156 ЗАРӔГ
Уырнындзинад мын дӕтты цӕстырухс
1. Нӕу мын тӕссаг домбайӕ,
Тас мӕ нӕ бауадздзӕн знаг.
О, Йегъовӕ у мӕ фарс –
Ӕз алкӕд дӕн ӕдас.
Ӕз зонын, мемӕ ис Хуыцау.
1-АГ БАЗАРД
Уырнындзинад
дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,
Уырнындзинад –
дӕтты уый ныфс мӕнӕн.
Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,
Мӕ фидӕн ӕз уынын.
Алкӕддӕр мын
хъарутӕ дӕтдзӕн
Уырнындзинад.
2. Рагон лӕггадгӕнджытӕ
Цардысты ӕдзух рӕстӕй.
Цас фӕрӕзтой зынтӕн!
Сӕ фидӕн у цӕттӕ.
Уый фендзыстӕм нӕхи цӕстӕй.
1-АГ БАЗАРД
Уырнындзинад
дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,
Уырнындзинад –
дӕтты уый ныфс мӕнӕн.
Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,
Мӕ фидӕн ӕз уынын.
Алкӕддӕр мын
хъарутӕ дӕтдзӕн
Уырнындзинад.
2-АГ БАЗАРД
Уыдзӕн мӕ бон
хӕхтӕ дӕр фӕлдахын,
Куы уа мӕнмӕ
уырнындзинад.
Уадзы мӕ ныфс,
Ӕмӕ фӕлӕууын
фидар ӕз.
Мӕнӕн уый хъахъхъӕны мӕ цард.
3. Уайы мӕ цард мӕ цӕстыл.
Уый у зынаргъ лӕвар.
Мӕ фӕнд – фидар уон,
Йегъовӕйӕн цӕрон.
Тагъд ӕппӕтыл дӕр цӕудзӕн йӕ бар!
1-АГ БАЗАРД
Уырнындзинад
дӕтты мӕнӕн цӕстырухс,
Уырнындзинад –
дӕтты уый ныфс мӕнӕн.
Ӕз Хуыцауӕй дӕн ныфсджын,
Мӕ фидӕн ӕз уынын.
Алкӕддӕр мын
хъарутӕ дӕтдзӕн
Уырнындзинад,
Уырнындзинад.
(Ноджыдӕр кӕс Дзут. 11:1–40.)