Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидардзинад

Фидардзинад

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидардзинад цӕмӕн хъӕуы?

Иуӕй-иутӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ хъусдзысты кӕна ма суанг нӕ ныхмӕ дӕр кӕй цӕудзысты, уый кӕцӕй зонӕм?

Мф 10:22; Ин 15:18, 19; 2Кр 6:4, 5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пт 2:5; Рд 7:23; Мф 24:37–39. Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», фӕлӕ йӕм адӕм нӕ хъуыстой, ӕмӕ Доны хъаймӕты ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ фервӕзтысты.

    • 2Тм 3:10–14. Цӕмӕй Тимофей фидар фӕлӕууыдаид, уый тыххӕй йын апостол Павел йӕхи зындзинӕдты кой ракодта.

Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕм уый диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?

Мф 10:22, 36–38; Лк 21:16–19

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 4:3–11; 1Ин 3:11, 12. Каин фыдзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй йе ’фсымӕр Авелы, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаджы, амардта.

    • Рд 37:5–8, 18–28. Иосифы йе ’фсымӕртӕ дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой, Йегъовӕ йын цы фын фенын кодта, уый сын куы радзырдта, уӕд.

Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд мӕлӕтӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

Мф 10:28; 2Тм 4:6, 7

Кӕс ма Рар 2:10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дан 3:1–6, 13–18. Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго гуымирыйӕн нӕ бакуывтой, кӕд сын мӕлӕтӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр.

    • Хъд 5:27–29, 33, 40–42. Апостолтӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кодтой, кӕд сӕ марынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, зонд нын куы бацамоной кӕнӕ нын куы бауайдзӕф кӕной, уӕд?

Ӕм 3:11, 12; Дзт 12:5–7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Нм 20:9–12; Д.з 3:23–28; 31:7, 8. Йегъовӕ пехуымпар Моисейы куы бафхӕрдта, уӕд йӕ ныфс асаст, фӕлӕ йын уӕддӕр кӕронмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодта.

    • 2Пд 20:12–18; 2Аз 32:24–26. Паддзах Езеки куы фӕрӕдыд, уӕд ын Йегъовӕйы пехуымпар бауайдзӕф кодта; уӕд Езеки сӕрныллӕгӕй йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта.

Иннӕтӕ Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, уӕд махӕн дӕр фидар фӕлӕууын, чи зоны, зын цӕмӕн уа?

Йер 1:16–19; Ав 1:2–4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 73:2–24. Фыдгӕнджытӕ куыд ӕнӕмӕт цард кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ псаломзарӕггӕнӕг дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, ууыл.

    • Ин 6:60–62, 66–68. Кӕд бирӕтӕ Йесойы фӕдыл нал цыдысты, уӕддӕр апостол Петрӕн йӕ фидар фӕнд уыд Йесойы фӕдыл цӕуын.

Фидар фӕлӕууынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

Йегъовӕмӕ ’ввахс куы уӕм

Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм

Йегъовӕмӕ арӕх ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм

Ро 12:12; Кл 4:2; 1Пт 4:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дан 6:4–11. Пехуымпар Данел раздӕрау Хуыцаумӕ куывта, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр.

    • Мф 26:36–46; Дзт 5:7. Йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв Йесо Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта ӕмӕ иннӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй уыдон дӕр куывтаиккой.

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы лӕггад кӕнӕм

Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм

Йегъовӕйы ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм

Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм

Нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй куы кӕсӕм

Фидар кӕй фӕлӕууӕм, уый хорз цӕмӕн вӕййы?

Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕссӕм

Ӕм 27:11; Ин 15:7, 8; 1Пт 1:6, 7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 1:6–12; 2:3–5. Хӕйрӕг загъта, адӕм Йегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын арфӕ кӕны. Иовы хъуыди фидар фӕлӕууын, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны.

    • Ро 5:19; 1Пт 1:20, 21. Адамӕй уӕлдай Йесо Йегъовӕйыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззад; афтӕмӕй сбӕлвырд, цыфӕнды зын фӕлварӕнты дӕр ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын.

Махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр фидар фӕлӕууынц

Нӕ лӕггады ӕнтыстджын вӕййӕм

Йегъовӕ нӕ райгонд вӕййы ӕмӕ нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны