Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН А

Мах уарзӕм адӕмӕн Библийы ахуырӕдтӕ амонын

Мах уарзӕм адӕмӕн Библийы ахуырӕдтӕ амонын

Йесо загъта, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабары тыххӕй куы фехъусой, уӕд кӕй бамбардзысты, уый рӕстдзинад кӕй у (Иоан. 10:4, 27). Уӕдӕ адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын Библийы хуымӕтӕг ахуырӕдты тыххӕй радзурӕм. Дӕ бон у дӕ ныхас афтӕ райдайын: «Зыдтай йӕ?..» кӕнӕ «Искуы фехъуыстай?..» Уый фӕстӕ-иу ын уыцы ахуырадимӕ баст стих (-тӕ) бакӕс, цӕмӕй йын ӕй бамбарын кӕнай. Афтӕмӕй йын, чи зоны, йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг байтауай, ӕмӕ йӕ Хуыцау сырӕзын кӕна! (1 Кор. 3:6, 7).

 ФИДӔН

  1. 1. Цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн сты, уымӕй бӕрӕг у, тагъд алцыдӕр кӕй фӕивдзӕн (Матф. 24:3, 7, 8; Лук. 21:10, 11; 2 Тим. 3:1–5).

  2. 2. Зӕхх никуы фесӕфдзӕн (Пс. 104:5; Еккл. 1:4).

  3. 3. Зӕхх ничиуал чъизи кӕндзӕн ӕмӕ дзӕнӕт суыдзӕн (Ис. 35:1, 2; Рарг. 11:18).

  4. 4. Адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз (Ис. 33:24; 35:5, 6).

  5. 5. Дӕ бон у ӕнустӕм зӕххыл цӕрын (Пс. 37:29; Матф. 5:5).

 БИНОНТӔ

  1. 6. Лӕг хъуамӕ, «йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарза йӕ усы дӕр» (Еф. 5:33; Кол. 3:19).

  2. 7. Ус хъуамӕ «йӕ лӕджы нымайа» (Еф. 5:33; Кол. 3:18).

  3. 8. Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой (Мал. 2:16; Матф. 19:4–6, 9; Дзут. 13:4).

  4. 9. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты куы нымайой ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсой, уӕд арфӕгонд уыдзысты (Ӕмб. 1:8, 9; Еф. 6:1–3).

NASA, ESA and the Hubble Heritage Team (STScI/​AURA)-ESA/​Hubble Collaboration. Licensed under CC BY 4.0. Source.

 ХУЫЦАУ

  1. 10. Хуыцауӕн ис ном (Пс. 83:18; Йер. 10:10).

  2. 11. Хуыцау нын ӕргом кӕны ахсджиаг хабар (2 Тим. 3:16, 17; 2 Пет. 1:20, 21).

  3. 12. Хуыцаумӕ фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис (Дык. з. 10:17; Хъуыд. 10:34, 35).

  4. 13. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна (Пс. 46:1; 145:18, 19).

 КУЫВД

  1. 14. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм (Пс. 62:8; 65:2; 1 Пет. 5:7).

  2. 15. Библийӕ нӕ бон у базонын, кувын куыд хъӕуы, уый (Матф. 6:7–13; Лук. 11:1–4).

  3. 16. Хъуамӕ арӕх кувӕм (Матф. 7:7, 8; 1 Фес. 5:17).

 ЙЕСО ЧЫРЫСТИ

  1. 17. Йесо уыд ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕг; йӕ уынаффӕтӕ пайда сты абон дӕр (Матф. 6:14, 15, 34; 7:12).

  2. 18. Йесо рагацау загъта, абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй (Матф. 24:3, 7, 8, 14; Лук. 21:10, 11).

  3. 19. Йесо у Хуыцауы Фырт (Матф. 16:16; Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:15).

  4. 20. Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу (Иоан. 14:28; 1 Кор. 11:3).

Based on NASA/​Visible Earth imagery

 ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД

  1. 21. Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад (Дан. 2:44; 7:13, 14; Матф. 6:9, 10; Рарг. 11:15).

  2. 22. Хуыцауы Паддзахад баивдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ (Пс. 2:7–9; Дан. 2:44).

  3. 23. Адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон (Пс. 37:10, 11; 46:9; Ис. 65:21–23).

 ЗЫНДЗИНӔДТӔ

  1. 24. Нӕ зындзинӕдты Хуыцау нӕу аххосджын (Дык. з. 32:4; Иак. 1:13).

  2. 25. Дуне ис Хӕйрӕджы къухы (Лук. 4:5, 6; 1 Иоан. 5:19).

  3. 26. Хуыцау уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕна (Пс. 34:17–19; Ис. 41:10, 13).

  4. 27. Тагъд Хуыцау зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн (Ис. 65:17; Рарг. 21:3, 4).

 МӔЛӔТ

  1. 28. Мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц ӕмӕ нӕ хъизӕмар кӕнынц (Еккл. 9:5; Иоан. 11:11–14).

  2. 29. Мӕрдтӕн сӕ бон нӕу удӕгӕстӕн нӕдӕр баххуыс кӕнын, нӕдӕр сын исты зиан ӕрхӕссын (Пс. 146:4; Еккл. 9:6, 10).

  3. 30. Чи амард, уыдон райгас уыдзысты (Иов 14:13–15; Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15).

  4. 31. «Нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Рарг. 21:3, 4; Ис. 25:8).

 ДИН

  1. 32. Динтӕ се ’ппӕт Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц (Йер. 7:11; Матф. 7:13, 14, 21–23).

  2. 33. Хуыцау цӕстмӕ митӕй йе сӕфт уыны (Ис. 29:13; Мих. 3:11; Мар. 7:6–8).

  3. 34. Раст диныл хӕст чи у, уыдоны базонӕн ис, сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уымӕй (Мих. 4:3; Иоан. 13:34, 35).