Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацӕргӕтӕ; хистӕр кары адӕм

Ацӕргӕтӕ; хистӕр кары адӕм

Адӕймагыл азтӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ цы фӕивы?

Пс 71:9; 90:10

Кӕс ма темӕ «Удӕнцой», дӕлсӕргонд «Кӕмӕндӕрты, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын сӕ бон нӕу, рынчын кӕй сты кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй»

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Ек 12:1–8. Паддзах Соломон ныффыста, адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруадзынц, уӕд ыл уый куыд фӕзыны, уый тыххӕй, зӕгъӕм, цӕстӕй хорз нал фӕуыны («рудзгуытӕй чи кӕсы, уыцы сылгоймӕгтӕ талынг йеддӕмӕ ницыуал уындзысты»), хъусӕй хорз нал фӕхъусы («зарӕггӕнӕг чызджыты хъӕлӕс ма тыххӕйты хъуысдзӕн»).

Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй ацӕргӕтӕ цин кӕной, кӕд сӕ бон раздӕрау бирӕ нал вӕййы, уӕддӕр?

2Кр 4:16–18; Иак 1:2–4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 12:2, 23. Ацӕргӕ пехуымпар Самуил зыдта, Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй кувын тынг ахсджиаг кӕй у.

    • 2См 19:31–39. Паддзах Давид ацӕргӕ Верзелийӕ бузныг уыд йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй; Верзели сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ йын загъта, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн паддзахӕн Иерусалимы лӕггад кӕнын.

    • Пс 71:9, 18. Паддзах Давид мӕт кодта, кӕй базӕронд, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн йӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын кӕй нал уыдзӕн, ууыл ӕмӕ дзы хъарутӕ куырдта, цӕмӕй ӕрыгӕттӕн Хуыцауы тыххӕй дзырдтаид.

    • Лк 2:36–38. Йегъовӕ ацӕргӕ идӕдз сылгоймаг Аннӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй раарфӕ кодта.

Йегъовӕ куыд ӕвдисы, ацӕргӕтыл кӕй тыхсы?

Пс 92:12–14; Ӕм 16:31; 20:29; Ис 46:4; Тит 2:2–5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 12:1–4. Авраамыл 75 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг; уый тыххӕй йӕ йӕ бӕстӕ ныууадзын бахъуыд.

    • Дан 10:11, 19; 12:13. Данелыл 90 азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд ӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзӕн.

    • Лк 1:5–13. Йегъовӕ раарфӕ кодта ацӕргӕ Захари ӕмӕ Елизаветӕйӕн – райгуырди сын лӕппу, Иоанн.

    • Лк 2:25–35. Ацӕргӕ Симеоны Йегъовӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ федта, Мессийӕ чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллоны; Симеон Йесойы тыххӕй пехуымпарад загъта.

    • Хъд 7:23, 30–36. Пехуымпар Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдта.

Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Лв 19:32; 1Тм 5:1

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 45:9–11; 47:12. Иосиф йӕ ацӕргӕ фыд Иаковы йӕхимӕ ӕркӕнын кодта ӕмӕ йын йӕ мӕлӕты онг ӕххуыс кодта.

    • Рф 1:14–17; 2:2, 17, 18, 23. Руф йӕ ацӕргӕ ӕфсин Ноеминӕн ныфсытӕ ӕвӕрдта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта.

    • Ин 19:26, 27. Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ уарзон апостол Иоаннӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ мадмӕ кастаид.

Нӕ бон куыд у ӕмбырды ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнын?