Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ДЗУБАНДИ КУ РАЙДАЙАЙ

6 УРОК

Нифсгун уо

Нифсгун уо

Уагӕвӕрд: «Хуцау [нин] равардта хъауритӕ, цӕмӕй уин Хуцауи хуарз хабар нифсгунӕй дзурдтайанӕ» (1 Фес. 2:2).

Киристе куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Лукай 19:1–7. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Еуӕй-еуетӕ сӕхе Закхеййӕй еуварс цӕмӕн дардтонцӕ?

  2.  б) Киристей ци баразӕнгард кодта, цӕмӕй ин хуарз хабар радзурдтайдӕ?

Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнгӕй нӕ фӕгъгъӕуй нифсгун ун, цӕмӕй маке гъолон кӕнӕн.

Киристей хузӕн архайӕ

3. Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарӕ. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ Киристейӕн ӕнхус кодта хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ, ӕма дӕуӕн дӕр банхус кӕндзӕй (Матф. 10:19, 20; Лук. 4:18). Йеговӕй корӕ, цӕмӕй нифсгун уай ӕма дӕ бон уа игъосун кӕнун, кӕмӕй тӕрсис, уонӕн (Гъуд. 4:29).

4. Маке гъолон кӕнӕ. Гӕнӕн ес, ӕма кедӕрти хӕццӕ дзорун не ’ндеуӕн се ’ндаг бакасти туххӕй, гъӕздуг ке ’нцӕ, кенӕ устур бунат ке ахӕссунцӕ, уой туххӕй, кенӕ ба сӕ цардиуагӕ ӕма сӕ дини туххӕй. Фал дӕ гъудий дарӕ:

  1.   а) Йеговӕ ӕма Киристей бон ӕй зӕрдитӕ уинун, мах бон ба нӕй.

  2.  б) Йеговӕ уотӕ некӕмӕй гъуди кӕнуй, аци адӕймагӕй неци рауайдзӕй, зӕгъгӕ.

5. Уо нифсгун, фал уӕздан ӕма лӕмбунӕг (Матф. 10:16). Буцӕу маке хӕццӕ кӕнӕ. Ку ’й балӕдӕрай, ӕма адӕймаг хуарз хабармӕ игъосун цӕттӕ нӕй кенӕ дин цӕмӕйдӕр тӕссаг ке ӕй, уӕд дзубанди уӕзданӕй фӕууо ӕма рандӕ уо (Ӕмб. 17:14).