Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

54 УРОК

Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ цы аразы?

Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ цы аразы?

Чырысти у ӕмбырды сӕр (Ефесӕгтӕм 5:23). Абон Йесо ис уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты. (Бакӕс Матфейы 24:45.) Йесо йӕхӕдӕг сӕвӕрдта уыцы «цагъары» ӕмӕ йын бартӕ радта. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы цагъар хъусы Чырыстимӕ ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕны. Чи у уыцы цагъар ӕмӕ ныл куыд тыхсы?

1. Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар»?

Йегъовӕ алы заман дӕр йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта иу кӕнӕ цалдӕр нӕлгоймаджы уылты (Малахи 2:7; Дзуттӕгтӕм 1:1). Йесойы мӕлӕты фӕстӕ чырыстон ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдтой апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы (Хъуыддӕгтӕ 15:2). Раст афтӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты гыццыл къорд – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет – Хуыцауы адӕмӕн дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты. Уыцы къорд у, Йесо кӕй снысан кодта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» (Матфейы 24:45а). Разамонӕг советы цы нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кӕны, уыдон иууылдӕр сты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Зӕххыл сӕ цард куы фӕуа, уӕд Чырыстиимӕ уӕлӕрвты уыдзысты Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ.

2. Ӕууӕнкджын цагъар цавӕр хӕринаг дӕтты?

Йесо загъта, ӕууӕнкджын цагъар йе ’мчырыстӕттӕн «хӕринаг афоныл» кӕй дӕтдзӕн (Матфейы 24:45б). Хӕринаджы фӕрцы нӕм фӕзыны хъарутӕ. Стӕй хорз хӕринаг пайда у ӕнӕниздзинадӕн. Афтӕ у йӕ хабар уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕн дӕр, ома Хуыцауы Ныхасы цы амындтӕ ис, уыдонӕн. Уый фӕрцы нӕм фӕзыны хъарутӕ, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ нын Йесо цы куыст бахӕс кодта, уый аразӕм (1 Тимофеймӕ 4:6). Ӕууӕнкджын цагъар нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты ӕмбырдты, конгрессты, Библийыл арӕзт публикациты ӕмӕ видеоты уылты. Уыдӕттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый ӕмбарӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цӕмӕн хъӕуы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», ома Разамонӕг совет.

Разамонӕг совет Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ разамынд дӕтты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны

3. Йегъовӕйы адӕмӕн алцыдӕр хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл

Йесойы разамындӕй Разамонӕг совет пълан кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыст. Афтӕ уыд хабар фыццаг ӕнусы дӕр. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихтӕй куыд зыны, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа?

4. Ӕууӕнкджын цагъар разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн

Фыццаг чырыстӕттӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд хорз хабар хъусын кӕнын. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 8:14, 25 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Фыццаг ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта?

  • Петр ӕмӕ Иоанн цы цӕстӕй ракастысты, иннӕ апостолтӕ сын цы бахӕс кодтой, уымӕ?

Разамонӕг советӕн йӕ сӕйрагдӕр хӕс у хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттын. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Йесо дзырдта, хорз хабар хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй. Бакӕсут Марчы 13:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Разамонӕг совет хъусын кӕныны хъуыддаг тынг ахсджиагыл цӕмӕн нымайы?

  • Цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цӕмӕн хъӕуы?

5. Ӕууӕнкджын цагъар амындтӕ дӕтты

Разамонӕг совет чырыстӕттӕн ӕгас зӕххыл дӕр разамынд дӕтты. Цавӕр амындтӕ раттын хъӕуы, уый куыд аскъуыддзаг кӕны? Ӕркӕсӕм-ма, фыццаг ӕнусы разамонӕг совет уый куыд арӕзта, уымӕ. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 15:1, 2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Фыццаг ӕнусы иуӕй-иу чырыстӕттӕ цӕй тыххӕй быцӕу кодтой?

  • Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕтӕ уыцы фарста аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй кӕмӕ ацыдысты?

Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 15:12–18, 23–29 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет цы сарӕзта, цӕмӕй бамбӕрстаид, уыцы фарстайы фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый? (12, 15 ӕмӕ 28 стихтӕ)

Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 15:30, 31 ӕмӕ 16:4, 5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ разамонӕг советы разамындмӕ цы цӕстӕй ракастысты?

  • Йегъовӕ сын сӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта?

Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:16 ӕмӕ Иаковы 1:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Разамонӕг совет уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссы?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Кӕд Разамонӕг советы уынаффӕтӕм хъусут, уӕд уӕ разамонджытӕ адӕм сты».

  • Цӕмӕ гӕсгӕ дӕ уырны, Разамонӕг советӕн разамынд Йесо кӕй дӕтты?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Разамонӕг совет у, Йесо кӕй снысан кодта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар». Уый чырыстӕттӕн ӕгас зӕххыл дӕр дӕтты разамынд ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» чи снысан кодта?

  • Разамонӕг совет ныл куыд тыхсы?

  • Уырны дӕ, Разамонӕг совет «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Разамонӕг совет цы аразы, цӕмӕй нын уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уый хӕрзхъӕд уа.

«Ӕцӕг ӕмӕ бӕлвырд хабӕрттӕ фыст кӕм ис, ахӕм литературӕ» (17:18)

Разамонӕг советы цы ’фсымӕртӕ ис, уыдон цы цӕстӕй кӕсынц, Йесо сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕ?

«Кадджын хӕс» (7:04)

Разамонӕг советӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты, уый не ’мбырдтӕй ӕмӕ конгресстӕй куыд зыны?

«Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кӕны» (9:39)