Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыст

Куыст

Куыст ӕмӕ циндзинад кӕрӕдзийыл куыд баст сты?

Дӕ куыст хорз кӕнай, уый цы пайда у?

Ӕм 22:29

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 16:16–23. Давид уыд дӕсны музыкант, ӕмӕ-иу йӕ цагъдмӕ хъусгӕйӕ паддзах Саулӕн йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр.

    • 2Аз 2:13, 14. Хирам-Ави дӕсны кусӕг кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ паддзах Соломон Йегъовӕйы кувӕндон аразынмӕ фӕхуыдта.

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй сын хорз кусджыты ном уа?

Еф 4:28; Кл 3:23

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 24:10–21. Ревеккӕ уыди сӕрӕн ӕмӕ куыстуарзаг чызг; Авраамы лӕггадгӕнӕг ын цы загъта, уымӕй фылдӕр сарӕзта.

    • Фп 2:19–23. Апостол Павел ӕрыгон Тимофейӕн йӕ бӕрны ахсджиаг хӕс бакодта, уымӕн ӕмӕ Тимофей уыд сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты тыххӕй фыдӕбон кӕнынмӕ цӕттӕ уыд.

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зивӕггӕнаг цӕуылнӕ хъуамӕ уой?

Ӕм 13:4; 18:9; 21:25, 26; Ек 10:18

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Ӕм 6:6–11. Паддзах Соломон ракодта мӕлдзыджы кой, цӕмӕй бамбарын кодтаид, зивӕг кӕнын хорз кӕй нӕу ӕмӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, уый.

Цӕмӕй нӕхи дарын нӕ бон уа, уый тыххӕй нӕ фыдӕбон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Цӕмӕй нӕ бинонты дарын нӕ бон уа, уый тыххӕй нӕ фыдӕбон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

1Тм 5:8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рф 1:16, 17; 2:2, 3, 6, 7, 17, 18. Ӕрыгон идӕдз сылгоймаг Руф фыдӕбон кодта, цӕмӕй йе ’фсин Ноемины дарын йӕ бон уыдаид.

    • Мф 15:4–9. Иуӕй-иутӕ сӕ ныййарджытӕм нӕ кастысты, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый ӕфсонӕй, фӕлӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта.

Чырыстӕттӕм сӕ фыдӕбоны фӕрцы цы ис, уымӕй иннӕтӕн цӕмӕн хъуамӕ хай кӕной?

Ӕхца кусынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ куыст хорз кӕнӕм ӕмӕ нӕхи дарынхъом уӕм?

Мф 6:25, 30–32; Лк 11:2, 3; 2Кр 9:10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 31:3–13. Лаван йӕ сиахс Иаковыл сайдӕй рацыд, фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, Иаков уӕззау фыдӕбон кӕй кодта ӕмӕ йын раарфӕ кодта.

    • Рд 39:1–6, 20–23. Йегъовӕ Иосифы фыдӕбонӕн арфӕ кодта, Потифары хӕдзары куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ ахӕстоны дӕр.

Нӕ куыст нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр цӕуылнӕ хъуамӕ уа?

Пс 39:5–7; Мф 6:33; Ин 6:27

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 12:15–21. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймагӕн ӕхца кусын Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕй ахсджиагдӕр куы уа, уӕд уый зондыл дзурӕг кӕй нӕ уыдзӕн.

    • 1Тм 6:17–19. Хъӕздыг чи уыд, уыдонӕн апостол Павел загъта, цӕмӕй иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кӕсой, фӕлӕ «хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй».

Куыст ӕвзаргӕйӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

Йегъовӕйы тыххӕй фыдӕбон кӕнын

Чырыстонӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр куыст цавӕр у?

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый цӕмӕн хъуамӕ аразӕм?

Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иутӕ цас лӕггад кӕнынц, иннӕтӕ дӕр ын уыйбӕрц хъуамӕ лӕггад кӕной?

Га 6:3–5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 25:14, 15. Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕмхуызон рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ хардз кӕной.

    • Лк 21:2–4. Йесо мӕгуыр идӕдз усы гыццыл мысайнагӕн стыр аргъ скодта.

Йегъовӕйы хъуыддаджы нын исты куы бахӕс кӕной, уӕд нын уыцы хӕс сӕххӕст кӕнынӕн тыхтӕ кӕм уыдзӕн?

2Кр 4:7; Еф 3:20, 21; Фп 4:13

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 2Тм 4:17. Апостол Павел загъта, хъару-иу ӕй куы хъуыди, уӕд-иу хъаруйӕ кӕй схайджын.

Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад цӕмӕн фӕхӕссы?