Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 УРОК

Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй дзурын бирӕтӕ ӕфсӕрмы кӕнынц. Библи уый тыххӕй дзуры ӕргом, фӕлӕ уӕзданӕй. Цы фыст дзы ис, уый нын пайда у, уымӕн ӕмӕ Библи ныффыссын кодта Йегъовӕ – не Сфӕлдисӕг. Ӕмӕ йӕ уый зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Йегъовӕ нын дзуры, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм.

1. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Уый у Йегъовӕйы лӕвар. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕвар циндзинад хӕсса, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, ахӕм нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн. Лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕрцы сын цот рацӕуы. Стӕй ма афтӕмӕй кӕрӕдзийыл фӕузӕлынц ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый. Хуыцауы Ныхасы дӕр афтӕ уый тыххӕй ис фыст: «Цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕ цардӕмбӕлттыл ӕнувыд уой ӕмӕ сыл гадзрахатӕй ма цӕуой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:4.)

2. Цы у хӕтындзинад?

Библийы фыст ис: «Хӕтаг адӕм... Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Библийы фысджытӕй грекъаг ӕвзагыл чи фыста, уыдон хӕтындзинады тыххӕй куы фыстой, уӕд пайда кодтой дзырдӕй порне́йа. Уымӕ хауы: 1) лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм адӕм ӕмуат куы ’рцӕуынц a, 2) гомосексуализм ӕмӕ 3) фосимӕ схуыссын. Нӕхи хӕтындзинадӕй куы хизӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, стӕй уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, дӕ бон куыд у дӕхи хӕтындзинадӕй хизын ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнын цы пайда хӕссы.

3. Хӕтындзинадӕй дард лидз

Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иосиф «нӕ» загъта, йемӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй фӕндыд, уыцы сылгоймагӕн. Бакӕсут Райдиан 39:1–12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Иосиф уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл цӕуылнӕ сразы? (9 стих)

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Иосиф раст бакодта? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

Нӕ рӕстӕджы ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Иосифы фӕзмын ӕмӕ хӕтындзинадӕй дард лидзын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи хӕтындзинадӕй хизӕм. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Адӕймаг ӕнӕгъдау ми, гӕнӕн ис, цавӕр уавӕрты бакӕна?

  • Дӕ бон куыд у хӕтындзинадӕй дард лидзын?

4. Дӕ бон у фидар фӕлӕууын

Адӕймагӕн, гӕнӕн ис, зын цӕмӕн уа йӕхи ӕнӕгъдау хъуыддаг саразынӕй бахизын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Иу ӕфсымӕр бамбӕрста, цӕуыл хъуыды кодта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ йӕ усыл гадзрахатӕй рацыдаид. Уый куы бамбӕрста, уӕд цы сарӕзта?

Хуыцауыл иузӕрдион чи у, суанг уыцы чырыстӕтты дӕр хатт фӕхъӕуы ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕнай? Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

  • Библи куы кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддаг ма бакӕнӕм?

5. Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн сты

Йегъовӕ зоны, хуыздӕр нын цы у, уый. Ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, куыд ис хӕрзӕгъдау цард кӕнӕн ӕмӕ уый цы пайда хӕссы. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 7:7–27 кӕнӕ бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ӕрыгон лӕппу йӕхи тӕссаг уавӕры куыд баппӕрста? (Ӕмбисӕндтӕ 7:8, 9)

  • Ӕмбисӕндты 7:23, 26 цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, хӕтындзинад стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны. Хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд нӕхи цавӕр бӕллӕхтӕй бахиздзыстӕм?

  • Хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы гомосексуализмы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕгӕр карз у ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт дӕр амондджынӕй цӕрой ӕнустӕм. Уый тыххӕй та йын хъуамӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хуыцау афтӕ зӕгъы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр гомосексуалон фӕндтимӕ хъӕуы тох кӕнын?

Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы йӕ царды цыдӕртӕ фӕивын. Цымӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у? Бакӕсут Псалом 19:8, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон зынӕххӕстгӕнӕн сты? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Йегъовӕ бирӕтӕн баххуыс кодта, хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн. Дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийы куы уарзой ӕмӕ ӕмуат куы ’рцӕуой, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Ӕмуат ӕрцӕуын у Йегъовӕйы лӕвар, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, ахӕм нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хӕтындзинадмӕ цы хауы?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕтындзинадӕй дард лидзӕм?

  • Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй-иу нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кӕной.

«Библи цы зӕгъы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, сӕ къухтӕ куы не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ куы фӕцӕрынц, уый тыххӕй?» (интернет-статья)

Базон, кӕд Библи гомосексуализмы ныхмӕ у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ гомосексуалисттӕй хъуамӕ не сӕфт уынӕм.

«Гомосексуализм ӕвзӕр у?» (интернет-статья, уырыссаг)

Базон, Хуыцау ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕ куыд хъахъхъӕнынц.

«Оралон секс дӕр сексыл нымад у?» (интернет-статья, уырыссаг)

Бакӕс, гомосексуалист чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы царды хабар, «Уыдон мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кастысты», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, цӕмӕн ӕй бафӕндыд йӕ цард фӕивын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2011 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕй уӕлдай ма порне́йа-мӕ хауы, зӕгъӕм, оральный ӕмӕ анальный секс кӕй хонынц, уый ӕмӕ искӕй ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналын.