Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Удӕнцой

Удӕнцой

Библи нын удӕнцойы хос вӕййы алыхуызон уавӕрты

Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ цавӕрдӕр зындзинады сӕрты ахизын кӕнӕ цавӕрдӕр хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 3:11; 4:10. Пехуымпар Моисей хъуыды кодта, фараонимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ Хуыцауы адӕмы Египетӕй ракӕнын йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн.

    • Йер 1:4–6. Йереми хъуыды кодта, ӕгӕр ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд кӕй у, цӕмӕй ӕгоммӕгӕс адӕмӕн Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ хъусын кӕна.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • Рц 3:12; 4:11, 12. Йегъовӕ пехуымпар Моисейӕн цалдӕр хатты зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн ын кӕй баххуыс кӕндзӕн.

    • Йер 1:7–10. Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй ма тӕрса, уымӕн ӕмӕ йын йӕ зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн.

Иннӕтӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, нӕ зӕрдӕ нын куы фӕриссын кӕнынц кӕнӕ та ныл гадзрахатӕй куы рацӕуынц

Иннӕтӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд нӕ ныфс куы асӕтта

Кӕс темӕ «Ӕфхӕрд ӕййафын»

Кӕмӕндӕрты, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын сӕ бон нӕу, рынчын кӕй сты кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй

Пс 71:9, 18; Ек 12:1–7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 20:1–3. Паддзах Езеки тынг куыдта, мӕлӕтдзаг рынчын куы фӕци, уӕд.

    • Фп 2:25–30. Епафродит тынг маст кодта, уымӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕ Филиппты фехъуыстой, кӕй фӕрынчын ӕмӕ тарсти, афтӕ куы ахъуыды кӕной, ӕмӕ йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • 2См 17:27–29; 19:31–38. Паддзах Давид тынг аргъ кодта Хуыцауыл иузӕрдион Верзелийӕн ӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ йемӕ кодта, фӕлӕ Верзели не сразы, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн ӕгӕр зӕронд кӕй у.

    • Пс 41:1–3, 12. Кӕд паддзах Давид тынг рынчын уыд, уӕддӕр ӕй зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн.

    • Мч 12:41–44. Йесо мӕгуыр идӕдз усӕй раппӕлыд, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый кӕй радта, уый тыххӕй.

Маст кӕнын; мӕсты кӕнын

Иуӕй-иутӕ тынг ӕрӕнкъард вӕййынц, зындзинӕдтыл кӕнӕ хӕрам хъуыддӕгтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд

Ек 9:11, 12

Кӕс ма Пс 142:4; Ек 4:1; 7:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рф 1:11–13, 20. Ноеминӕн йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд тынг маст кодта ӕмӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй ныууагъта.

    • Иов 3:1, 11, 25, 26; 10:1. Иов тынг маст кодта, ӕнӕ ницӕмӕй куы баззад, йӕ дӕс сывӕллоны куы фӕмард сты ӕмӕ тынг куы фӕрынчын, уӕд.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • Рф 1:6, 7, 16–18; 2:2, 19, 20; 3:1; 4:14–16. Ноемин та цин кӕнын райдыдта, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн та куы ӕрцард ӕмӕ йын куы баххуыс кодтой, стӕй йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн куы ӕххуыс кодта, уӕд.

    • Иов 42:7–16; Иак 5:11. Иовӕн йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

Иуӕй-иутӕ тынг фӕмӕсты кӕнынц иннӕты ӕгъатыр хъуыддӕгты тыххӕй

Ек 4:1, 2

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 1:6, 7, 10, 13–16. Аннӕйӕн тынг зын уыди, Феннанӕ йӕ ӕдзух кӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ йӕ хистӕр сауджын Илий расыг кӕй схуыдта, уый.

    • Иов 8:3–6; 16:1–5; 19:2, 3. Иовы йе ’ртӕ мӕнг ӕмбалы ӕнаххосӕй кӕй аххосджын кодтой, уымӕй йын йӕ уавӕр фыддӕр кодтой.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • 1См 1:9–11, 18. Аннӕ Йегъовӕйӕн, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый куы радзырдта, уӕд ын фенцондӕр.

    • Иов 42:7, 8, 10, 17. Йегъовӕ Иовӕн раарфӕ кодта, йе ’мбӕлттӕн куы ныххатыр кодта, уӕд.

Мӕт кӕнын

Кӕс темӕ «Мӕт кӕнын»

Нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕхицӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм

Нӕ рӕдыдтытӕ нын ӕнцой куы нӕ дӕттой

Езд 9:6; Пс 38:3, 4, 8; 40:12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 22:8–13; 23:1–3. Паддзах Иосийӕн ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы закъон куы бакастысты, уӕд ӕй бамбӕрстой, Хуыцауы раз тынг кӕй фӕрӕдыдысты.

    • Езд 9:10–15; 10:1–4. Израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ ӕндӕр адӕмтӕй сӕхицӕн устытӕ кӕй ӕркодтой, уый тыххӕй сауджын Ездрӕ ӕмӕ адӕм сӕхи аххосджыныл банымадтой.

    • Лк 22:54–62. Апостол Петрмӕ худинаг ӕркаст, Йесойӕ ӕртӕ хатты, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, кӕй загъта, уый.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • 2Аз 33:9–13, 15, 16. Манасси уыди Иудӕйы ӕвзӕрдӕр паддзӕхтӕй сӕ иу; фӕлӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта.

    • Лк 15:11–32. Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй, цӕмӕй равдыстаид, Йегъовӕ тынг хатыргӕнаг кӕй у.

Нӕ фӕдыл куы зилой

Кӕс темӕ «Нӕ фӕдыл куы зилой»

Фыртӕссӕй ризын; тӕрсын

Кӕс темӕ «Тас; тӕрсын»

Хӕлӕг кӕнын

Кӕс темӕ «Хӕлӕг кӕнын»

Хуыцау нын кӕй аргъ кӕны, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм