Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 УРОК

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (2 хай)

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? (2 хай)

Сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ уыцы лӕвармӕ хорз зилой. Уый тыххӕй сын Йегъовӕ хорз уынаффӕтӕ дӕтты. Стӕй сывӕллӕттӕн дӕр дзуры, цы аразын сӕ хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой.

1. Йегъовӕ ныййарджытӕн цавӕр уынаффӕ радта?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уарзой ӕмӕ семӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр рӕстӕг ӕрвитой. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты, зиан сын цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй хъахъхъӕной ӕмӕ сӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Йегъовӕ ныййарджытӕн дзуры: «Уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:4.) Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййы, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты йӕ разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕхъомыл кӕнынц ӕмӕ уыцы хӕс ӕндӕр искӕуыл куы нӕ февӕрынц.

2. Йегъовӕ сывӕллӕттӕн цавӕр уынаффӕ радта?

Йегъовӕ сывӕллӕттӕн дзуры: «Уӕ ныййарджытӕм хъусут». (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:20.) Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куы фӕнымайынц ӕмӕ сӕ коммӕ куы фӕкӕсынц, уӕд Йегъовӕ дӕр ӕмӕ ныййарджытӕ дӕр фӕцин кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 23:22–25). Йесо сывӕллӕттӕн фӕзминаг у. Кӕд йӕхӕдӕг ӕххӕст уыди, йӕ ныййарджытӕ та – ӕнӕххӕст, уӕддӕр сӕ коммӕ каст ӕмӕ сӕ нымадта (Лукайы 2:51, 52).

3. Уӕ бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнат?

Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд дӕ куыннӕ фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы дӕуау уарзой. Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн, Библийы цы уынаффӕ ис, уый: «[Йегъовӕйы ныхӕстӕ] арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай» (Дыккаг закъон 6:7). Ам «арф нывӕр»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны иу цыдӕр арӕх дзурын. Арӕхдӕр, цӕмӕй сывӕллон цыдӕр бахъуыды кӕна, уый тыххӕй йын ӕй цалдӕр хатты фӕхъӕуы зӕгъын. Ацы стих ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ дӕ сывӕллӕттӕн ӕдзух Йегъовӕйы тыххӕй дзурай. Алы къуыри дӕр-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнут бинонты ахуырӕн, ома-иу Библи иумӕ ахуыр кӕнут. Кӕд дын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕддӕр дын пайда уыдзӕн, алы къуыри дӕр-иу Хуыцауы Ныхас иртасынӕн рӕстӕг куы ссарай.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, бинонтӕн цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ сӕхи ӕдас хатой.

4. Уӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнут, цӕмӕй ӕмбарой, кӕй сӕ уарзут

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу. Уыцы хъуыддаджы дын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн? Бакӕсут Иаковы 1:19, 20 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕ бон куыд у ӕвдисын, кӕй сӕ уарзынц, уый?

  • Раст цӕуылнӕ у, цӕмӕй ныййарӕг йӕ сывӕллонӕн зонд мӕстыйӕ амона? a

5. Уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнут

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнат, уый тыххӕй-иу семӕ ныхас кӕнут, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл. Кӕд ууыл дзурын ӕфсӕрмы кӕнут, уӕддӕр уый тынг ахсджиаг у. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Иуӕй-иу ныййарджытӕн зын цӕмӕн вӕййы сӕ сывӕллӕттимӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл ныхас кӕнын?

  • Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл куыд аныхас кӕнынц?

Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Хӕйрӕджы дуне фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзӕн. Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:1, 13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • 13 стихы цы ’взӕр адӕмы кой ис, уыдонмӕ хауынц, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ’взӕр митӕ чи фӕкӕны, уыдон дӕр. Уӕдӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй дзурой ӕмӕ, сывӕллӕттӕн ӕвзӕр митӕ чи фӕкӕны, уыдонӕй сӕ сӕхи хъахъхъӕнын ахуыр кӕной?

Зыдтай йӕ?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныййарджытӕн бирӕ публикацитӕ рауагътой. Уыдоны фӕрцы сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый ӕмбарын кӕнын, стӕй сӕ, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ’взӕр митӕ чи фӕкӕны, уыдонӕй хъахъхъӕнын. Зӕгъӕм:

6. Дӕ ныййарджыты нымай

Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджытимӕ афтӕ ныхас кӕной, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй сӕ нымайынц, уый. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕной?

  • Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ ныййарджытимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй сын кад кӕнынц?

Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 1:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ӕрыгӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, сӕ ныййарджытӕ сын, куыд хъуамӕ бакӕной, уый куы дзурой, уӕд?

7. Ӕнӕхъӕн бинонтӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут

Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн бинонтӕй чи лӕггад кӕны, уыдон алы къуыри дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнынц бинонты ахуырӕн. Бинонты ахуыры рӕстӕг цы ис аразӕн? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Цы ис аразӕн, цӕмӕй алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзат?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бинонты ахуыр се ’ппӕтӕн дӕр пайда уа ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цӕуа? (Кӕс нывмӕ урочы райдианы.)

  • Уӕ бинонтӕн Библи иумӕ ахуыр кӕнын, гӕнӕн ис, зын цӕмӕн уа?

Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй-иу рагон Израилы бинонтӕ иумӕ Фыстадыл ныхас кодтаиккой. Бакӕсут Дыккаг закъон 6:6, 7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон куыд у ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын?

Бинонты ахуыры рӕстӕг цы ис аразӕн:

  • Уӕхи-иу ӕмбырдтӕм бацӕттӕ кӕнут.

  • Бакӕсут, уӕ бинонты зӕрдӕмӕ Библийӕ цы скъуыддзаг цӕуы, уый ӕмӕ йыл аныхас кӕнут.

  • Кӕд уын гыццыл сывӕллӕттӕ ис, уӕд рафыссут кӕнӕ гӕххӕттыл рауадзут, сайты jw.org сывӕллӕттӕн цы хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй искӕцы.

  • Кӕд уын рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ ис, уӕд семӕ аныхас кӕнут, сайты jw.org фӕсивӕдӕн цы статьятӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл.

  • Сывӕллӕттимӕ Библийӕ искӕцы хабар рольтӕм гӕсгӕ ахъазут.

  • Сайты jw.org искӕцы видеороликмӕ бакӕсут ӕмӕ йыл аныхас кӕнут.

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Сывӕллӕттӕн Библи зынӕмбарӕн чиныг у».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уарзой, ахуыр сӕ кӕной ӕмӕ сӕ хъахъхъӕной; сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты нымайой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой; бинонтӕ йын иумӕ лӕггад кӕной.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын?

  • Сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у ӕвдисын, сӕ ныййарджыты кӕй нымайынц?

  • Алы къуыри дӕр бинонты ахуырӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын хорз цӕмӕн у?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонӕн Библийы цавӕр уынаффӕтӕ ис.

«Библи цы дзуры ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсыны тыххӕй?» (интернет-статья)

Базон, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын чи нӕ зыдта, ахӕм нӕлгоймагӕй хорз фыд куыд рауад.

«Йегъовӕ нӕ сахуыр кодта сывӕллӕтты хъомыл кӕнын» (5:58)

Базон, фыдӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фыртимӕ ӕнгомдӕр уа.

«Фыдӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ фыртимӕ ӕнгомдӕр уа?» (2011 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Библийы «зонд амонын» нысан кӕны ахуыр кӕнын, амонын, зонд раст кӕнын ӕмӕ ӕфхӕрын. Хыл кӕнай ӕмӕ тызмӕг уай, уымӕ никуы фӕамоны (Ӕмбисӕндтӕ 4:1).