Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕрныллӕгдзинад

Сӕрныллӕгдзинад

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы сӕрныллӕг адӕймагмӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймагмӕ?

Пс 138:6; Ӕм 15:25; 16:18, 19; 22:4; 1Пт 5:5

Кӕс ма Ӕм 29:23; Ис 2:11, 12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 26:3–5, 16–21. Паддзах Ози ссӕрбӕрзонд; Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт ӕмӕ йын уынаффӕ куы радтой, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йыл уый тыххӕй Хуыцау хъотыр бафтыдта.

    • Лк 18:9–14. Йесо цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы сӕрныллӕг адӕймаджы куывдмӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймаджы куывдмӕ.

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагмӕ?

2Аз 7:13, 14; Пс 51:2–4, 17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 12:5–7. Паддзах Ровоам ӕмӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ сӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кодтой, ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ фыдӕх нӕ ныккалдта.

    • 2Аз 32:24–26. Хорз паддзах Езеки ссӕрбӕрзонд, фӕлӕ йӕхи Йегъовӕйы раз куы ӕрныллӕг кодта, уӕд ын ныххатыр кодта.

Сӕрныллӕгдзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?

Еф 4:1, 2; Фп 2:3; Кл 3:12, 13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 33:3, 4. Исав Иаковмӕ тынг мӕсты уыд, фӕлӕ куы фембӕлдысты, уӕд Иаков диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ уый фӕрцы бафидыдтой.

    • Трх 8:1–3. Тӕрхонгӕнӕг Гедеон Ефремы фырттӕн загъта, уыдонимӕ абаргӕйӕ уый кӕй ницы сарӕзта; сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыста, уый фӕрцы сӕ маст ссыди.

Йесо куыд бамбарын кодта, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?

Мф 18:1–5; 23:11, 12; Мч 10:41–45

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ис 53:7; Фп 2:7, 8. Пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй Йесо уыд сӕрныллӕг ӕмӕ цӕттӕ уыд, цӕмӕй зӕхмӕ ӕрцыдаид, хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстаид ӕмӕ худинаджы мардӕй амардаид.

    • Лк 14:7–11. Йесо радзырдта, адӕймаг фынгыл уӕлейӕ сбадыныл куы архайа, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа; афтӕмӕй бамбарын кодта, сӕрныллӕгдзинад царды куыд ӕххуыс кӕны, уый.

    • Ин 13:3–17. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта, йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ куы ныхсадта ӕмӕ сын цагъарау куы балӕггад кодта, уӕд.

Нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?

Адӕймаг иннӕты цӕстмӕ йӕхи сӕрныллӕгӕй куы февдисы, уӕд уымӕй пайда цӕуылнӕ вӕййы?