Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хабар хъусын кӕнын

Хорз хабар хъусын кӕнын

Ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕтӕн цӕмӕн дзурынц, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй?

Йесойӕн хорз хабар хъусын кӕнын цас ахсджиаг уыд?

Лк 8:1; Ин 18:37

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 4:42–44. Йесо загъта, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд ӕрвыст, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕна.

    • Ин 4:31–34. Йесо бамбарын кодта, хорз хабар хъусын кӕнын ын хӕринагӕй уӕлдай кӕй нӕ уыд.

Хорз хабар ӕрмӕстдӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуамӕ хъусын кӕной?

Пс 68:11; 148:12, 13; Хъд 2:17, 18

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 5:1–4, 13, 14, 17. Гыццыл израилаг чызг Нееманы усӕн радзырдта Йегъовӕйы пехуымпар Елисейы тыххӕй.

    • Мф 21:15, 16. Гыццыл лӕппутӕ Йесойы кӕй кадджын кӕнынц, уый сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ куы фехъуыстой, уӕд тынг смӕсты сты, фӕлӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта.

Ӕмбырды цӕстдарджытӕн сӕ бон куыд у хъусынгӕнджыты ахуыр кӕнын, цӕмӕй хорз хабар арӕхстджынӕй хъусын кӕной?

Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо хорз хабар хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

2Кр 4:7; Фп 4:13; 2Тм 4:17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 16:12, 22–24; 1Фс 2:1, 2. Кӕд апостол Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты тынг бафхӕрдтой, уӕддӕр Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы дарддӕр дӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кодтой.

    • 2Кр 12:7–9. Кӕд апостол Павелӕн йӕ «буары фӕцавдӕуыд сындз» (ӕвӕццӕгӕн, цавӕрдӕр низӕй хъӕрзыд), уӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ тыхтӕ лӕвӕрдта.

Чырыстон хорз хабар кӕй ӕмӕ цӕй фӕрцы хъусын кӕны?

1Кр 1:26–28; 2Кр 3:5; 4:13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ин 7:15. Йесо дины скъолайы нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ куыд бирӕ зыдта, ууыл адӕм дис кодтой.

    • Хъд 4:13. Иуӕй-иутӕ апостолты нымадтой хуымӕтӕг, ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд, ахӕм адӕймӕгтыл, фӕлӕ уыдон хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой.

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн амонӕм, куыд хъӕуы хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын?

Мч 1:17; Лк 8:1; Еф 4:11, 12

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ис 50:4, 5. Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд ӕй Йегъовӕ ахуыр кодта.

    • Мф 10:5–7. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕразонӕй ахуыр кодта хорз хабар хъусын кӕнын.

Хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд цы фенкъарӕм?

Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ адӕмимӕ цӕуыл фӕдзурӕм?

Чырыстӕттӕ мӕнг динты ахуырӕдтӕ цӕмӕн ӕргом кӕнынц?

2Кр 10:4, 5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мч 12:18–27. Саддукейты нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты; Йесо Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, цӕмӕй сын равдыстаид, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц.

    • Хъд 17:16, 17, 29, 30. Апостол Павел афинӕгтимӕ ныхас кодта ӕмӕ сын бамбарын кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн кувын раст кӕй нӕу.

Хорз хабар кӕм фӕхъусын кӕнӕм?

Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым цӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм?

Нӕ лӕггады нӕ фӕразондзинад цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ ӕппынӕдзух цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

Адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы, уӕд ыл уый куыд фӕзыны?

Хорз хабар хъусын кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

1Кр 9:23; 1Тм 2:4; 1Пт 3:15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ин 4:6, 7, 13, 14. Кӕд Йесо тынг фӕллад уыд, уӕддӕр хорз хабары тыххӕй радзырдта, цъайы раз цы самариаг сылгоймагыл сӕмбӕлд, уымӕн.

    • Фп 1:12–14. Апостол Павелы йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны куы бакодтой, уӕд дӕр алы фадатӕй пайда кодта, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кодтаид ӕмӕ сӕ фидар кодтаид.

Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хорз хабармӕ алы адӕймаг дӕр байхъусдзӕн?

Ин 10:25, 26; 15:18–20; Хъд 28:23–28

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Йер 7:23–26. Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта, йӕ адӕммӕ йӕ пехуымпарты бирӕ хӕттыты кӕй арвыста, фӕлӕ сӕм уыдон кӕй нӕ хъуыстой.

    • Мф 13:10–16. Йесо бамбарын кодта, хабар Исайы рӕстӕг куыд уыди, афтӕ кӕй уыдзӕн: бирӕтӕ хорз хабар фехъусдзысты, фӕлӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсдзысты.

Бирӕтӕ хорз хабармӕ байхъусынӕн рӕстӕг кӕй не ссарынц, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, чидӕртӕ-иу хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты, фӕлӕ-иу сӕ уый фӕстӕ фылдӕр базонын кӕй нӕ бафӕнддзӕн?

Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?

Хъусын кӕнын нӕ куы нӕ фӕуадзынц, уӕд куыд бакӕнӕм?

Иуӕй-иутӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

Хорз хабар хъусынгӕнджытыл Хуыцауы раз цавӕр хӕс ис?

Алыхуызон динтыл хӕст чи у ӕмӕ алы адӕмыхаттӕй чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

Къуырийы кӕцыфӕнды бон дӕр, уыимӕ сабаты дӕр, хъусын кӕнын ӕмбӕлы?

Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, алкӕмӕн дӕр кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, адӕймагмӕ Библи куы уа ӕмӕ цавӕрдӕр диныл хӕст куы уа, суанг уӕд дӕр?