Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС РАЙДАЙЫН

1 УРОК

Иннӕтыл хъуыды кӕн

Иннӕтыл хъуыды кӕн

Уагӕвӕрд: «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Кор. 13:4, 5).

Йесо куыд бакодта?

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Иоанны 4:6–9. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1.   а) Йесо йӕ хъус цӕмӕ ӕрдардта, цалынмӕ сылгоймагимӕ ныхас кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ?

  2.  б) Йесо загъта: «Дон-ма мын авӕр». Йӕ ныхас афтӕ кӕй райдыдта, уый хорз цӕмӕн уыд?

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Адӕймаджы цы цымыдис кӕны, нӕ ныхас уымӕй куы райдайӕм, уӕд нӕм хуыздӕр байхъусдзӕн.

Йесойы фӕзм

3. Дӕ ныхас фӕивынмӕ цӕттӕ у. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, цы темӕ бацӕттӕ кодтай, дӕ ныхас хъуамӕ ӕнӕмӕнг уымӕй райдайай. Дӕ ныхас-иу райдай, иннӕты цы цымыдис кӕны, уымӕй. Ахъуыды-иу кӕн:

  1.   а) «Ног хабӕртты цӕй кой кӕнынц?»

  2.  б) «Мӕ сыхӕгтӕ, ме ’мкусджытӕ кӕнӕ мӕ къласӕгтӕ цӕуыл дзурынц?»

4. Лӕмбынӕг у. Ахъуыды кӕн:

  1.   а) «Адӕймаг цы кусы? Цымӕ цӕуыл хъуыды кӕны?»

  2.  б) «Йӕ конд ӕмӕ йӕ уындмӕ гӕсгӕ кӕнӕ йӕ хӕдзармӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, цӕуыл ӕууӕнды кӕнӕ цавӕр адӕмыхаттӕй у ӕмӕ цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст у, уый?»

  3.  в) «Цымӕ йӕ ныхас кӕнынмӕ ’вдӕлы?»

5. Цы дзуры, уымӕ хъус.

  1.   а) Ӕгӕр бирӕ ма дзур.

  2.  б) Йемӕ афтӕ ныхас кӕн, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзура. Гӕнӕн куы уа, уӕд ӕм фарстатӕ дӕтт.