Зӕрдӕ
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕхдӕр кӕй фӕамоны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уымӕ, ома нӕ хъуыдытӕм, нӕ фӕндтӕм, нӕ миниуджытӕм ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕм?
Пс 49:3; Ӕм 16:9; Лк 5:22; Хъд 2:26
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Лк 9:46–48. Йесо йӕ апостолты бараст кодта, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ уыдта; уыдоны фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕй уӕлдӕр уыдаиккой.
-
Зӕрдӕ хъахъхъӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 6:5–7. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр ӕвзӕрдзинадыл уыдысты, ӕмӕ зӕхх фыддзинадӕй байдзаг; уымӕ гӕсгӕ Хуыцау зӕххыл Доны хъаймӕт рауагъта.
-
1Пд 11:1–10. Паддзах Соломон йӕ зӕрдӕ нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕхицӕн ӕндӕрбӕстаг устытӕ ракуырдта, ӕмӕ йӕ уыдон Йегъовӕйӕ адард кодтой.
-
Мч 7:18–23. Йесо бамбарын кодта, ӕвзӕр фӕндтӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы кӕй фӕзынынц; уыцы фӕндтӕ йӕ, гӕнӕн ис, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕм ӕркӕной.
-
Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ бахъахъхъӕнын?
Пс 19:14; Ӕм 3:3–6; Лк 21:34; Фп 4:8
Кӕс ма Езд 7:8–10; Пс 119:11
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Еф 6:14–18; 1Фс 5:8. Апостол Павел хӕстон дзауматӕ куы ранымадта, уӕд бамбарын кодта, рӕстдзинад, уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад адӕймагӕн йӕ «зӕрдӕ» кӕй хъахъхъӕнынц, згъӕрхӕдон ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ куыд хъахъхъӕдта, афтӕ.
-
Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, адӕймагӕн йӕ «зӕрдӕ», куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нал кусы?
Кӕс ма Ӕм 6:12–14
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
2Аз 25:1, 2, 17–27. Цасдӕр рӕстӕг паддзах Амаси арӕзта, Хуыцауы цӕсты раст цы уыд, уый, фӕлӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ; рӕстӕг куы рацыд, уӕд ссӕрбӕрзонд, Йегъовӕмӕ нал хъуыста ӕмӕ йӕ уый бӕллӕхмӕ ӕркодта.
-
Мф 7:17–20. Йесо бамбарын кодта, ӕвзӕр бӕлас ӕвзӕр дыргъ куыд хӕссы, афтӕ адӕймагӕн дӕр йӕ зӕрдӕ ӕвзӕр куы уа, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй араздзӕн.
-
Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ» хорз уа ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?
Кӕс ма Пс 119:97, 104; Ро 12:9–16; 1Тм 1:5
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
2Пд 20:1–6. Паддзах Йезеки Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта, ӕмӕ мӕлӕтдзаг рынчын куы фӕци, уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын фӕтӕригъӕд кодтаид.
-
Мф 21:28–32. Йесо цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йӕ ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй кӕй вӕййы бӕрӕг.
-
Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕм кӕй кӕсы, уый нын ныфсы хос цӕмӕн у?
Кӕс ма 1См 2:3
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1См 16:1–13. Пехуымпар Самуил бамбӕрста, Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ хуызмӕ кӕй нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ.
-
2Аз 6:28–31. Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд паддзах Соломон скуывта; йӕ куывдӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ тынг хорз кӕй ӕмбары, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ уый фӕрцы зоны, куыд нын баххуыс кӕна, уый.
-