Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстӕй цӕрын

Рӕстӕй цӕрын

Рӕстӕй цӕрын цы нысан кӕны?

Пс 18:23–25; 26:1, 2; 101:2–7; 119:1–3, 80

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лв 22:17–22. Йегъовӕ домдта, цӕмӕй йын нывондӕн хастаиккой «ӕнӕсахъат» фос. Дзырд «ӕнӕсахъат» баст у, «рӕстӕй цӕрын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уыимӕ, ӕмӕ дыууӕ дзырды дӕр амонынц, ӕнӕхъӕн цы у, ахӕм цӕмӕдӕр; уымӕ гӕсгӕ «рӕстӕй цӕрын» нысан кӕны, нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам.

    • Иов 1:1, 4, 5, 8; 2:3. Иовы цардӕй бӕрӕг у: цӕмӕй адӕймаг рӕстӕй цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад кӕна, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын лӕггад кӕна ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уыдӕттӕй йӕхи хиза.

Рӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ цӕрӕм?

Цӕмӕн нӕ фӕнды рӕстӕй цӕрын?

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстӕй цӕрын сахуыр уӕм ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй цӕрӕм?

ЙсН 24:14, 15; Пс 101:2–4

Кӕс ма Д.з 5:29; Ис 48:17, 18

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 31:1–11, 16–33. Иов рӕстӕй кӕй цард, уый бӕрӕг уыд, йӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй кӕй хызта, хӕларзӕрдӕ кӕй уыд ӕмӕ иннӕты кӕй нымадта, уымӕй. Иов мӕнгхуыцӕуттӕн нӕ куывта ӕмӕ йын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад уыди, уый йын мулк ӕмӕ ’хцайӕ сӕйрагдӕр уыд.

    • Дан 1:6–21. Кӕд Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн цардысты, уӕддӕр Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кодтой, суанг ма, хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый фӕдыл цы закъӕттӕ уыд, уыдон дӕр.

Адӕймаг стыр рӕдыдтытӕ куы скӕна, уӕд ма уый гӕнӕн ис, цӕмӕй та ногӕй рӕстӕй цӕрын райдайа?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 9:2–5; Пс 78:70–72. Паддзах Давид йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ нымадта иузӕрдион адӕймагыл.

    • Ис 1:11–18. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, стыр тӕригъӕдтӕ кӕй скодтой, фӕлӕ сыл куы ’рфӕсмон кӕной ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сын кӕй ныххатыр кӕндзӕн.