Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонтӕ

Бинонтӕ

Бинонты цардӕн бындур ӕрӕвӕрдта Йегъовӕ

Ныййарджытӕ

Кӕс темӕ «Ныййарджытӕ»

Фыдӕлтӕ

Кӕс темӕ «Фыдӕлтӕ»

Мадӕлтӕ

Кӕс темӕ «Мадӕлтӕ»

Лӕгтӕ, устытӕ

Кӕс темӕ «Бинонты цард»

Фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ

Сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты раз цавӕр хӕс ис?

Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?

Еф 6:1–3; Кл 3:20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 78:1–8. Израилӕгтӕ сӕ цотӕн дзырдтой сӕ фыдӕлты хъуыддӕгты тыххӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардтаиккой ӕмӕ хивӕнд ма суыдаиккой.

    • Лк 2:51, 52. Кӕд Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр ӕрыгонӕй йе ’нӕххӕст ныййарджыты коммӕ каст.

Сывӕллӕттӕн зын цӕмӕн вӕййы сӕ ныййарджытӕн кад кӕнын?

Йӕ ныййарджыты коммӕ чи нӕ кӕсы, ахӕм сывӕллӕттӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 21:18–21. Фырт-иу куы сыстыр ӕмӕ-иу йӕ ныййарджыты куы ницӕмӕ дардта, хивӕнд ӕмӕ-иу ӕнӕсӕттон куы уыд, уӕд-иу ӕй, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, хъуыд амарын.

    • 2Пд 2:23, 24. Гыццыл лӕппутӕ пехуымпар Елисейыл кӕй худтысты, уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы ӕрвыст лӕджы кӕй нӕ нымайынц, ӕмӕ сӕ дыууӕ арсы аскъуыдтӕ кодтой.

Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ ныййарджытӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

Пс 127:3; 128:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лв 26:9. Израилӕгтӕм сывӕллон Хуыцауы арфӕдзинадыл нымад уыд.

    • Иов 42:12, 13. Йегъовӕ Иовӕн раарфӕ кодта, иузӕрдионӕй йыл кӕй баззад, уый тыххӕй, ӕмӕ ма сын йӕ бинойнагимӕ ноджыдӕр дӕс сывӕллоны райгуырд.

Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, иу мады зӕнӕг кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой?

Пс 34:14; Ӕм 15:23; 19:11

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Рд 27:41; 33:1–11. Иаков бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕр Исавимӕ бафидыдтаид ӕмӕ йын кӕй кад кӕны, уый равдыстаид, ӕмӕ йӕм Исав дӕр хорз цӕстӕй ракаст.

Сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд сыл сӕ ныййарджыты раз ӕмӕ сӕ ныййарджыты ныййарджыты раз цавӕр хӕстӕ вӕййы?

Ӕм 23:22; 1Тм 5:4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 11:31, 32. Авраам Урӕй куы ацыд, уӕд йемӕ ракодта йӕ фыд Фаррӕйы ӕмӕ йӕм йӕ мӕлӕты онг касти.

    • Мф 15:3–6. Йесо бамбарын кодта, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытыл кӕй хъуамӕ тыхсой.

Лӕджы ӕмӕ усы ныййарджытӕ

Ныййарджыты ныййарджытӕ