Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

60 УРОК

Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу

Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтай. Уый фӕрцы йӕ афтӕ тынг бауарзтай, ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ цард снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай. Кӕд нӕма, уӕд та, ӕвӕццӕгӕн, фӕнд кӕныс. Фӕлӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дын цы бантыст, ууыл хъуамӕ ӕрлӕууай. Йегъовӕмӕ дӕ бон у ӕнусты дӕргъы ӕввахсдӕр кӕнын. Куыд?

1. Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕнай?

Хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Цӕмӕн? Цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ «иуварс ма ахӕсса» (Дзуттӕгтӕм 2:1). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, стӕй ма Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕндӕр фадӕттӕ дӕр агурӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:16.) Царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис! (Псалом 84:10).

2. Ноджыдӕр ма цы хъуамӕ аразай?

Кӕд ацы чиныг ахуыр фӕдӕ, уӕддӕр, цы чырыстон фӕндагыл цӕуыс, уый нӕ фӕци. Библийы фыст ис, ногмӕ кӕй хъуамӕ раивӕм (Ефесӕгтӕм 4:23, 24). Дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас куы иртасай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд-иу Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзынӕ. Архай, цӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕ ноджы хуыздӕр фӕзмай. Ӕмӕ дӕ цӕмӕй Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй ма дӕ фӕивын цы хъӕуа, уый-иу фӕив.

3. Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы базыдтай, ууыл ма ’рлӕууай?

Библийы фыст ис: «Хуыцау [уӕ]... кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Петры 5:10). Не ’ппӕты дӕр хатт фӕфӕнды, раст цы нӕу, уый саразын. Фӕлӕ нын Йегъовӕ, фидар фӕлӕууынӕн цы хъӕуы, уый дӕтты (Псалом 139:23, 24). Зӕрдӕ нын ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:13.)

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын цы бантыст, ууыл ма ӕрлӕууай. Стӕй ма базон, Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кӕндзӕн.

4. Дӕ хуыздӕр ӕмбалимӕ ныхас кӕн ӕмӕ йӕм хъус

Йегъовӕмӕ кӕй куывтай ӕмӕ Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы йӕ хӕлар сдӕ. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уай?

Бакӕсут Псалом 62:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ куывдтытӕ мидисджындӕр ӕмӕ зӕрдӕбындӕр уой, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

Бакӕсут Псалом 119:97 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсса, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи лӕмбынӕгдӕр иртасай? Уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы ис видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонӕй дӕ кӕцытӕй фӕнды спайда кӕнын?

  • Цавӕр темӕтӕ дӕ фӕнды раиртасын?

5. Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд дын нырмӕ цы бантыст, ууыл не ’рлӕудзынӕ. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Кэмерон Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ кӕй ӕвӕрдта, уый йын цы пайда ӕрхаста?

Алкӕмӕн йӕ бон нӕу ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Фӕлӕ йӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕ разы ӕвӕрын. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 21:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕ бон дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын...

  • ӕмбырды?

  • хъусын кӕныны хъуыддаджы?

Ацы стихы цы уагӕвӕрд ис, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы бафтой?

Хорз нысӕнттӕ

  • Дӕ куывдтытӕ фӕмидисджындӕр кӕн.

  • Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕс.

  • Ӕмбырды алкӕимӕ дӕр базонгӕ у.

  • Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдай.

  • Ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдай.

  • Кӕд ӕфсымӕр дӕ, уӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ тырн.

6. Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!

Бакӕсут Псалом 22:26 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй амондджынӕй цӕрай ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр, ӕмӕ уӕд амондджынӕй цӕрдзынӕ ӕнустӕм!

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Фидарӕй дӕ цӕмӕн уырны, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай?

  • Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

  • Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд дын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын цы бантыст, ууыл ма ӕрлӕууай?

Дӕ нысан иннӕ азмӕ

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Йегъовӕ тынгдӕр цӕмӕн аргъ кӕны: дӕ иузӕрдиондзинад цавӕрдӕр стыр хъуыддагӕй равдисай ӕви йыл цӕрӕнбонты иузӕрдион уай, уымӕн?

«Авраамау иузӕрдион ут» (9:20)

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ циндзинад фесафа. Ацы видеороликӕй базондзынӕ, ахӕм адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕна.

«Библи куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай, уӕд та ногӕй цин кӕндзынӕ» (5:25)

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрай ӕмӕ-иу цӕмӕй дӕ къухы бафтой?

«Дӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрыс, уыдон кадджын кӕнӕнт де Сфӕлдисӕджы» (2004 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

Фӕлтӕрддзинад ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суай?

«Ӕппӕт хъарутӕй тырнут фӕлтӕрддзинадмӕ – „Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у“» (2009 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)