Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АДӔЙМАДЖЫ НОГӔЙ БАБӔРӔГ КӔНЫН

8 УРОК

Фӕразон у

Фӕразон у

Уагӕвӕрд: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы» (1 Кор. 13:4).

Йесо куыд бакодта?

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Иоанны 7:3–5 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4, 7. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1.   а) Йесо цы хабар хъусын кодта, уымӕ йе ’фсымӕртӕ фыццаг цы цӕстӕй кастысты?

  2.  б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо йе ’фсымӕр Иаковӕн баххуыс кӕныныл кӕй архайдта?

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Хъуамӕ фӕразон уӕм, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой.

Йесойы фӕзм

3. Алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕн. Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын уайтагъд куы нӕ райдайа, уӕд-иу ыл ма ныттыххӕй у. Уавӕр куы амона, уӕд-иу ын видеороликты кӕнӕ статьяты фӕрцы бамбарын кӕн, Библийы ахуыр куыд фӕцӕуы ӕмӕ йын уый цы пайда уыдзӕн.

4. Адӕмы кӕрӕдзиимӕ ма бар. Адӕм иухуызон не сты. Дӕ бинонтӕй исчи кӕнӕ, ногӕй кӕй бабӕрӕг кӕныс, уыцы адӕймаг Библи ахуыр кӕныныл куы нӕ разы кӕна кӕнӕ йӕм Библийӕ цавӕрдӕр ахуырад раст куы нӕ кӕса, уӕд-иу ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн у, ууыл. Мыййаг, йӕ дины ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы? Йӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ йын йӕ сыхӕгтӕ исты фӕдзурынц? Рӕстӕг ын ратт, цӕмӕй дын дӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕна ӕмӕ бамбара, Библийы цы фыст ис, уый ахсджиаг кӕй у.

5. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаджы тыххӕй кув. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ ныфс ма асӕтта ӕмӕ алкӕддӕр уӕзданӕй ныхас кӕнай. Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй бамбарай, адӕймаджы ӕцӕгдӕр фӕнды фылдӕр базонын ӕви нӕ, ӕмӕ ма йӕм цӕуын хъӕуы ӕви нӕ, уый (1 Кор. 9:26).