Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныфсыл ныфс ӕфтауын

Ныфсыл ныфс ӕфтауын

Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауой?

Ис 35:3, 4; Кл 3:16; 1Фс 5:11; Дзт 3:13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 32:2–8. Паддзах Езеки йӕ адӕмы ныфсыл ныфс бафтыдта, знӕгтӕ сӕм бабырсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд.

    • Дан 10:2, 8–11, 18, 19. Зӕд ацӕргӕ пехуымпар Данелы бафидар кодта, тыхы мур ӕм куы нал баззад, уӕд.

Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты фидар кӕной?

Ис 32:1, 2; 1Пт 5:1–3

Кӕс ма Мф 11:28–30

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 3:28; 31:7, 8. Моисей Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Йесо Навины бафидар кодта; уый хъуамӕ йӕ бӕсты израилӕгты разамонӕг суыдаид.

    • Хъд 11:22–26; 14:22. Чырыстӕтты фӕдыл куы зылдысты, уӕд апостолтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ Антиохийы цӕрӕг чырыстӕтты фидар кодтой.

Искӕй бафидар кӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд-иу дзы бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ раппӕлӕм?

Ӕм 31:28, 29; 1Кр 11:2

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Трх 11:37–40. Израилы чызджытӕ алы аз дӕр цыдысты Йеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу дзы феппӕлыдаиккой, йӕ хӕдзар кӕй ныууагъта ӕмӕ цатыры кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй.

    • Рар 2:1–4. Кӕд Йесойы Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн бауайдзӕф кӕнын хъуыди, уӕддӕр сӕ сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раппӕлыд.

Нӕ бон куыд у нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕнын?

Ӕм 15:23; Еф 4:29; Фп 1:13, 14; Кл 4:6; 1Фс 5:14

Кӕс ма 2Кр 7:13, 15, 16

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 23:16–18. Ионафан зыдта, йе ’рыгон ӕмбал Давиды бафидар кӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕ ссардта ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта.

    • Ин 16:33. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафидар кодта: сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, дунейыл кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ йыл уыдон дӕр кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, куы йӕ фӕзмой, уӕд.

    • Хъд 28:14–16. Апостол Павелы Роммӕ куы кодтой, цӕмӕй йын стӕрхон кодтаиккой, уӕд ӕфсымӕртӕ йӕ размӕ рацыдысты; Павел сӕ куы федта, уӕд дзы ныфс бацыд.

Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ма хъуыр-хъуыр кӕнӕм ӕмӕ ма хъаст кӕнӕм ӕмӕ иннӕты нымайӕм?

Фп 2:14–16; Иуд 16–19

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Нм 11:10–15. Пехуымпар Моисейӕн йӕ ныфс асаст, адӕм сӕ царды ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй кӕй ницы уыдтой ӕмӕ ӕгоммӕгӕс кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

    • Нм 13:31, 32; 14:2–6. Дӕс сгарӕджы хорзӕй кӕй ницы загътой, уый адӕмӕн сӕ ныфс асаста, ӕмӕ уый фӕстӕ сызмӕстой.

Нӕ рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы фервитӕм, уӕд куыд бафидар вӕййӕм?

Ӕм 27:17; Ро 1:11, 12; Дзт 10:24, 25; 12:12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 20:1–19. Иудӕйы ныхмӕ стыр ӕфсад куы рацыд, уӕд паддзах Иосафат адӕмимӕ Йегъовӕмӕ скуывта.

    • Хъд 12:1–5, 12–17. Иаковы куы амардтой ӕмӕ апостол Петры куы ’рцахстой, уӕд Иерусалимы ӕфсымӕртӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой.

Цы ныфс нын ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ куыд дӕтдзӕн?

Хъд 5:40, 41; Ро 8:35–39; 1Кр 4:11–13; 2Кр 4:16–18; 1Пт 1:6, 7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 39:19–23; 40:1–8. Кӕд Иосиф ницы аххосджын уыд, афтӕмӕй йӕ ахӕстоны бакодтой, уӕддӕр йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ йӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын фӕндыд.

    • 2Пд 6:15–17. Пехуымпар Елисей знаджы ӕфсадӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йегъовӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы тыххӕй скуывта, цӕмӕй уый дӕр ма тарстаид.

Библи нын ӕххуыс кӕны нӕ ныфс фидар кӕнынӕн

Йегъовӕ нын зӕрдӕ куыд ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй?

Йегъовӕйы фӕразондзинадыл ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый ныфс цӕмӕн бауадзы?

Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны, хъару кӕмӕ нал вӕййы, уыдонӕн?

Пс 46:1; Ис 12:2; 40:29–31; Фп 4:13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 1:10, 11, 17, 18. Аннӕ куы маст кодта ӕмӕ йӕ ныфс куы асаст, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ ’рсабыр кодта.

    • 1Пд 19:1–19. Пехуымпар Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд ын Йегъовӕ дон ӕмӕ дзул радта. Йегъовӕ йӕ бафидар кодта ӕмӕ йын фидӕнӕй ныфс кӕй бавӕрдта, уый йын йӕ зӕрдӕ ’рсабыр кодта.

Библи нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый нӕ куыд фидар кӕны?

2Аз 15:7; Пс 27:13, 14; Дзт 6:17–19; 12:2

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 14:1, 2, 7–9, 13–15. Кӕд Иовӕн йӕ ныфс асаст, уӕддӕр ӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕ сабыр кодта.

    • Дан 12:13. Пехуымпар Данелыл 100 азы бӕрц куы цыд, уӕд ын зӕд загъта, фидӕны йӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй, ӕмӕ бафидар.

Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд куыд бафидар вӕййӕм?

Пс 18:6; 56:4, 11; Дзт 13:6

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 30:1–9. Паддзах Давид зын уавӕры куы уыд, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йӕм хъарутӕ фӕзынд.

    • Лк 22:39–43. Йӕ царды ӕппӕты зындӕр сахат Йесо Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид.

Хорз хабӕрттӕ нӕ куыд бафидар кӕнынц ӕмӕ хорз цӕмӕн у, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийӕн дзурӕм?

Ӕм 15:30; 25:25; Ис 52:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 15:2–4. Апостолтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтой, уӕд хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кодтой.

    • 3Ин 1–4. Ацӕргӕ апостол Иоанн тынг бафидар, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн баххуыс кодта, уыдоны иузӕрдиондзинады тыххӕй куы фехъуыста, уӕд.