Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ дӕн?

Цӕттӕ дӕн?

Ӕмбырдимӕ хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ дӕн?

Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суай, уымӕ цӕттӕ уыдзынӕ, кӕд...

  • ӕдзух Библи фӕиртасыс, Хуыцаумӕ фӕкувыс ӕмӕ ӕмбырдты вӕййыс.

  • цы базоныс, уыдӕттӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕмӕ сыл ӕууӕндыс ӕмӕ дӕ фӕнды уыдӕтты тыххӕй иннӕтӕн дзурын.

  • Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агурыс, чи йӕ уарзы, уыдоны ’хсӕн.

  • политикӕимӕ ӕмӕ дын мӕнг динимӕ иумӕйагӕй ницыуал ис.

  • Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрыс ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай.

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырдимӕ хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй демӕ аныхас кӕной.

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕн?

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ, кӕд...

  • ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ.

  • алы къуыри дӕр, дӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусын кӕныс.

  • «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ» ӕмгуыст кӕныс ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусыс (Матфейы 24:45–47).

  • Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ йын дӕхи снывонд кодтай ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнай.

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй демӕ аныхас кӕной.