Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хатыр кӕнын

Хатыр кӕнын

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕйӕ кӕй ныххатыр кӕны?

Пс 86:5; Дан 9:9; Мх 7:18

Кӕс ма 2Пт 3:9

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 78:40, 41; 106:36–46. Кӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ бирӕ хӕттыты фӕриссын кодтой, уӕддӕр-иу сын ныххатыр кодта.

    • Лк 15:11–32. Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, уый бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо цӕвиттон ӕрхаста; фыд йӕ фыртӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныххатыр кодта, куы сыл ӕрфӕсмон кодта, уӕд.

Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цӕй фӕрцы ныххатыр кӕны?

Ин 1:29; Еф 1:7; 1Ин 2:1, 2

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дзт 9:22–28. Апостол Павел бамбарын кодта, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы.

    • Рар 7:9, 10, 14, 15. Апостол Иоанн ныффыста, Хуыцау «тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы.

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм, иннӕтӕ нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы саразой, уӕд?

Мф 6:14, 15; Мч 11:25; Лк 17:3, 4; Иак 2:13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 42:7–10. Цалынмӕ Йегъовӕ Иовы йӕ низӕй нӕ фервӕзын кодта ӕмӕ йын нӕ раарфӕ кодта, уӕдмӕ йын загъта, цӕмӕй, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы тыххӕй скуывтаид.

    • Мф 18:21–35. Йесо цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта: цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнӕм.

Нӕ тӕригъӕдтыл басӕттын ӕмӕ сыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у?

Хъд 3:19; 26:20; 1Ин 1:8–10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 32:1–5; 51:1, 2, 16, 17. Паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ сыл зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодта.

    • Иак 5:14–16. Иаков бамбарын кодта, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс кӕй хъуамӕ бацагурӕм.

Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

Ӕм 28:13; Ис 55:7; Еф 4:28

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 21:27–29; 2Аз 18:18–22, 33, 34; 19:1, 2. Паддзах Ахав куы базыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй бафхӕрдзӕн, уӕд ӕрӕнкъард, фӕлӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтыл зӕрдӕйӕ не ’рфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ нӕ ныххатыр кодта; паддзах Ахавы Йегъовӕйы тӕрхон баййӕфта.

    • 2Аз 33:1–16. Паддзах Манасси тынг бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Уый фӕстӕ Манасси архайдта, цӕмӕй израилӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн куывтаиккой.

Йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны?

Пс 103:10–14; Ис 1:18; 38:17; Йер 31:34; Мх 7:19

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 2См 12:13; 24:1; 1Пд 9:4, 5. Кӕд паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр ын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта; уый фӕстӕ йӕ Хуыцау хуыдта иузӕрдион адӕймаг.

Йесо куыд равдыста, Йегъовӕйау хатыргӕнаг кӕй у?

Пс 86:5; Лк 23:33, 34

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 26:36, 40, 41. Йесойӕн йе ’ртӕ ӕмбалы бафынӕй сты, ӕххуыс ӕй ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыд, уӕд; Йесо ӕмбӕрста, кӕд сӕ фӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кӕной, уӕддӕр тынг фӕллад кӕй уыдысты.

    • Мф 26:69–75; Лк 24:33, 34; Хъд 2:37–41. Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йесо ныххатыр кодта; куы райгас, уӕд ӕм хицӕнӕй фӕзынд, фӕстӕдӕр та йын ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта.

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ алкӕмӕн кӕй нӕ ныххатыр кӕндзӕн?

Мф 12:31; Дзт 10:26, 27; 1Ин 5:16, 17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 23:29–33. Йесо чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн загъта, гееннӕйы кӕй фесӕфдзысты, ома ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты.

    • Ин 17:12; Мч 14:21. Йесо Иудӕ Искариоты схуыдта «сафинаг чи уыди, уый» ӕмӕ загъта, хуыздӕр кӕй уыдаид, йӕ уӕйгӕнӕг куы нӕ райгуырдаид.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм?