Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинад

Уарзондзинад

Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы?

Йер 31:3; Ин 3:16; Ро 5:8; 1Ин 4:8, 19

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 1:1, 26–31; 2:8, 9, 15, 16. Йегъовӕ зӕхх цӕрынӕн ӕрцӕттӕ кодта; фыццаг дыууӕ адӕймаджы Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта ӕмӕ сӕ амондджынӕй цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ сын радта.

    • Пс 104:27–30. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кодта, кӕй сфӕлдыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы, уый тыххӕй.

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Ин 13:34, 35; 15:12, 13; 1Пт 4:8; 1Ин 4:10, 11; 5:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 22:36–39. Йесо загъта, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕй у Йегъовӕйы уарзын, дыккаг фӕдзӕхст та – иннӕты уарзын.

    • 1Кр 13:1–8. Апостол Павел бамбарын кодта, уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у, стӕй ма загъта, иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг.