Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 УРОК

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтай. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ царды цыдӕртӕ фӕивтай, цӕмӕй, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрай. Фӕлӕ дӕ, чи зоны, цыдӕр къуылымпы кӕны, ӕмӕ уый тыххӕй дӕхи Йегъовӕйӕн нӕма снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд нӕма райстай. Ацы урокӕй базондзынӕ, иуӕй-иуты донаргъуыд райсын цы фӕкъуылымпы кӕны ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыдӕттӕ дӕуӕн дӕр къуылымпыйы хос ма суой.

1. Цас хъуамӕ зонай, цӕмӕй донаргъуыд райсай?

Цӕмӕй донаргъуыд райсай, уый тыххӕй хъуамӕ, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонай» (1 Тимофеймӕ 2:4). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕм Библийӕ цыфӕнды фарста ма раттой – хъуамӕ йын дзуапп зонай. Донаргъуыд бирӕ азты размӕ чи райста, суанг уыцы чырыстӕттӕ дӕр нырмӕ дӕр ахуыр кӕнынц ӕмӕ Библийӕ ног цыдӕртӕ базонынц (Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Фӕлӕ дӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, фаг зонындзинӕдтӕ дӕм ис ӕви нӕ.

2. Донаргъуыд райсыны размӕ дӕ цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы саразын?

Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнай ӕмӕ дӕ цард аивай. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19.) Ома, раздӕр цы тӕригъӕдтӕ арӕзтай, уыдоныл хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнай ӕмӕ Йегъовӕйӕ хатыр ракурай. Стӕй хъуамӕ архайай, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй мацы аразай ӕмӕ йын дӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕмбырды хъуыддӕгты архайай. Уымӕ хауы ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кӕнын.

3. Донаргъуыд райсынӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Иуӕй-иутӕ фӕтӕрсынц, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый куы нӕ сӕххӕст кӕной. Ӕнӕрӕдигӕ ничи у, ӕмӕ-иу ды дӕр хатт фӕрӕдидзынӕ. Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кой ис, суанг-иу уыдон дӕр рӕдыдтытӕ ӕруагътой. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уой. (Бакӕс Псалом 103:13, 14.) Дӕ бон цы у, уый куы аразай, уӕд дӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ дын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕ нын зӕгъы, «цы уарзондзинад [нӕм] равдыста», уымӕй нӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:38, 39.)

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонай ӕмӕ йыл дӕ ныфс куы дарай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, донаргъуыд райсын дӕ чи къуылымпы кӕны, уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн.

4. Йегъовӕйы хуыздӕр базон

Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ Йегъовӕйы тыххӕй цас хъуамӕ базонай? Хъуамӕ йӕ афтӕ базонай, цӕмӕй йӕ бауарзай ӕмӕ дӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнда. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ, ӕмӕ фен, алы бӕстӕты чи цӕры, уыдонӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Иуӕй-иутӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта?

Бакӕсут Ромӕгтӕм 12:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Мыййаг, Библийы ахуырӕдтӕй искӕцыйыл кӕнӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рӕстдзинад кӕй амонынц, ууыл дызӕрдыг кӕныс?

  • Кӕд о, уӕд дӕ бон цы у саразын?

5. Донаргъуыд райсын дӕ мацы бакъуылымпы кӕнӕд

Йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй бафӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Уый бӕрӕг у иу сылгоймаджы хабарӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ацы сылгоймаджы цавӕр цӕлхдурты сӕрты хъуыди ахизын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид?

  • Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый йын уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн куыд баххуыс кодта?

Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 29:25 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 1:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ-иу цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр ахизӕм?

6. Дӕ ныфс Йегъовӕйы ӕххуысыл дар

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг донаргъуыд райсыныл фӕстӕ цӕмӕн кодта?

  • Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаид?

Бакӕсут Исайы 41:10, 13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Фидарӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, дӕ бон кӕй уыдзӕн дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын?

7. Архай, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзондзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕнай

Йегъовӕ дӕ куыд тынг уарзы, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнай, уыйас дзы тынгдӕр бузныг уыдзынӕ ӕмӕ дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнай. Бакӕсут Псалом 40:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕцытӕн аргъ кӕныс?

Пехуымпар Йереми тынг уарзта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Ныхас ӕмӕ йын кӕй лӕггад кодта, уый йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Йереми загъта: «Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (Йереми 15:16). Дзуапп ратт ацы фарстатӕн:

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, уый стыр кад цӕмӕн у?

  • Фӕнды дӕ, цӕмӕй донаргъуыд райсай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай?

  • Донаргъуыд райсын дӕ исты къуылымпы кӕны?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ дӕ цы саразын хъӕуы, цӕмӕй донаргъуыд райсай?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Тӕрсын, донаргъуыд куы райсон, уӕд мӕ бон Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын куы нӕ бауа».

  • Мыййаг, ды дӕр уымӕй тӕрсыс?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, донаргъуыд райсын дӕ цы къуылымпы кӕны, уыдӕтты сӕрты ахизынӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийӕ цас хъуамӕ зонай, цӕмӕй донаргъуыд райсай?

  • Донаргъуыд райсыны размӕ дӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ хъӕуы скӕнын?

  • Донаргъуыд райсынӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, донаргъуыд райсын дӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда.

«Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?» (2020 азы мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, дӕ бон куыд у, донаргъуыд райсын дӕ чи хъыгдары, уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизын.

«Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (2019 азы мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, иу нӕлгоймаг цавӕр цӕлхдурты сӕрты ахызт, цӕмӕй донаргъуыд райстаид.

«Донаргъуыд райсын дӕ цы хъыгдары?» (1:10)

Иу нӕлгоймаджы райдианы донаргъуыд райсын нӕ фӕндыд. Базон, уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразынӕн ын цы баххуыс кодта.

«Ӕцӕгдӕр уый аккаг дӕн?» (7:22)