Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бӕрӕгбӕттӕ

Бӕрӕгбӕттӕ

Чырыстӕттӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц, уыцы бӕрӕгбӕттӕ

Чырыстӕттӕ ӕрмӕстдӕр цавӕр бӕрӕгбон хъуамӕ бӕрӕг кӕной?

Хуыцауы адӕм фӕцин кӕнынц, иумӕ Хуыцауӕн бакувынмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд

Д.з 31:12; Дзт 10:24, 25

  • Цӕвиттон Библийӕ

Чырыстӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уыцы бӕрӕгбӕттӕ

Мӕнг динтимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнын ӕвзӕр цӕмӕн у?

1Кр 10:21; 2Кр 6:14–18; Еф 5:10, 11

Кӕс ма темӕ «Раст динӕн мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй ницы ис»

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 32:1–10. Йегъовӕ израилӕгтӕм тынг смӕсты, гуымирыйӕн куы куывтой ӕмӕ куы загътой, зӕгъгӕ, уыцы бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл у, уӕд.

    • Нм 25:1–9. Йегъовӕ йӕ адӕмы бафхӕрдта, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывтой ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй.

Рождество чырыстон бӕрӕгбон у?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 2:1–5. Йесо райгуырд, ромӕгтӕ адӕмы сӕхи ныффыссынмӕ куы арвыстой, уӕд; уый зымӕджы нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕнӕуи дӕр Ромы хицауадӕй райгонд нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ паддзах сӕ фыдӕлты горӕттӕм ахӕм уазал рӕстӕг куы ’рвыстаид, уӕд сызмӕстаиккой.

    • Лк 2:8, 12. Йесо куы райгуырд, уӕд фыййӕуттӕ сӕ дзугтимӕ ӕддейӕ уыдысты; декабры мӕйы та уазал вӕййы, ӕмӕ сӕ фыстимӕ ӕхсӕвы быдыры нӕ уыдаиккой.

Чырыстӕттӕ хъуамӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕной?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 40:20–22. Мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг фараон йӕ гуырӕнбон куы бӕрӕг кодта, уӕд дзы лӕгмард ӕрцыд.

    • Мф 14:6–11. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй йе сӕфт чи уыдта, уыцы паддзах Ирод йӕ гуырӕнбоны Аргъауӕг Иоанны амарын кодта.

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбӕттӕ

Чырыстӕттӕ хъуамӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕной, уыимӕ дзы цы бӕрӕгбӕтты кой ис, уыдон дӕр хъуамӕ бӕрӕг кӕной?

Чырыстӕтты Сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы?

Патриотизмимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ

Чырыстӕттӕ патриотизмимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕной?

Чырыстӕттӕ хъуамӕ хӕсты номыл бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕной?

Пс 11:5; Ис 2:4

Кӕс ма темӕ «Хицауӕдтӕ», дӕлсӕргонд «Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц» ӕмӕ темӕ «Хӕст»

Зындгонд адӕмы чи кадджын кӕны, ахӕм бӕрӕгбӕтты чырыстӕттӕ хъуамӕ архайой?

Рц 20:5; Ро 1:25

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 12:21–23. Хуыцау паддзах Агриппӕйы бафхӕрдта, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи кӕй бакодта, уый тыххӕй.

    • Хъд 14:11–15. Апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел адӕмы сӕхицӕн бакувын нӕ бауагътой.

    • Рар 22:8, 9. Йегъовӕйы зӕд апостол Иоанны йӕхицӕн бакувын нӕ бауагъта.