Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кувын

Кувын

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй дӕтты?

Пс 65:2; 145:18; 1Ин 5:14

Кӕс ма Пс 66:19; Хъд 10:31; Дзт 5:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 18:36–38. Илийа Кармилы хохыл Ваалы пехуымпарты ныхмӕ куы ’рлӕууыд, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уайтагъд дзуапп радта.

    • Мф 7:7–11. Йесо загъта, цӕмӕй ӕппынӕдзух кувӕм ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, Йегъовӕ нӕм уарзӕгой Фыдау кӕй хъусдзӕн.

Чырыстӕттӕ ӕрмӕстдӕр кӕмӕ хъуамӕ кувой?

Хуыцаумӕ кӕй номӕй хъуамӕ кувӕм?

Йегъовӕ кӕй куывдтытӕ хъусы?

Йегъовӕ кӕй куывдтытӕ нӕ хъусы?

Ӕм 15:29; 28:9; Ис 1:15; Мх 3:4; Иак 4:3; 1Пт 3:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • ЙсН 24:9, 10. Йегъовӕ Валаамы куывдтытӕ нӕ хъуыста, уымӕн ӕмӕ дзы цы куырдта, уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ уыд.

    • Ис 1:15–17. Йегъовӕйӕн йӕ адӕм цӕстмӕмитӕ кӕй кодтой ӕмӕ тугкалды аххосджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын сӕ куывдтытӕ нӕ хъуыста.

Куывды кӕрон цы фӕзӕгъӕм ӕмӕ цӕмӕн?

Библийы исты фыст ис, Хуыцаумӕ лӕугӕйӕ хъӕуы кувын, бадгӕйӕ ӕви ӕндӕр искуыд, уый тыххӕй?

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд сӕ бон цӕй тыххӕй вӕййы кувын?

Хъд 4:23, 24; 12:5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Аз 29:10–19. Израилӕгтӕ кувӕндон саразынӕн мысайнӕгтӕ куы ӕрбахастой, уӕд паддзах Давид адӕмы раз Хуыцаумӕ скуывта.

    • Хъд 1:12–14. Апостолтӕ, Йесойы ’фсымӕртӕ, йӕ мад Марийӕ ӕмӕ ма иузӕрдион сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ Иерусалимы иу уаты ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иумӕ куывтой.

Куы фӕкувӕм, уӕд-иу нӕхицӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕппӕлӕм кӕнӕ-иу иннӕты дисы бафтауыныл цӕуылнӕ хъуамӕ архайӕм?

Хӕрды размӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Йегъовӕмӕ ӕдзух цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Ро 12:12; Еф 6:18; 1Фс 5:17; 1Пт 4:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дан 6:6–10. Данел Йегъовӕмӕ куывта, кӕд уый тыххӕй йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр.

    • Лк 18:1–8. Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас: мӕнгард тӕрхонгӕнӕг идӕдз усы лӕгъстӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста. Уый фӕрцы Йесо бамбарын кодта, нӕ рӕстаг Хуыцауӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕххуыс куы фӕкурынц, уӕд сӕ кӕй фехъусы.

Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса ӕмӕ нын хатыр кӕна?

2Аз 7:13, 14

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 22:11–13, 18–20. Паддзах Иоси йӕхи Йегъовӕйы раз кӕй ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл кӕй архайдта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕм хӕларзӕрдӕдзинад равдыста.

    • 2Аз 33:10–13. Паддзах Манасси йӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид. Йегъовӕ йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ паддзахӕй сӕвӕрдта.

Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?

Цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уа?

Нӕ куывдтытӕй цӕмӕн хъуамӕ уа бӕрӕг, нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр нӕ уӕларвон Фыдыл кӕй дарӕм?

Нӕ бон цӕй тыххӕй у Йегъовӕмӕ кувын?

Йӕ ном срухс уа

Йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд дӕтта

Йӕ фӕндон сӕххӕст уа

Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын дӕтта

Нӕ тӕригъӕдтӕ нын хатыр кӕна

Фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд нын ӕххуыс кӕна

Нӕ бон ын у бузныг дзурын

Йӕ фӕндон ын хуыздӕр базонӕм ӕмӕ ’мбаргӕ уӕм

Ӕм 2:3–6; Фп 1:9; Иак 1:5

Кӕс ма Пс 119:34

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 1Пд 3:11, 12. Йегъовӕ паддзах Соломоны стыр зондӕй схайджын кодта, зонд дзы кӕй куырдта, уый тыххӕй.

Йӕ сыгъдӕг тых нын дӕтта

Хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕна, уыимӕ, кӕй фӕдыл зилынц, уыдонӕн дӕр

Йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй йӕ кадджын кӕнӕм

Пс 86:12; Ис 25:1; Дан 2:23

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 10:21. Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмӕн рӕстдзинад кӕй раргом кодта, уый тыххӕй йӕ Йесо иннӕты раз скадджын кодта.

    • Рар 4:9–11. Зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнынц.

Хицӕуттӕ нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ хъусын кӕнын ма хъыгдарой

Адӕймаг донаргъуыд куы иса, уӕд йӕ бон кувын у?

Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдоны тыххӕй нӕ бон кувын у?

Нӕлгоймӕгтӕ арӕхдӕр гомсӕрӕй цӕмӕн фӕкувынц, сылгоймӕгтӕ та иуӕй-иу хатт сӕ сӕртӕ цӕмӕн бамбӕрзынц?

Цас фӕкувӕм ӕмӕ куыд фӕкувӕм, уымӕй ахсджиагдӕр цы у?

Хър 3:41; Мф 6:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 18:25–29, 36–39. Илийа Ваалы пехуымпартӕн загъта, цӕмӕй сӕ хуыцаумӕ куывтаиккой ӕмӕ, ӕцӕг хуыцау у ӕви нӕ, уый рабӕрӕг уыдаид; уыдон Ваалмӕ райсомӕй сихормӕ куывтой, фӕлӕ сын дзуапдӕттӕг нӕ уыд.

    • Хъд 19:32–41. Ефесы цӕрджытӕ дыууӕ сахаты сӕ хуыцау Артемидӕмӕ хъӕр кодтой, фӕлӕ сын горӕты сӕргълӕууӕг уайдзӕф цы бакодта, ӕндӕр сӕ хъӕрӕй ницы рауад.