Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС РАЙДАЙЫН

2 УРОК

Хуымӕтӕг ныхас кӕн

Хуымӕтӕг ныхас кӕн

Уагӕвӕрд: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» (Ӕмб. 15:23).

Филипп куыд бакодта?

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1.   а) Филипп йӕ ныхас куыд райдыдта?

  2.  б) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ йӕ ныхас хуымӕтӕгӕй райдыдта ӕмӕ нӕлгоймагӕн ног цыдӕр хуымӕтӕгӕй бацамыдта?

Филиппӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Адӕймагимӕ хуымӕтӕг ныхас куы кӕнӕм, уӕд ын немӕ ӕнцон уыдзӕн ӕмӕ хорз хабармӕ хуыздӕр байхъусдзӕн.

Филиппы фӕзм

3. Лӕмбынӕг у. Адӕймагӕн йӕ цӕсгомы ӕмӕ йе уӕнгты змӕлдӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Демӕ ныхас кӕнын ӕй кӕй фӕнды, уый бӕрӕг у? Уӕд ӕй дӕ бон у Библийӕ истӕмӕй бафӕрсын: «Зыдтай йӕ?..» Адӕймаджы демӕ ныхас кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд-иу ыл ма ныттыххӕй у.

4. Тагъд ма кӕн. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ адӕймагимӕ хъуамӕ уайтагъд райдайай Библийыл ныхас кӕнын. Банхъӕлмӕ-иу кӕс, уымӕн дын фадат куы фӕуа, уымӕ. Ахӕм фадат дын, чи зоны, фӕуа, дыккаг хатт куы ныхас кӕнат, ӕрмӕстдӕр уӕд.

5. Дӕ ныхас-иу уавӕрмӕ гӕсгӕ фӕив. Адӕймаг, гӕнӕн ис, дзурын райдайа, дӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр цы нӕ уыд, ахӕм цӕуылдӕр. Цӕттӕ-иу у, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕнай, уый цӕуыл фӕнды кӕнӕ уый цы тыхсын кӕны, ууыл, кӕд дӕу Библийӕ бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр фӕндыд аныхас кӕнын, уӕддӕр.