Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НЫХАС РАЙДАЙЫН

6 УРОК

Ныфсджын у

Ныфсджын у

Уагӕвӕрд: «Хуыцау [нын] радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам» (1 Фес. 2:2).

Йесо куыд бакодта?

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Лукайы 19:1–7. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1.   а) Закхейӕ иуӕй-иутӕ сӕхи цӕмӕн хызтой?

  2.  б) Йесойы цӕмӕн бафӕндыд Закхейӕн хорз хабар радзурын?

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Хъуамӕ ныфсджын уӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алкӕмӕн дӕр дзурӕм.

Йесойы фӕзм

3. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Хуыцау Йесойы йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид ӕмӕ дӕу дӕр схайджын кӕндзӕн (Матф. 10:19, 20; Лук. 4:18). Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ бон уа ныфсджынӕй хъусын кӕнын, кӕмӕ нӕ уӕндыс, уыдонӕн дӕр (Хъуыд. 4:29).

4. Макӕй хъулон кӕн. Чи зоны, кӕимӕдӕрты ныхас кӕнын нӕ уӕндӕм се ’ддаг бакасты тыххӕй, хъӕздыг кӕй сты, стыр бынаты кӕй кусынц, куыд цӕрынц кӕнӕ цы диныл хӕст сты, уый тыххӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар:

  1.   а) Йегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕрдӕтӕ уынынц, мах та нӕ.

  2.  б) Афтӕ макӕй тыххӕй хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йын Йегъовӕйы бон баххуыс кӕнын нӕу.

5. Ныфсджын у, фӕлӕ уыимӕ у уӕздан ӕмӕ ӕмбаргӕ (Матф. 10:16). Быцӕу-иу ма кӕн. Адӕймаг хорз хабармӕ куы нӕ хъуса кӕнӕ куы уынай, ӕмӕ дын тӕссаг у, уӕд-иу дӕ ныхас уӕзданӕй фӕу (Ӕмб. 17:14).

НОДЖЫДӔР МА БАКӔС