Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕн удыхъӕд

Фӕлмӕн удыхъӕд

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй у?

Мф 11:28, 29; Ин 14:9

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 19:12. Пехуымпар Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд Йегъовӕ йемӕ ныхас кодта «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсӕй».

    • Ион 3:10–4:11. Кӕд Ионӕ Йегъовӕимӕ мӕстыйӕ ныхас кодта, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фӕлмӕнӕй ахуыр кодта фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын.

Адӕймаг фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй у, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

Ӕм 15:1; Еф 4:1–3; Тит 3:2; Иак 3:13, 17; 1Пт 3:15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Нм 11:26–29. Йесо Навин Моисейӕн куы загъта, цӕмӕй, сӕхи пехуымпарты хуызӕн чи дардта, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кодтаид, уӕд ын Моисей сабырӕй дзуапп радта.

    • Трх 8:1–3. Тӕрхонгӕнӕг Гедеон фӕлмӕнӕй ныхас кодта, хыл чи къахта, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ӕрсабыр сты.