Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ фӕдыл куы зилой

Нӕ фӕдыл куы зилой

Чырыстӕттӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕной, кӕй сӕ ӕфхӕрдзысты ӕмӕ сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, ууыл?

Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд Йегъовӕйӕ хъарутӕ цӕмӕн хъуамӕ курӕм?

Пс 55:22; 2Кр 12:9, 10; 2Тм 4:16–18; Дзт 13:6

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 19:1–18. Пехуымпар Илийайы фӕдыл куы зылдысты, уӕд Йегъовӕйӕн радзырдта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый; Йегъовӕ йӕ бафидар кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр.

    • Хъд 7:9–15. Иосифы йе ’фсымӕртӕ ’фхӕрдтой, фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уыд йӕ фарсмӕ, хъахъхъӕдта йӕ, фӕстӕдӕр та йын баххуыс кодта йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн.

Чырыстӕтты куыд фефхӕрынц?

Дзыхыныхасӕй

2Аз 36:16; Мф 5:11; Хъд 19:9; 1Пт 4:4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 18:17–35. Ассирийы паддзахы ӕрвыст лӕг рабсак, Йегъовӕйы ӕфхӕрдта ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕй хынджылӕг кодта.

    • Лк 22:63–65; 23:35–37. Йесойы йе знӕгтӕ ӕфхӕрдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, куы йӕ ӕрцахстой, уӕд ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл куы уыд, уӕд.

Сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц

Ӕрцахсынц сӕ ӕмӕ сын стӕрхон кӕнынц

Фӕнӕмынц сӕ

Адӕм сыл сӕхи ныццӕвынц

Амарынц сӕ

Чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, куы сӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сӕ фӕдыл куы зилой, уӕд?

Мф 5:44; Хъд 16:25; 1Кр 4:12, 13; 1Пт 2:23

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 7:57–8:1. Стефаны адӕм куы мардтой (семӕ уыди Савл Тарсӕй), уӕд Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй сын ныххатыр кодтаид.

    • Хъд 16:22–34. Апостол Павелы фӕнадтой ӕмӕ йӕ хъадаманты бакодтой; Павел ахӕстонгӕсмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, ӕмӕ уый фӕрцы уыцы адӕймаг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутыл цы ӕрцыд?

Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, куы нӕ ӕфхӕрой ӕмӕ нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд?

Кӕй нӕ ӕфхӕрынц, уый тыххӕй ӕфсӕрмы кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм, нӕ ныфс асӕттын цӕуылнӕ хъуамӕ бауадзӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

Пс 56:1–4; Хъд 4:18–20; 2Тм 1:8, 12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 32:1–22. Паддзах Сеннахиримы стыр ӕфсад Иерусалиммӕ куы бабырста, уӕд иузӕрдион паддзах Езеки йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдта ӕмӕ адӕмы бафидар кодта, ӕмӕ йын Хуыцау раарфӕ кодта.

    • Дзт 12:1–3. Знӕгтӕ Йесойӕ хынджылӕг кодтой, цӕмӕй йӕм худинаг ӕркастаид, фӕлӕ уый худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ йӕ ныфс асӕттын нӕ бауагъта.

Нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уый, гӕнӕн ис, цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕна?

Фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм ӕмӕ йын нӕ ном скадджын кӕнӕм

1Пт 2:19, 20; 4:12–16

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 1:6–22; 2:1–10. Иов нӕ зыдта, йе ’ппӕт бӕллӕхты Хӕйрӕг кӕй уыд аххосджын, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Уый фӕрцы сбӕлвырд, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы ном скадджын.

    • Дан 1:6, 7; 3:8–30. Анани, Мисаил ӕмӕ Азари (Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго) цӕйнӕфӕлтау Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтаиккой, фӕлтау мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты; уый фӕрцы паддзах Навуходоносор Йегъовӕйы скадджын кодта.

Нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уый фӕрцы адӕм, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы тыххӕй базоной

Лк 21:12, 13; Хъд 8:1, 4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 11:19–21. Чырыстӕттӕн сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй алы рӕттӕм алыгъдысты, ӕмӕ хорз хабар апарахат.

    • Фп 1:12, 13. Апостол Павел цин кодта, ахӕстоны йӕ кӕй бакодтой, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы бирӕтӕ хорз хабар фехъуыстой.

Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты бафидар кӕндзыстӕм

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фӕдыл кӕй фӕзилынц, уым арӕхдӕр аххосджын чи вӕййы?

Йер 26:11; Мч 3:6; Ин 11:47, 48, 53; Хъд 25:1–3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 19:24–29. Ефесы гуымирытӕ чи арӕзта, уыдонӕй чидӕртӕ хъуыды кодтой, чырыстӕттӕ цы хорз хабар хъусын кодтой, уый тыххӕй бирӕ ӕхца кӕй фесафдзысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зилын райдыдтой.

    • Га 1:13, 14. Цалынмӕ Павел (Савл) чырыстон не сси, уӕдмӕ дзуттаг диныл тынг ӕнувыд уыд ӕмӕ чырыстӕтты ӕфхӕрдта.

Чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрынц, уым аххосджын чи у?