Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыдӕнхъӕл куы фӕвӕййӕм

Фыдӕнхъӕл куы фӕвӕййӕм

Фыдӕнхъӕл фӕвӕййӕм, иннӕтӕ нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕнынц кӕнӕ та ныл гадзрахатӕй куы рацӕуынц, уӕд

Пс 55:12–14; Лк 22:21, 48

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 8:1–6. Израилӕгтӕ пехуымпар Самуилӕн куы загътой, цӕмӕй сын паддзах сӕвӕрдтаид, уӕд ын хъыг уыди ӕмӕ сӕ фӕфыдӕнхъӕл.

    • 1См 20:30–34. Ионафанӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йӕ фыд, паддзах Саул ӕм куы смӕсты ӕмӕ йӕ куы фегад кодта, уӕд.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • Пс 55:12–14, 16–18, 22. Паддзах Давидыл йе ’ввахс ӕмбал Ахитофел гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд Давид йӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдта, ӕмӕ йын Йегъовӕ удӕнцой радта.

    • 2Тм 4:16–18. Апостол Павел тӕрхоны раз куы ӕрлӕууыд, уӕд йӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд, фӕлӕ йын хъару лӕвӕрдта Йегъовӕ ӕмӕ йын цы ныфс уыд, уый.

Нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕхицӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм

Иов 14:4; Ро 3:23; 5:12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 51:1–5. Паддзах Давид тынг маст кодта, Йегъовӕйы раз тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ууыл.

    • Ро 7:19–24. Апостол Павел йӕхимӕ ницӕйаг каст, ӕдзух ӕй йӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ тох кӕнын кӕй хъуыд, уый тыххӕй.

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ

  • Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ Библийӕ

    • 1Пд 9:2–5. Кӕд паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ нымадта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгыл.

    • 1Тм 1:12–16. Кӕд апостол Павел раздӕр стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисдзӕн, ууыл.