Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 УРОК

Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Йесо загъта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы дунейӕ ма уой (Иоанны 15:19). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, ома политикӕйы ӕмӕ хӕстыты никӕй фарс вӕййӕм. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый тыххӕй ныл, чи зоны, иннӕтӕ худгӕ дӕр кӕной. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм?

1. Ӕцӕг чырыстӕттӕ зӕххон хицауӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

Чырыстӕттӕ хицӕутты нымайынц. Мах Чырыстимӕ хъусӕм, ӕмӕ, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттӕм», ома нӕ бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъӕм, хъалонтӕ фидӕм (Марчы 12:17). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕххон хицӕуттӕм цы бартӕ ис, уыдон сын Йегъовӕйӕ лӕвӕрд сты (Ромӕгтӕм 13:1). Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, зӕххон хицӕуттӕн сӕ бартӕ ӕгӕрон кӕй не сты. Мах зонӕм, адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй нӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзысты.

2. Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

Йесойау мах дӕр политикӕйы нӕ архайӕм. Иухатт Йесо диссаг куы сарӕзта, уӕд ӕй адӕм хъавыдысты паддзахӕй сӕвӕрынмӕ. Фӕлӕ Йесо йӕхи дард айста (Иоанны 6:15). Цӕмӕн, уый бамбарӕн ис, фӕстӕдӕр цы загъта уымӕй: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, зӕгъӕм, хӕстмӕ нӕ цӕуӕм. (Бакӕс Михейы 4:3.) Бӕстӕйы символтӕн (зӕгъӕм, тырысайӕн) аргъ кӕнӕм, фӕлӕ сын табу нӕ кӕнӕм (1 Иоанны 5:21). Стӕй иу партийӕн дӕр ӕмӕ иу кандидатӕн дӕр нӕдӕр йӕ фарс стӕм, нӕдӕр йӕ ныхмӕ. Ацы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй мах ӕвдисӕм, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хицауадыл, ома йӕ Паддзахадыл, кӕй стӕм иузӕрдион.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цавӕр уавӕрты вӕййы зын, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын. Стӕй ма базон, дӕ бон куыд у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын.

3. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

Йесо ӕмӕ нын йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сты фӕзминаг. Бакӕсут Ромӕгтӕм 13:1, 5–7 ӕмӕ 1 Петры 2:13, 14. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Зӕххон хицӕутты цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

  • Сӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг?

Хӕсты рӕстӕджы иуӕй-иу бӕстӕты хицауӕдтӕ фӕдзурынц, сӕ бӕстӕ хӕсты кӕй нӕ архайы. Афтӕмӕй та, чи фӕхӕцы, уыцы бӕстӕтӕн феххуыс кӕнынц. Ахӕм уавӕры ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Бакӕсут Иоанны 17:16. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм?

Хицӕуттӕ нын, Хуыцауы закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм исты куы аразын кӕной, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:28, 29. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Адӕмы закъон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы уа, уӕд дзы кӕй закъон хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?

  • Чырыстон цавӕр уавӕрты нӕ байхъусдзӕн хицӕуттӕм?

4. Нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ

Бакӕсут 1 Иоанны 5:21. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Аенге партимӕ цӕуылнӕ бацыд ӕмӕ, бӕстӕйы кад чи бӕрзонд кӕны, ахӕм хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайдта, зӕгъӕм, тырысайӕн цӕуылнӕ табу кодта?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, раст кодта?

Цавӕр уавӕрты ма нын вӕййы зын нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Алыхуызон бӕстӕтӕ кӕм фӕархайынц, ахӕм спортивон хъӕзтытӕм кӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у ӕвдисын, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый?

  • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, кӕд, политиктӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон махыл дӕр бандавынц, уӕддӕр?

  • Политикӕйы тыххӕй ног хабӕрттӕм куы хъусӕм кӕнӕ, политикӕйы тыххӕй дзурын чи уарзы, ахӕм адӕмимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд бандавдзӕн?

Чырыстӕттӕ ацы дунейӕ кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ цавӕр хъуыддӕгты нӕ архайынц?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Иу партийы фарс дӕр цӕуылнӕ дӕ?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй суанг сӕ хъуыдыты дӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгты макӕй фарс уой. Ӕмӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый бӕрӕг у сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Зӕххон хицауӕдтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

  • Политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

  • Цавӕр уавӕрты вӕййы зын ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Цӕмӕй политикӕйы хъуыддӕгты ма архайӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, цы бахъӕуа саразын?

«Йегъовӕ нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта» (3:15)

Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайой?

«Ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр» (4:25)

Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕрыл тох кӕнын ӕппӕты стырдӕр кад у?

«Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (5:19)

Базон, куысты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон куыд у йӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизын.

«Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (2006 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)