?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, нӕ буар, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг куы уой, уӕд.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм?

  • Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ буар дӕр ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ дӕр сыгъдӕг уой?

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг уой?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, дӕ бон цавӕр хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ у аразын, цӕмӕй сыгъдӕг уай, кӕд мӕгуыр цӕрыс, уӕддӕр.

«Ӕнӕниздзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинад. Уӕ къухтӕ ӕхсут» (3:01)

Базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй тамако ныууадзай.

«Тамако куыд ныууадзӕн ис» (2010 азы майы «Райхъал ут!», уырыссаг)

Базон, иу нӕлгоймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй порнографимӕ мауал кастаид.

«Бирӕ хӕттыты фӕкалдтӕн, фӕлӕ уӕддӕр слӕууыдтӕн» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 4, 2016)

a Ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг» ис журнал «Тамако куыд ныууадзӕн ис» (уырыссаг). Уыцы журналӕй базондзынӕ, адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ тамако ныууадза.

b Мастурбаци куыд ныууадзӕн ис, уый тыххӕй кӕс «Мӕ бон куыд у мастурбаци ныууадзын?» чиныджы «Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ», 1 том, 25 сӕр (уырыссаг).