Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрфӕсмон кӕнын

Ӕрфӕсмон кӕнын

Адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ тӕригъӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ курой, цӕмӕй сын ныххатыр кӕна?

Ро 3:23; 5:12; 1Ин 1:8

Кӕс ма Хъд 26:20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 18:9–14. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, нӕ тӕригъӕдтыл кӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕй ӕххуыс кӕй хъуамӕ курӕм.

    • Ро 7:15–25. Кӕд Павел апостол уыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар уыд, уӕддӕр ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнын ӕй кӕй хъуыди, уый.

Йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Йез 33:11; Ро 2:4; 2Пт 3:9

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 15:1–10. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ зӕдтӕ кӕй фӕцин кӕнынц.

    • Лк 19:1–10. Йесо хъалонисӕг Закхейӕн ныххатыр кодта, адӕмӕй-иу хӕрамӕй ӕхца кӕй байста, ууыл куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд.

Нӕ тӕригъӕдтыл ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

Йӕ тӕригъӕдтыл ӕцӕгдӕр чи фӕсмон кӕны, уый бӕлвырдӕй цӕмӕн хъуамӕ базона, рӕстдзинад цы у, уый?

Ро 12:2; Кл 3:9, 10; 2Тм 2:25

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 17:29–31. Апостол Павел афинӕгтӕн бамбарын кодта, адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн уый тыххӕй кӕй кувынц, ӕмӕ Хуыцауы нӕ зонынц ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой.

    • 1Тм 1:12–15. Цалынмӕ апостол Павел Йесо Чырыстийы тыххӕй хабар бӕлвырд нӕ базыдта, уӕдмӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ арӕзта.

Тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын тынг ахсджиаг у?

Кӕд бирӕ тӕригъӕдтӕ сарӕзтам, уӕддӕр сыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын сӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн?

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ цард чи аивта, уыдонмӕ?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕрфӕсмон кӕнын ӕрмӕст уый кӕй нӕу, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл худа ӕмӕ хатыр курай?

2Аз 7:14; Ӕм 28:13; Йез 18:30, 31; 33:14–16; Мф 3:8; Хъд 3:19; 26:20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 33:1–6, 10–16. Кӕд паддзах Манасси бирӕ рӕстӕг стыр тӕригъӕдтӕ арӕзта, уӕддӕр фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодта: йӕхи Хуыцауы раз ӕрныллӕг кодта, куывта йӕм ӕмӕ йӕ цард аивта.

    • Пс 32:1–6; 51:1–4, 17. Паддзах Давид зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта: Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, ууыл ӕрфӕсмон кодта, басаст сыл ӕмӕ дзы хатыр куырдта.

Нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын цӕмӕн хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм?