Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

57 УРОК

Уӕззау тӕригъӕд куы саразай

Уӕззау тӕригъӕд куы саразай

Кӕд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс ӕмӕ, дӕ бон цы у, уый аразыс, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнай, уӕддӕр-иу хатт фӕрӕдидзынӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ иннӕтӕй уӕззаудӕр вӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ дӕ уӕддӕр кӕй уарзы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна.

1. Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон тынг фӕмаст кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый куы бамбарынц, уӕд. Фӕлӕ сын удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Исай 1:18). Нӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Ӕвзӕр цы у, уый нал фӕаразы ӕмӕ Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Стӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдмӕ чи ’ркодта, уыцы хъуыддӕгтӕ мауал араза, фӕлӕ цӕра Йегъовӕйы сыгъдӕг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. (Бакӕс Исайы 55:6, 7.)

2. Йегъовӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгты уылты куыд баххуыс кӕны?

Йегъовӕ зӕгъы, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд-иу цӕмӕй «фӕдзурӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм». (Бакӕс Иаковы 5:14, 15.) Уыцы ӕфсымӕртӕ уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕамонынц, сӕ бон куыд у се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой (Галатӕгтӕм 6:1).

Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хистӕр нӕлгоймаджы нын Библийы фӕрцы бамбарын кӕндзысты, цы сарӕзтам, уый Хуыцауы цӕсты раст цӕуылнӕ у. Ратдзысты ма нын уынаффӕтӕ, цӕмӕй тӕригъӕд мауал саразӕм ӕмӕ нӕ ныфс бауадздзысты, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Гӕнӕн ис, ахӕм уынаффӕ рахӕссой, ӕмӕ нын ӕмбырды хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕрты архайыны бар нӕ уыдзӕн, цалынмӕ та Йегъовӕмӕ нӕ баввахс уӕм, уӕдмӕ. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый куы не ’рфӕсмон кӕны, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, цӕмӕй йӕ зондахаст ӕмбырды иннӕтыл ма бандава.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны, уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕн. Уӕд дзы йе ’ххуысы тыххӕй тынгдӕр бузныг уыдзынӕ.

3. Нӕ тӕригъӕды тыххӕй куы радзурӕм, уӕд фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдзыстӕм

Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕн нӕ тӕригъӕды тыххӕй радзурӕм. Бакӕсут Псалом 32:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хорз цӕмӕн у, нӕ тӕригъӕд Йегъовӕйӕ куы нӕ бамбӕхсӕм, фӕлӕ йын ӕй ӕргом куы радзурӕм?

Нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн куы радзурӕм ӕмӕ уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы ракурӕм, уӕд нын бирӕ фенцондӕр уыдзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Кенонӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид?

Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй-иу хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзурӕм, мацы-иу сӕ басусӕг кӕнӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной. Бакӕсут Иаковы 5:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Нӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом куы радзурӕм, уӕд сын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй нын баххуыс кӕной?

Дӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзур ӕмӕ сын се ’ххуысыл сразы у

4. Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый пайда у се ’ппӕтӕн дӕр

Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы нал фӕфӕнды, уӕд ын Хуыцауы адӕмы ’хсӕн бынат нал вӕййы. Ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, ӕмӕ нын йемӕ иумӕйагӕй ницыуал вӕййы. Йемӕ дзургӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 5:6, 11 ӕмӕ 2 Иоанны 9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Гыццыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй сӕнхъизын кӕны. Ацы цӕвиттонӕй куыд зыны, йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймаг ӕмбырдыл куыд бандавдзӕн, уый?

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Кӕй сӕ ацух кодтой, уый сын зын уыди, фӕлӕ уый фӕрцы бамбӕрстой, цы сарӕзтой, уый раст кӕй нӕ уыд (Псалом 141:5). Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Соняйы ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый йын куыд баххуыс кодта?

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц...

  • уый Йегъовӕйы ном куыд кадджын кӕны?

  • уый куыд ӕвдисы, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы?

5. Куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕны

Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд Йегъовӕ цы фенкъары, уый. Бакӕсут Лукайы 15:1–7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?

Бакӕсут Йезекилы 33:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

Хорз фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, афтӕ тыхсы Йегъовӕ дӕр махыл

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Тӕрсын, мӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы радзурон, уӕд мӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной».

  • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый куы нал аразӕм, уӕд.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй-иу нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурӕм?

  • Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕна?

  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ ракурӕм?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, иу нӕлгоймаг йӕхиуыл куыд бавзӕрста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй Исайы 1:18 цы фыст ис, уый.

«Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл макуы дызӕрдыг кӕн» (5:02)

Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн куыд ис бамбарын кӕнӕн, кӕйдӕр ӕмбырдӕй цӕмӕн ацух кӕнынц, уый.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы цӕстӕй кӕсынц, раздӕр сӕ диныл хӕст чи уыд, уыдонмӕ?» (интернет-статья)

Бакӕс, рӕстдзинад чи ныууагъта, иу ахӕм нӕлгоймаджы хабар, «Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕмӕн раздӕхт.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)