Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын

Ӕрмӕстдӕр кӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

Рц 34:14; Д.з 5:8–10; Ис 42:8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 4:8–10. Хӕйрӕг Йесойӕн загъта, куы йын бакува, уӕд ын ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр кӕй ратдзӕн; Йесо не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕндыд.

    • Рар 19:9, 10. Зӕд апостол Иоанны йӕхицӕн бакувын нӕ бауагъта.

Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

Ин 4:24; Иак 1:26, 27

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ис 1:10–17. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдоны лӕггад.

    • Мф 15:1–11. Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕй нӕ уыдзӕн, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ нын йӕ закъӕттӕй ахсджиагдӕр куы уой, уӕд.

Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Йегъовӕйӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

Дзт 10:24, 25

Кӕс ма Пс 133:1–3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 2:40–42. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстаиккой ӕмӕ Фыстад иртӕстаиккой.

    • 1Кр 14:26–40. Апостол Павел ныффыста, чырыстӕттӕ ӕмбырдты кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ фидар кӕной ӕмӕ дзы уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа; уый фӕрцы се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдаид ахуыр кӕнын ӕмӕ сын цы амыдтой, уый ӕмбарын.

Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа?

Мф 7:21–24; 1Ин 2:17; 5:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дзт 11:6. Апостол Павел бамбарын кодта, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй нӕм уырнындзинад кӕй хъуамӕ уа.

    • Иак 2:14–17, 24–26. Йесойы ӕфсымӕр Иаков бамбарын кодта, нӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг; хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ нӕ разӕнгард кӕны нӕ уырнындзинад.