Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕхца ӕмӕ мулк уарзын

Ӕхца ӕмӕ мулк уарзын

Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймагмӕ ӕхца ӕмӕ мулк куы уа, уӕд уый ӕвзӕр у?

Ек 7:12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 3:11–14. Паддзах Соломон сӕрныллӕг кӕй уыди, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – радта йын хъӕздыгдзинад.

    • Иов 1:1–3, 8–10. Кӕд Иов тынг хъӕздыг уыд, уӕддӕр ын ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый.

Ӕхца ӕмӕ мулк адӕймаджы ӕцӕг амондджын цӕуылнӕ кӕнынц?

Хъӕздыгдзинадӕй пайда кӕд нӕ вӕййы?

Ӕхца ӕмӕ мулк ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй сты тӕссаг?

Хъӕздыгдзинад адӕймаджы куыд фӕсайы?

Ӕм 11:4, 18, 28; 18:11; Мф 13:22

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Хъд 8:18–24. Симон не ’мбӕрста, ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн кӕй нӕй, уый.

Ӕхца куы уарзӕм, уӕд ӕнӕхай цӕмӕй фӕуыдзыстӕм?

Мф 6:19–21; Лк 17:31, 32

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мч 10:17–23. Ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг йе ’хца ӕмӕ мулк кӕй уарзта, уый йӕ бахъыгдардта, цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг суыдаид.

    • 1Тм 6:17–19. Апостол Павел загъта, цӕмӕй хъӕздыг чырыстӕттӕ сӕрбӕрзонд ма уой, уымӕн ӕмӕ сӕ уӕд Хуыцау райгонд нӕ уыдзӕн.

Ӕхца ӕмӕ мулк куы уарзӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ нӕ уый тыххӕй Хуыцау райгонд цӕуылнӕуал уыдзӕн?

Д.з 8:10–14; Ӕм 28:20; 1Ин 2:15–17

Кӕс ма Пс 52:6, 7; Ам 3:12, 15; 6:4–8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 31:24, 25, 28. Иов ӕмбӕрста, хъӕздыгдзинадыл ныфс дарын тӕссаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕймаг йӕ ныфс Хуыцауыл нал фӕдары.

    • Лк 12:15–21. Йесо бафӕдзӕхста, ӕхцауарзаг кӕй хъуамӕ ма уӕм ӕмӕ радзырдта фӕсномыг ныхас, йӕхицӕн хӕзнатӕ чи ӕмбырд кодта, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ уыд, ахӕм хъӕздыг лӕджы тыххӕй.

Цы нӕм ис, уымӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

Ӕхца ӕмӕ мулкӕй зынаргъдӕр цы у ӕмӕ цӕмӕн?

Ӕм 3:11, 13–18; 10:22; Мф 6:19–21

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Аг 1:3–11. Пехуымпар Аггейы уылты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, арфӕ сын кӕй нал кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сын кувӕндон сцалцӕг кӕнынӕй сӕйрагдӕр уыд сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ саразын ӕмӕ сӕ удыдзӕбӕхӕн цӕрын.

    • Рар 3:14–19. Йесо Лаодикийы ӕмбырдӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ сын ӕхца ӕмӕ мулк сӕ лӕггадӕй ахсджиагдӕр уыдысты.

Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын кӕй ратдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый?