Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы сараздзӕн Хуыцауы Паддзахад

Цы сараздзӕн Хуыцауы Паддзахад

Цы сараздзӕн Хуыцауы Паддзахад

«Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (МАТФЕЙЫ 6:10).

1. Хуыцауы Паддзахады ӕрцыд цы нысан кӕндзӕн?

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кувын куы амыдта, уӕд уый зыдта, уыцы Паддзахады ӕрцыдимӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, миназты дӕргъы адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй ӕрымысыдысты, уыцы хицауиуӕгады хуызтӕн иууылдӕр. Уыцы рӕстӕджы зӕххыл, ӕмткӕй райсгӕйӕ, Хуыцауы фӕндон нӕ цыд ӕххӕстгонд (Псалом 147:8, 9). Фӕлӕ Паддзахад уӕларвыл фидаргонд куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕндон хъуамӕ ӕххӕстгонд цӕуа алкуыдӕр. Нӕ къӕсӕрыл ис, ӕгас зӕххыл дӕр адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахад куы райдайа хицауиуӕг кӕнын, уыцы рӕстӕг.

2. Зӕххыл хицауиуӕгад Хуыцауы Паддзахад йӕ къухтӕм куы райса, уӕд цавӕр цаутӕ ӕрцӕудзӕн?

2 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уый ӕрцӕудзӕн стыр зындзинады рӕстӕджы, «цавӕр нӕ уыд дунейы райдайӕнӕй нырмӕ, ӕмӕ нӕ уыдзӕн» (Матфейы 24:21). Уыцы рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый тыххӕй Библи бӕлвырдӕй ницы дзуры, фӕлӕ бӕрӕг у иу хъуыддаг: уӕд зӕххыл цӕудзӕн, адӕм уӕды онг кӕй нӕма федтой, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ. Стыр зындзинад райдайдзӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр арвыцӕфау кӕмӕй фӕуыдзысты, ахӕм цауӕй — мӕнг дины куынӕгдзинадӕй. Фӕлӕ уый ӕнӕнхъӕлӕджы цау нӕ уыдзӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, уыдон рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уыцы хабармӕ (Раргомад 17:1, 15—17; 18:1—24). Стыр зындзинадӕн йӕ кӕрон уыдзӕн Армагеддон; уӕд Хуыцауы Паддзахад скуынӕг кӕндзӕн Сайтаны цардӕвӕрд иууылдӕр (Данелы 2:44; Раргомад 16:14, 16).

3. Хивӕнд адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Иереми цы загъта?

3 Цы нысан кӕндзӕн уый, «Хуыцауы чи нӕ базыдта» ӕмӕ Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууы, уыцы уӕларвон Паддзахады тыххӕй «Евангелимӕ чи нӕ байхъуста», уыдонӕн? (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9, НФ). Библийы пехуымпарады дзырдӕуы: «Мӕнӕ! Фыдбӕллӕх ӕййафдзӕн адӕмты радгай, уаддымгӕ сыстдзӕн зӕххы кӕрӕттӕй. Уыцы бон, Иегъовӕ цы адӕмы ныццӕгъда, уыдоны мӕрдтӕй зӕххы цъарыл къах ӕрӕвӕрӕн нал уыдзӕн. Нӕдӕр сыл кӕуӕг уыдзӕн, нӕдӕр сӕ чи ӕрӕмбырд кӕна кӕнӕ сӕ чи баныгӕна, уый. Фаджысы бӕсты уыдзысты зӕххыл» (Иереми 25:32, 33).

Нал уыдзӕн фыддзинад

4. Иегъовӕ ацы фыдцардӕвӕрд куы фесафа, уӕд ӕм азым ӕрхӕссӕн цӕуылнӕ уыдзӕн?

4 Иегъовӕ Хуыцау миназты дӕргъы быхста фыддзинадӕн; уыцы рӕстӕг фаг у, цӕмӕй растзӕрдӕ адӕм феной, адӕмы хицауиуӕгад дунейы сӕфтмӕ кӕй кӕны, уый. Иу куыстмӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст XX ӕнусы 150 милуан адӕймаджы фӕмард хӕстыты, революцитӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон змӕстыты. Адӕймаг куыд ӕгъатыр у, уый уӕлдай тынг та рабӕрӕг Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы: уыцы хӕсты фӕмард 50 милуан адӕймаджы, уыимӕ дзы бирӕтӕ фыдмардӕй амардысты фашистты концентрацион лагерты. Ӕцӕгдӕр, Библи развӕлгъау куыд загъта, афтӕ абон «фыдзӕрдӕ адӕм... ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын сты фыддзинады» (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13). Абоны хуызӕн парахат никуы уыдысты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, фыдракӕндтӕ, тыхми; бӕрнон бынӕтты кусджытӕ куыд гӕртамхортӕ сты ӕмӕ адӕм Хуыцауы закъӕттӕ куыд ницӕмӕ дарынц, афтӕ никуы ма уыд. Уӕдӕ Иегъовӕ ацы фыддуне куы фесафа, уӕд ӕм азым ничи ӕрхӕсдзӕн.

5, 6. Радзур, рагон Ханааны цы фыдхъуыддӕгтӕ цыд, уыдоны тыххӕй.

5 3 500 азы размӕ Ханааны цы уавӕр уыд, раст ахӕм уавӕр ис дунейы абон дӕр. Библийы дзырдӕуы: «Иегъовӕ ӕлгъ цӕуылдӕриддӕр кӕны ӕмӕ йӕ цӕсты сындз цы у, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕнынц уыдон сӕ хуыцӕуттӕн. Суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр иудадзыг хӕссынц артыл нывондӕн сӕ хуыцӕуттӕн» (Дыккаг закъон 12:31). Иегъовӕ бамбарын кодта Израилы адӕмӕн: «Уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Иегъовӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй суры дӕуӕй» (Дыккаг закъон 9:5). Библийы истори иртасӕг Генри Геллей фыссы: «Ваал, Астартӕ ӕмӕ ӕндӕр хананейаг хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ адӕм кодтой тынг ӕлгъаг ӕмӕ цъаммар хъуыддӕгтӕ, сӕ кувӕндӕттӕ уыдысты ӕнӕгъдаудзинады артдзӕстытӕ».

6 Геллей равдыста, сӕ фыдхъуыддӕгтӕй сӕ зӕрдӕтӕ бынтондӕр куыд ныддур сты, уый: иу ахӕм бынаты археологтӕ ссардтой «бирӕ дурынтӕ, Ваалӕн нывондӕн кӕй хастой, уыцы сывӕллӕтты стджытимӕ». Геллей загъта: «Уыцы бынат ӕгасӕй дӕр уыд ноггуырд сывӕллӕтты уӕлмӕрд. [...] Хананейӕгтӕ сӕ хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ кодтой алыхуызон ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ; ӕмӕ сӕ фыццаггуырдты нывондӕн хастой уыцы хуыцӕуттӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Ханааны зӕхх, йӕ адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ, Содом ӕмӕ Гоморрӕй хъауджыдӕр кӕй нӕ уыд. [...] Цымӕ ахӕм хӕлд ӕмӕ цъаммар ӕхсӕнадон цардӕвӕрдӕн дарддӕр уӕвыны бар уыди? [...] Ханааны хӕлддзӕгтӕ цы археологтӕ къахынц, уыдоны стыр дисы ӕфтауы, уыцы адӕмы Хуыцау уымӕй бирӕ раздӕр куыннӕ фесӕфта, уый».

Чи баззайдзӕн зӕххыл

7, 8. Хуыцау зӕхх куыд ссыгъдӕг кӕндзӕн?

7 Хуыцау Ханааны зӕхх куыд ссыгъдӕг кодта, раст афтӕ тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕхх дӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн фыдгӕнджытӕй ӕмӕ йӕ ратдзӕн, йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн. «Рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты зӕххыл, ӕмӕ йыл ӕнаипп адӕм баззайдзысты. Фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн уыцы зӕххыл» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21, 22). Псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст... Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:10, 11). Иуварсгонд ӕрцӕудзӕн Сайтан дӕр, цӕмӕй «мауал сайа адӕмы, цалынмӕ мин азы фӕуой, уӕдмӕ» (Раргомад 20:1—3). Уӕвгӕ, «дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

8 Зӕххыл ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уыдонмӕ цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Йесо афтӕ бамбарын кодта: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5). Ӕвӕццӕгӕн, ам Йесо ӕрхаста Псаломы 36:29-ӕм стих, цыран развӕлгъау уыд загъд: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). Йесо зыдта, Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый. Иегъовӕ зӕгъы: «Зӕхх дӕр ӕмӕ йӕ уӕлӕ цы адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдоны дӕр Ӕз сфӕлдыстон ме стыр хъомысӕй... ӕмӕ йӕ Ӕз дӕттын, мӕ разы йӕхицӕн хорз ном чи скодта, уыдонӕн» (Иереми 27:5).

Диссаджы ног дуне

9. Хуыцауы Паддзахад цавӕр дуне сараздзӕн?

9 Армагеддоны фӕстӕ Хуыцауы Паддзахад сараздзӕн, рӕстдзинад кӕм уа, ахӕм диссаджы «ног зӕхх» (2 Петры 3:13). Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдон сулӕфдзысты ацы мӕнгард фыддунейӕ. Ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕной: уыдон бацӕудзысты, уӕларвон Паддзахад кӕуыл къухдариуӕг кӕна, уыцы рӕстаг ног дунемӕ, уым та сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ ӕнусон цард! (Раргомад 7:9—17).

10. Зӕххыл хицауиуӕгад Паддзахад йӕ къухмӕ куы райса, уӕд кӕй скуынӕг кӕндзӕн?

10 Адӕм нӕдӕр хӕстӕй тӕрсдзысты, нӕдӕр фыдракӕндтӕй, иу адӕймаг дӕр хӕринаг цух нал уыдзӕн, суанг ма тугдзых сырдтӕй дӕр нӕ уыдзӕн тӕссаг. «Сабырдзинады бадзырд скӕндзынӕн [мӕ адӕмимӕ] ӕмӕ сӕм тугдзых хъӕддаг сырдты хӕстӕг нал ӕруадздзынӕн. [...] Быдырон бӕлӕстӕ сын дӕтдзысты дыргъ, зӕхх сын дӕтдзӕн тыллӕг ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕдасӕй». «Сӕ хъаматӕй гутӕттӕ сараздзысты, сӕ ӕрцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕхсаргард нал сисдзысты ӕмӕ хӕцын ахуыр дӕр нал кӕндзысты. Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн» (Иезекиль 34:25—28; Михей 4:3, 4).

11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис фидарӕй зӕгъӕн, низтӕ нал уыдзӕн, зӕгъгӕ?

11 Нал уыдзӕн маст, низтӕ ӕмӕ ма суанг мӕлӕт дӕр. «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн«. Уыцы зӕххыл цы адӕм цӕра, уыдонӕн хатыргонд уыдзысты сӕ тӕригъӕдтӕ» (Исай 33:24). «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта... Мӕнӕ аразын ӕппӕтдӕр ног» (Раргомад 21:4, 5). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцау ын цы тых радта, уый фӕрцы йӕ бон кӕй у ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ аразын. Уый зылдис ӕгас бӕстыл ӕмӕ Хуыцауы тыхӕй дзӕбӕх кодта къуылыхты ӕмӕ алыхуызон рынчынты (Матфейы 15:30, 31).

12. Чи амард, уыдонӕн цавӕр ныфс ис?

12 Фӕлӕ Йесо ӕрмӕст рынчынты нӕ дзӕбӕх кодта. Уый ма ӕгас кодта мӕрдты дӕр. Куыд ӕндӕвта уый сӕрныллӕг адӕмыл? Зӕгъӕм, дыууадӕсаздзыд чызджы куы райгас кодта, уӕд йӕ ныййарджытӕ «стыр дисы бафтыдысты» (Маркы 5:42, МСЕ). Ӕмӕ уыцы хабар дӕр равдыста, Йесойы сӕргълӕудӕй Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр куы хицауиуӕг кӕна, уӕд кӕй «уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15). Цӕй стыр циндзинады рӕстӕг уыдзӕн, адӕм къордтӕ-къордтӕй куы ӕгас кӕной ӕмӕ сӕ уарзон хӕстӕджытӕ ӕмӕ хиуӕттыл куы ӕмбӕлой, уӕд! Гуырысхойаг нӕу, Паддзахады разамындӕй ног дунейы стыр рухстауӕн куыст кӕй цӕудзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы «дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх кӕй байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй» (Исай 11:9).

Хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй ис, уый сбӕлвырд

13. Хуыцау раст кӕй хицауиуӕг кӕны, уый куыд сбӕлвырд уыдзӕн?

13 Паддзахады миназон хицауиуӕгад йӕ кӕронмӕ куыд хӕццӕ кӕна, афтӕ адӕм ӕрцӕудзысты сӕ фыццаг уавӕрмӕ: куыд зондӕй, афтӕ буарӕй дӕр уыдзысты ӕххӕст. Зӕххы къори та суыдзӕн стыр Едемы цӕхӕрадон — дзӕнӕт. Адӕм цӕрдзысты иу бинонтау адджынӕй ӕмӕ хӕларӕй, алчидӕр уыдзӕн амондджын, никӕмӕн ницӕмӕй уыдзӕн тас. Паддзахад зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хорздзинӕдтӕ. Уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, миназты дӕргъы адӕмы ӕнӕбон хицауиуӕгады ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Миназон фӕрнджын хицауиуӕгады ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый. Хуыцау йӕ Паддзахады уылты равдисдзӕн, йӕ хицауиуӕгад адӕймаджы хицауиуӕгадӕй алцӕмӕй дӕр бирӕ хуыздӕр кӕй у, уый. Ӕнустӕм бӕлвырдгонд ӕрцӕудзӕн, хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис, уый.

14. Мин азы кӕрон Хуыцауы ныхмӕ чи раста, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн?

14 Миназы кӕрон Иегъовӕ ӕххӕст адӕмӕн ратдзӕн фадат, цӕмӕй равдисой, лӕггад кӕнын сӕ кӕмӕн фӕнды, уый. Библи дзуры, зӕгъгӕ, уӕд «хӕйрӕг уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн талынгдонӕй». Сайтан та ногӕй архайдзӕн адӕмы зӕндтӕ зыгъуыммӕ кӕныныл, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ ацӕудзысты йӕ фӕдыл, уыдоны бафӕнддзӕн ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын. Уый фӕстӕ, цӕмӕй «бӕллӕх дыккаг хатт мауал ӕрцӕуа», уый тыххӕй Иегъовӕ скуынӕг кӕндзӕн Сайтаны дӕр, йӕ хӕйрӕджыты дӕр ӕмӕ, адӕмӕй йӕ хицауиуӕгады ныхмӕ чи раста, уыдоны дӕр. Никӕмӕн уыдзӕн йӕ бон зӕгъын, зӕгъгӕ, ӕнустӕм куынӕггонд чи ӕрцыд, уыдонӕн рӕстӕг ӕмӕ фадат нӕ уыд, цы сарӕзтой, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнынӕн, кӕнӕ ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уый аххосӕй слӕууыдысты ӕвзӕр фӕндагыл. Нӕ, сӕ уавӕр уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы уавӕры хуызӕн: уыдон дӕр ӕххӕст уӕвгӕйӕ растадысты Иегъовӕйы рӕстаг хицауиуӕгады ныхмӕ (Раргомад 20:7—10; Наум 1:9).

15. Иузӕрдион адӕмӕн Иегъовӕимӕ цавӕр ахастытӕ уыдзӕн?

15 Ӕвӕццӕгӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр та слӕудзысты Иегъовӕйы хицауиуӕгады фарс. Змӕнтджытӕй иу дӕр куы нал баззайа, уӕд рӕстгӕнджытӕ, сӕ иузӕрдиондзинады фӕстаг фӕлварӕн чи сфӕрӕзта, уыдон, лӕудзысты Иегъовӕйы раз. Уыдон суыдзысты Иегъовӕйы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ, ома сын уыдзӕн, райдианы Адам ӕмӕ Евӕйӕн Хуыцауимӕ цавӕр ахастытӕ уыд, раст ахӕм ахастытӕ. Уӕд сӕххӕст уыдзысты Ромӕгтӕм 8:21-ӕм стихы ныхӕстӕ: «Сконд йӕхӕдӕг [ӕппӕт адӕм] дӕр... ссӕрибар уыдзӕн [уыдзысты] ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ». Пехуымпар Исай фыста: «[Хуыцауы фӕрцы] мӕлӕт ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Иегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕты цӕсгӕмттӕй дӕр» (Исай 25:8).

Ӕнусон царды ныфс

16. Ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын раст цӕмӕн у?

16 Ахъуыды ма кӕн, цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы иузӕрдион адӕймӕгтӕм: Хуыцау сын ӕнустӕм рӕдауӕй ӕххӕст кӕндзӕн куыд сӕ монон домӕнтӕ, афтӕ сӕ буары домӕнтӕ дӕр! Уӕвгӕ куыд раст загъта псаломзарӕггӕнӕг: «Гом кӕныс Дӕ къух ӕмӕ ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр ӕххӕст кӕныс сӕ [раст] фӕндтӕ» (Псалом 145 [144]:16, НД). Зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ Иегъовӕ сиды, цӕмӕй йын йӕхиуыл куыд ӕууӕндынц, афтӕ фидарӕй ӕууӕндой, Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, ууыл дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйӕн хицауиуӕг кӕныны бар кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕнын бирӕ ахсджиагдӕр у. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау йӕ адӕмӕй нӕ домы, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, хорзӕхмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой, афтӕмӕй. Библи кӕсгӕйӕ, адӕймаг ирдӕй уыны, Хуыцауыл иузӕрдиондзинад ӕмӕ ӕнусон царды ныфс кӕрӕдзиуыл ӕнгом баст кӕй сты, дыууӕ дӕр чырыстоны уырнындзинадӕн иухуызон ахсджиаг кӕй сты, уый. «Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Уый кӕй ис, ууыл, ӕмӕ Йӕ агурджытӕн ратты [«зӕрдиагӕй Йӕ чи агуры, уыдоны йӕ хорзӕхӕй кӕй хайджын кӕны», НД]» (Дзуттытӕм 11:6).

17. Цы ныфс нын ис, уымӕй хи фидар кӕнын раст кӕй у, уый Йесо куыд равдыста?

17 «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Ацы ныхӕстӕй Йесо равдыста, адӕймагмӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндӕтты тыххӕй зонындзинӕдтӕ куы уа, уӕд ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы зонындзинӕдтӕ цы хорзӕх хӕссынц, уый. Зӕгъӕм, фыдгӕнӕг Йесомӕ куы бахатыд, цӕмӕй Паддзах куы суыдаид, уӕд ӕй ӕрхъуыды кодтаид, уӕд ын уый загъта: «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Йесо йын афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ дӕм хорзӕх куы не ’нхъӕлмӕ кӕса, уӕддӕр ӕууӕнд. Уый зыдта, Иегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн уа ӕнустӕм дзӕнӕтон зӕххыл цӕрыны ныфс, цӕмӕй сӕ фидар кӕна, ацы дунейы алыхуызон фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд. Уӕдӕ хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуыс у чырыстон фӕндагыл фидар лӕууынӕн.

Паддзахады фидӕн

18, 19. Миназон хицауиуӕгады кӕрон Паддзах ӕмӕ йӕ Паддзахад цы фӕуыдзысты?

18 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Паддзахад у рӕстӕгмӕ хицауад. Иегъовӕ йӕ сарӕзта адӕмы йемӕ бафидауын кӕнынӕн ӕмӕ зӕххӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йыл цы адӕм цӕрой, уыдоны дӕр ӕххӕст уавӕрмӕ ӕркӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: миназы фӕстӕ та Паддзах Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмпаддзах ӕмӕ ӕмсауджыны цы араздзысты? «Уый фӕстӕ кӕрон, куы ратта Уый Паддзахад Хуыцаумӕ ӕмӕ Фыдмӕ, куы фесафа алы сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых; уымӕн ӕмӕ Уымӕн ӕмбӕлы паддзахиуӕг кӕнын, цалынмӕ ӕрӕвӕра ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын» (1 Коринфӕгтӕм 15:24, 25).

19 Уӕдӕ иугӕр Чырысти Паддзахад Хуыцауы къухмӕ ратдзӕн, уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы, Библи афтӕ кӕм дзуры, йӕ Паддзахад ӕнустӕм уыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы бынӕттӕ? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ сараза, уыдон пайда хӕсдзысты ӕнустӕм. Чырыстийӕн алкӕддӕр кад кӕндзысты, хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕныны хъуыддаджы цы сарӕзта, уый тыххӕй. Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, адӕм ӕлхӕд кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ нал хъӕудзӕн, цӕмӕй ма дарддӕр дӕр Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг уа. Паддзахады миназон хицауиуӕгад ма йӕ кӕронмӕ ноджыдӕр ӕрцӕудзӕн, Иегъовӕ ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы ’хсӕн уӕлӕмхасӕн хицауад кӕй нал хъӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр. Иудзырдӕй, «Хуыцау [уыдзӕн] ӕппӕт ӕппӕты мидӕг» (1 Коринфӕгтӕм 15:28).

20. Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 фӕдылдзӕуӕгмӕ фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый куыд у нӕ бон базонын?

20 Уӕдӕ Миназон хицауиуӕгады фӕстӕ Чырысти ӕмӕ йе ’мхицауиуӕггӕнджытӕ цы кусдзысты? Ацы фарстӕн Библи дзуапп нӕ дӕтты. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕм, Иегъовӕ цы дуне сфӕлдыста, уым сын дарддӕр дӕр кӕй дӕтдзӕн бирӕ алыхуызон кадджын хӕслӕвӕрдтӕ. Цӕй уӕдӕ нӕ абон алчидӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕд, Иегъовӕйы хицауиуӕгады фарс кӕй лӕууы, уый, фидӕны та райсӕд ӕнусон цард, цӕмӕй Паддзах, йемӕ хицауиуӕггӕнӕг паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕн, стӕй ма ӕгас дун-дунейӕн дӕр Иегъовӕ цы ’рцӕттӕ кодта, уый куы рабӕрӕг уа, уыцы рӕстӕг йӕхи цӕстӕй фена!

Сӕйраг хъуыдытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Хицауиуӕгады хъуыддаджы тагъд цавӕр бындурон ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн?

• Хуыцау фыдгӕнджытӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытыл куыд тӕрхон кӕндзӕн?

• Ног дунейы цавӕр уавӕртӕ уыдзӕн?

• Хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй ис, уый кӕронмӕ куыд сбӕлвырд уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

«Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты».

[Ныв 16 фарсыл]

Иузӕрдион адӕмӕн Иегъовӕимӕ ногӕй уыдзӕн ӕнгом ахастытӕ.