Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕ

Уынаффӕ

Исчи нын уынаффӕ куы ратта

Йӕ бындур Библи кӕмӕн у, ахӕм уынаффӕтӕ цӕмӕн хъуамӕ агурӕм?

Уынаффӕмӕ байхъусын нӕхи рӕстытӕ кӕнынӕй хуыздӕр цӕмӕн у?

Ӕм 12:15; 29:1

Кӕс ма Ӕм 1:23–31; 15:31

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 15:3, 9–23. Пехуымпар Самуил Саулӕн йӕ рӕдыдмӕ куы бацамыдта, уӕд Саул йӕхи рӕстытӕ кодта ӕмӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста; уый тыххӕй йыл Йегъовӕ йӕ къух систа.

    • 2Аз 25:14–16, 27. Йегъовӕйы пехуымпар паддзах Амасийӕн уынаффӕ куы радта, цӕмӕй йӕ тӕригъӕд сраст кодтаид, уӕд ӕм Амаси нӕ байхъуыста, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта ӕмӕ йӕ нал хъахъхъӕдта.

Уынаффӕ чи фӕдӕтты, уыцы ӕфсымӕрты цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

1Фс 5:12; 1Тм 5:17; Дзт 13:7, 17

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 3Ин 9, 10. Ацӕргӕ апостол Иоанн Диотрефӕн бауайдзӕф кодта, ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдоны кӕй ницӕмӕ дардта, уый тыххӕй.

Хистӕртӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

Лв 19:32; Ӕм 16:31

Кӕс ма Иов 12:12; 32:7; Тит 2:3–5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 23:16–18. Давид байхъуыста Ионафанмӕ (Давидӕй уыд иу-30 азы хистӕр), ӕмӕ йӕ йӕ ныхӕстӕ бафидар кодтой.

    • 1Пд 12:1–17. Паддзах Ровоам хистӕрты хорз уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, фӕлӕ байхъуыста ӕрыгӕтты ӕнӕзонд уынаффӕмӕ, ӕмӕ уый бӕллӕхмӕ ӕркодта.

Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцауыл иузӕрдион сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ йе ’рыгон лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ бон кӕй у хорз уынаффӕ раттын?

Иов 32:6, 9, 10; Ӕм 31:1, 10, 26; Ек 4:13

Кӕс ма Пс 119:100

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 25:14–35. Авигейӕ паддзах Давидӕн цы уынаффӕ радта, уый бирӕты цард бахъахъхъӕдта, ӕмӕ уыцы уынаффӕйы фӕрцы Давид ӕнаххос адӕмы туг нӕ ныккалдта.

    • 2См 20:15–22. Горӕт Авелы цӕрджытӕ фервӕзтысты иу куырыхон сылгоймаджы уынаффӕйы фӕрцы.

    • 2Пд 5:1–14. Гыццыл израилаг чызг хъомысджын ӕфсады хицауӕн загъта, йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ хъотырӕй фервӕза.

Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдоны уынаффӕтӕм цӕуылнӕ хъуамӕ хъусӕм?

Пс 1:1; Ӕм 4:14

Кӕс ма Лк 6:39

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Аз 10:13, 14. Паддзах Саул Йегъовӕйы бафӕрсыны бӕсты ацыд, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, уыцы сылгоймагмӕ ӕмӕ, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй амард.

    • 2Аз 22:2–5, 9. Паддзах Охози ӕвзӕр уынаффӕтӕм хъуыста ӕмӕ йӕ уый мӕлӕтмӕ ӕркодта.

    • Иов 21:7, 14–16. Иов нӕ бауагъта, цӕмӕй йыл, Йегъовӕйӕн чи нӕ аргъ кодта, уыдоны зондахаст бандӕвтаид.

Искӕмӕн уынаффӕ дӕттын

Искӕмӕн уынаффӕ раттыны размӕ хорз цӕмӕн у, цӕмӕй, хъуыддагмӕ бар чи дары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр байхъусӕм ӕмӕ, хабар бӕлвырд куыд уыд, уый базонӕм?

Ӕм 18:13, 17

Кӕс ма Ӕм 25:8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 1:9–16. Хистӕр сауджын Илий Хуыцауыл иузӕрдион сылгоймаг Аннӕйы расыг фенхъӕлдта ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта, хабар ӕцӕгдӕр куыд уыд, уый нӕ базыдта, афтӕмӕй.

    • Мф 16:21–23. Апостол Петр, хабар цӕй мидӕг уыди, уый нӕ зыдта, афтӕмӕй Йесойӕн уынаффӕ радта; Йесо йӕм куы байхъуыстаид, уӕд Йегъовӕйы фӕндон нӕ, фӕлӕ Хӕйрӕджы фӕндон сӕххӕст кодтаид.

Уынаффӕ раттыны размӕ-иу Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ скувӕм?

Пс 32:8; 73:23, 24; Ӕм 3:5, 6

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 3:13–18. Пехуымпар Моисей Йегъовӕйы бафарста, израилӕгтӕ йӕ куы фӕрсой, уӕд сын цы хъуамӕ зӕгъа, уымӕй.

    • 1Пд 3:5–12. Ӕрыгон паддзах Соломон йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйӕ зонд ракуырдта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уый тыххӕй раарфӕ кодта.

Нӕ уынаффӕтӕн сӕ бындур Библи цӕмӕн хъуамӕ уа?

Пс 119:24, 105; Ӕм 19:21; 2Тм 3:16, 17

Кӕс ма Д.з 17:18–20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 4:1–11. Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо дзуапп йӕхи зондӕй нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕй.

    • Ин 12:49, 50. Йесо загъта, йӕ Фыдӕй цӕуыл сахуыр, иннӕтӕн дӕр уый кӕй амыдта, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг.

Уынаффӕ-иу фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ дӕттӕм ӕмӕ-иу гӕнӕн куы уа, уӕд-иу адӕймагӕй цӕмӕн хъуамӕ раппӕлӕм?

Га 6:1; Кл 3:12

Кӕс ма Ис 9:6; 42:1–3; Мф 11:28, 29

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 19:2, 3. Йегъовӕ пехуымпары уылты паддзах Иосафатӕн йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта, фӕлӕ дзы стӕй раппӕлыд, хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй.

    • Рар 2:1–4, 8, 9, 12–14, 18–20. Йесо цалдӕр ӕмбырдӕн уынаффӕ радта, фӕлӕ сӕ уый размӕ раппӕлыд.

Не ’мчырыстон нын хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕй куы хъаст кӕна, фӕсайдта мӕ кӕнӕ мӕ фыдкой кодта, зӕгъгӕ, уӕд хуыздӕр цӕмӕн у, цӕмӕй йын зӕгъӕм, йемӕ хибарӕй аныхас кӕн, зӕгъгӕ?

Нӕ бон куыд у, кӕй фӕхъыг кодтой, уыцы чырыстонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинад равдиса, ӕмӕ йӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕна?

Мф 18:21, 22; Мч 11:25; Лк 6:36; Еф 4:32; Кл 3:13

Кӕс ма Мф 6:14; 1Кр 6:1–8; 1Пт 3:8, 9

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Мф 18:23–35. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, хатыр кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у, уый.

Уынаффӕ дӕтгӕйӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

Пс 141:5; Ӕм 17:10; 2Кр 7:8–11

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 15:23–29. Пехуымпар Самуил паддзах Саулӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ йын уынаффӕ радта.

    • 1Пд 22:19–28. Пехуымпар Михей паддзах Ахавӕн бӕллӕхы хабар фехъусын кодта, кӕд ӕм ӕртхъирӕн кодтой ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдтой, уӕддӕр.

Нӕ бон куыд у искӕмӕн уынаффӕ раттын, йӕ уырнындзинадӕн ын зиан ма ’рхӕссӕм, афтӕмӕй?

Дзт 12:11–13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 22:31–34. Кӕд-иу апостол Петр фӕрӕдыд, уӕддӕр Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ рӕдыдтытӕ кӕй сраст кӕндзӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

    • Фм 21. Апостол Павелы уырныдта, Филимон кӕй байхъусдзӕн, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йын цы уынаффӕ радта, уымӕ.

Нӕ бон куыд у фӕлмӕнӕй уынаффӕ раттын, цӕуылдӕр чи тыхсы кӕнӕ ныфссаст чи у, ахӕм адӕймагӕн?

Тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уа?

Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уынаффӕ кӕмӕн дӕттӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, цыфӕнды кары ма уа, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, уӕддӕр?

Адӕймагӕн цалдӕр хатты уынаффӕ куы раттынц, фӕлӕ йӕм куы нӕ байхъусы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ карздӕр мадзӕлттӕй цӕмӕн спайда кӕнынц?