Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы арфӕдзинад нӕ хъӕздыг кӕны

Иегъовӕйы арфӕдзинад нӕ хъӕздыг кӕны

Иегъовӕйы арфӕдзинад нӕ хъӕздыг кӕны

«Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ 10:22).

1, 2. Амонд хъӕздыгдзинадыл цӕуылнӕ у баст?

АБОН бирӕтӕ хъуыды кӕнынц ӕрмӕстдӕр, кӕцӕй цы ӕрбайсой, ууыл. Фӕлӕ сын цымӕ уыцы хъӕздыгдзинӕдтӕ амонд хӕссынц? «Нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ адӕм абоны хуызӕн ӕнамонд искуы уыдысты»,— дзырдӕуы иу журналы («The Australian Women’s Weekly»). Дарддӕр уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уый ӕнахуыр диссаг у. Иуырдыгӕй афтӕ дзурӕм, зӕгъгӕ, Австралийы цард ныры хуызӕн хъӕздыг ӕмӕ хорз никуы уыд. [...] Афтӕмӕй адӕм та сты ныфссаст. Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хатынц, царды сын цыдӕр кӕй нӕ фаг кӕны, цы сын нӕ фаг кӕны, уый та сӕ бон бамбарын нӕу». Куыд раст сты Библийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, адӕймаджы цард ӕмӕ амонд, цы йын ис, ууыл кӕй не сты баст! (Екклесиаст 5:10; Лукайы 12:15).

2 Библи куыд амоны, афтӕмӕй адӕймагӕн стырдӕр амонд хӕссы Хуыцауы арфӕдзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы Фӕсномыг ныхӕсты 10:22-ӕм стихы: «Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы». Адӕймагӕн арӕх маст скӕны, мулкыл кӕй хӕлӕф кӕны, уый. Уӕдӕ апостол Павел ӕнӕхъуаджы нӕ фӕдзӕхста: «Схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды, [уыдон] бахауынц фӕлварӕнты ӕмӕ хызы, ӕмӕ бирӕ ӕнӕрхъуыды ӕмӕ зианхӕссӕг фӕндӕтты, кӕцытӕ ныгъуылын кӕнынц адӕмы фыдбылызы, ӕмӕ сӕфты; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыддзинӕдты уидаг у ӕвзист уарзын, кӕцымӕ сӕхи ратгӕйӕ, иуӕй-иутӕ аздӕхтысты уырнындзинадӕй ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи баппӕрстой бирӕ уынгӕгдзинӕдты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10).

3. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?

3 «Иегъовӕйы ныхасмӕ чи хъусы», уыдон та хайджын сты, маст кӕм нӕй, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй (Дыккаг закъон 28:2). Фӕлӕ чи зоны, исчи зӕгъа: «Кӕд Иегъовӕйы арфӕдзинад маст нӕ хӕссы, уӕд уӕдӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?» Библи нын ӕмбарын кӕны, зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй кӕй нӕ цӕуынц, уый сӕ ӕрмӕстдӕр уадзгӕ кӕй кӕны; зындзинӕдтӕ цӕуынц Сайтанӕй, йӕ фыддунейӕ ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинадӕй (Уӕвынад 6:5; Дыккаг закъон 32:4, 5; Иоанны 15:19; Иаковы 1:14, 15). Иегъовӕйӕ цӕуы «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» (Иаковы 1:17). Уымӕ гӕсгӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ семӕ маст никуы фӕхӕссынц. Уӕдӕ ӕркӕсӕм Хуыцауы ӕххӕст лӕвӕрттӕй иуӕй-иутӕм.

Хуыцауы Ныхас — зынаргъ лӕвар

4. Ацы «кӕроны рӕстӕджы» Иегъовӕйы адӕм цавӕр арфӕдзинад ӕмӕ диссаджы лӕварӕй сты хайджын?

4 «Кӕроны рӕстӕджы» тыххӕй пехуымпар Данел дзырдта, зӕгъгӕ, уӕд «раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат» (НД). Фӕлӕ ма уыцы пехуымпарады ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Ацы хъуыддӕгтӕ, Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыдон нӕ бамбардзысты, фӕлӕ сӕ зӕнджынтӕ бамбардзысты» (Данелы 12:4, 10). Ахъуыды ма кӕн! Хуыцауы Ныхас — сӕрмагондӕй та йӕ пехуымпарӕдтӕ — Хуыцауы зондӕй фыст у, ӕмӕ йын йе ’цӕг нысаниуӕг, Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сӕ бон бамбарын нӕу, Иегъовӕйы адӕм та йӕ ӕмбарынц. «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау,— куывта Хуыцауы Фырт,— Ды кӕй бамбӕхстай уый зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ [кӕй] байгом кодтай сывӕллӕттӕн» (Лукайы 10:21). Цӕй стыр афӕдзинад у, уыцы зынаргъ лӕвар — Хуыцауы фыст Ныхас Библи — нын кӕй ис ӕмӕ йӕ Иегъовӕ кӕмӕн ӕмбарын кӕны, уыдоны ’хсӕн кӕй стӕм, уый! (1 Коринфӕгтӕм 1:21, 27, 28; 2:14, 15).

5. Цы у зонд ӕмӕ йӕ куыд исӕм?

5 «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» нӕм куы нӕ уаид, уӕд Хуыцауы Ныхасӕй алцы не ’мбариккам (Иаковы 3:17). Адӕймаджы зондджын уӕд ис схонӕн, кӕд ӕмӕ цы зоны, цы ӕмбары, уымӕй йӕ бон у царды мидӕг пайда кӕнын, зӕгъӕм, зындзинӕдтӕй фервӕзынӕн, бӕллӕхтӕй хи бахизынӕн, нӕ нысан сӕххӕст кӕнынӕн кӕнӕ искӕмӕн раст уынаффӕ радтынӕн. Куыд исӕм Хуыцауы зонд? Фӕсномыг ныхӕсты 2:6-ӕм стихы дзырдӕуы: «Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты зонд, уымӕй цӕуы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Иегъовӕйӕ зонд куы курӕм, уӕд нын ратдзӕн, паддзах Соломонӕн куыд радта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ», афтӕ (3 Паддзахӕдты 3:11, 12; Иаковы 1:5—8). Цӕмӕй зонд исӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Иегъовӕмӕ хъусын; хъусгӕ та йӕм уӕд кӕндзыстӕм, кӕд ӕмӕ йын йӕ Ныхас ӕдзухдӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм.

6. Нӕ цард Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм аразын хорз цӕмӕн у?

6 Хуыцауы зонд ирдӕй зыны Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты. Уыцы закъӕттӕ нын ахъаз сты алы хъуыддаджы дӕр, не ’нӕниздзинадӕн, нӕ зондахастӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уагӕн, афтӕ ма, Хуыцауимӕ ӕнгом ахастыты цӕмӕй уӕм, уымӕн дӕр. Куыд раст зарыд псаломзарӕггӕнӕг: «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты. Хицауы фӕдзӕхстытӕ раст сты, хъӕлдзӕг кӕнынц зӕрдӕ; Хицауы фӕдзӕхст рухс у, срухс кӕны цӕстытӕ. Хицауы тасдзинад сыгъдӕг у, вӕййы ӕнусмӕ. Хицауы тӕрхӕттӕ — ӕцӕгад, иуылдӕр раст сты. Уыдон бӕллиццагдӕр сызгъӕринӕй, ӕмӕ суанг сыгъдӕг сызгъӕринӕй» (Псалом 18:8—11; 118:72).

7. Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

7 Хуыцауы раст закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон цы амонд агурынц, уый дӕр нӕ арынц ӕмӕ цы сӕрибардзинадмӕ тырнынц, уый не ’фты сӕ къухы. Абон уа ӕви райсом, уӕддӕр уыдон бамбарынц, Хуыцау хынджылӕггаг кӕй нӕу, фӕлӕ адӕймаг цы байтауы, уый кӕй ӕркӕрды (Галатӕгтӕм 6:7). Дуне адӕм Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый сӕ ӕркӕны стыр бӕллӕхтӕм, зӕгъӕм, иутӕ сӕ ӕнӕнхъӕлӕджы басывӕрджын вӕййынц, кӕуылдӕр та бахӕцы ӕвзӕр низтӕ, йе та бафтынц, адӕймаджы сӕфтмӕ чи тӕры, ахӕм митыл. Сӕ хъуыддӕгтыл куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕ ӕппынфӕстаг баййафдзӕн мӕлӕт, ӕмӕ, чи зоны, Хуыцауӕн йӕхи къухӕй дӕр сӕфт ӕрцӕуой (Матфейы 7:13, 14).

8. Хуыцауы Ныхас чи уарзы, уыдон амондджын цӕмӕн сты?

8 Хуыцауы Ныхас чи уарзы ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ чи аразы, уыдон та абон дӕр ӕмӕ сомбон дӕр хайджын уыдзысты стыр арфӕдзинӕдтӕй. Хуыцауы закъон сӕ ссӕрибар кодта алыхуызон ӕнӕхъӕугӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ныр сты ӕцӕг амондджын. Уымӕй дарддӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр куы фервӕзой, уыцы рӕстӕгмӕ (Ромӕгтӕм 8:20, 21; Иаковы 1:25). Ацы ныфсӕн ис фидар бындур, Хуыцау адӕмы сӕрвӕлтау йӕ иунӕггуырд Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй радта, уый (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 6:23). Уыцы зынаргъдӕр лӕвар бӕлвырд кӕны, Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уый, ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ӕрхӕсдзӕн ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕ (Ромӕгтӕм 8:32).

Бузныг стӕм сыгъдӕг уды лӕварӕй

9, 10. Куыд нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕйы лӕвар — йӕ сыгъдӕг уд? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Хуыцауӕй ма стыр бузныг ноджыдӕр хъуамӕ уӕм, йӕ сыгъдӕг уд нын кӕй лӕвар кӕны, уымӕй дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдонмӕ апостол Петр ӕрсидт: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр донаргъуыд Йесо Чырыстийы номыл райсӕд, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой; ӕмӕ уӕд райсдзыстут Сыгъдӕг Уды хӕрзиуӕг [лӕвар]» (Куыстытӕ 2:38, НФ). Уӕдӕ абон дӕр Иегъовӕ сыгъдӕг уд дӕтты, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ йӕм сыгъдӕг уды тыххӕй чи кувы, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн (Лукайы 11:9—13). Дун-дунейы уыцы стырдӕр хъаруйӕ — Хуыцауы сыгъдӕг удӕй, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхӕй — рагзаманты хайджын уыдысты, уырнындзинады фидар чи лӕууыд, уыцы адӕм, уыдонимӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр (Захари 4:6; Куыстытӕ 4:31). Мах дӕр, Иегъовӕйы адӕм, цыфӕнды уӕззау уавӕрты ӕмӕ зындзинӕдты ма бахауӕм, уӕддӕр нӕ бон у сыгъдӕг уды ӕххуыс райсын (Иоил 2:28, 29).

10 Ӕркӕсӕм Лорены дӕнцӕгмӕ. Уый фӕрынчын полиомиелитӕй ӕмӕ 37 азы дӕргъы царди «ӕфсӕйнаг рӕуджытӕ» кӕй хонынц, уыцы аппараты мидӕг *. Фӕлӕ ахӕм уынгӕджы уавӕры дӕр йӕ мӕлӕты онг зӕрдиагӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн. Уыцы азты дӕргъы Лорен цух нӕ уыд Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй. Цӕвиттон, кӕд иу сахат дӕр ӕнӕ уыцы аппарат йӕ бон нӕ уыди, уӕддӕр 17 адӕймагӕн баххуыс кодта Библийы ӕцӕгады бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райсынӕн! Лореныл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц апостол Павелы ныхӕстӕ: «Ӕдых куы вӕййын, тыхджын уӕд свӕййын» (2 Коринфӕгтӕм 12:10, НФ). Афтӕ у, хорз уацхъуыд хъусын кӕнгӕйӕ нын цы бантысы, уый нӕ хъару ӕмӕ нӕ арӕхстдзинады руаджы нӕ вӕййы, фӕлӕ Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг уды уылты кӕй ӕххуыс кӕны, уый руаджы (Исай 40:29—31).

11. «Ног адӕймаг» чи свӕййы, уыдоны Хуыцауы сыгъдӕг уд цавӕр миниуджытыл фӕахуыр кӕны?

11 Кӕд Хуыцауы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм, уӕд нӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы ахуыр кӕндзӕн ахӕм миниуджытыл, куыд: уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕнзӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Цӕмӕй чырыстон ног адӕймаг суа, уый тыххӕй йӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, раздӕр цы кӕрӕфдзинад ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытыл хӕст уыди, уыдон ныууадзын ӕмӕ «уды дыргъ» хӕссын (Ефесӕгтӕм 4:20—24; Исай 11:6—9). Уыцы дыргъы миниуджытӕй иууыл ахсджиагдӕр у уарзондзинад — «иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:14, НД).

Чырыстон уарзондзинад — цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг лӕвар

12. Тавифӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы иннӕ чырыстӕттӕ уарзондзинад куыд ӕвдыстой?

12 Иегъовӕйы арфӕйаг лӕвӕрттӕй ма иу у чырыстон уарзондзинад — ӕцӕг хӕзна. Уыцы уарзондзинадыл къухдариуӕг кӕны адӕймагӕн йӕ зонд, фӕлӕ афтӕ тыхджын у, ӕмӕ уырнджытӕ кӕрӕдзийӕн свӕййынц мадызӕнӕгтӕй дӕр адджындӕр ӕмӕ ӕввахсдӕр (Иоанны 15:12, 13; 1 Петры 1:22). Цӕвиттонӕн райсӕм Тавифӕйы. Уый уыди фӕзминаг чырыстон сылгоймаг, царди фыццаг ӕнусы. «Уыдис ӕм бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бирӕ хорзӕхтӕ кодта», уӕлдайдӕр та ӕмбырды идӕдзтӕн (Куыстытӕ 9:36). Уыцы сылгоймӕгтӕн, чи зоны, хиуӕттӕ дӕр уыди, фӕлӕ уӕддӕр Тавифӕйы фӕндыд, йӕ бон сын цӕмӕй уыди, уымӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын (1 Иоанны 3:18). Цӕй диссаджы дӕнцӕг у Тавифӕ махӕн! Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйы зӕрдӕты та ӕфсымӕрон уарзондзинад афтӕ тыхджын уыди, ӕмӕ «сӕ сӕртӕ ӕвӕрдтой» Павелы сӕрвӕлтау. Павел Ромы ахӕстоны куы бадти, уӕд Епафрас, Лука, Онисифоры ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты уарзондзинад разӕнгард кодта уымӕн ӕххуыс кӕнынмӕ (Ромӕгтӕм 16:3, 4; 2 Тимофеймӕ 1:16; 4:11; Филимонмӕ 23, 24). Абон чырыстӕттӕ дӕр афтӕ «уарзынц кӕрӕдзийы», ӕмӕ сын уыцы уарзондзинад у Хуыцауы арфӕйаг лӕвар, цӕй фӕрцы бӕрӕг кӕны, Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты, уый (Иоанны 13:34, 35).

13. Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ нын тынг зынаргъ кӕй сты, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

13 Чырыстон ӕмбырды цы уарзондзинад ис, уымӕн аргъ кӕныс? Ӕгас дунейы нын цы чырыстон ӕфсымӕртӕ ис, уыдон тыххӕй бузныг дӕ? Уыдон дӕр нын Иегъовӕйы арфӕйаг ӕмӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ сты. Зынаргъ нын кӕй сты, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын? Дарддӕр дӕр Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг организацийы куы лӕггад кӕнӕм, чырыстон фембӕлдты хайад куы исӕм ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ уарзондзинад ӕмӕ иннӕ миниуджытӕ куы ӕвдисӕм, уымӕй (Филиппӕгтӕм 1:9; Дзуттытӕм 10:24, 25).

«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»

14. Цӕмӕй чырыстонӕн йӕ бон хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын уа, уый тыххӕй йӕ цы хъӕуы?

14 Йе ’муырнджытӕн хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ тырны (1 Тимофеймӕ 3:1, 8). Цӕмӕй уыцы ахсджиаг хъуыддаг йӕ бон уа йӕхимӕ райсын, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауимӕ уа тынг ӕнгом ахастыты, хорз зона Фыстытӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй хайад иса хъусын кӕныны хъуыддаджы (Куыстытӕ 18:24; 1 Тимофеймӕ 4:15; 2 Тимофеймӕ 4:5). Уый хъуамӕ уа сӕрныллӕг, бонзонгӕ ӕмӕ фӕразон, уымӕн ӕмӕ сӕрбӕрзонд, ӕгӕр ныфсхаст ӕмӕ кадылмӕлгӕ адӕмӕн Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хай нӕй (Фӕсномыг ныхӕстӕ 11:2; Дзуттытӕм 6:15; 3 Иоанны 9, 10). Кӕд ын бинонтӕ ис, уӕд та хъуамӕ уа хорз хӕдзары хистӕр, уарза йӕ бинонты ӕмӕ сыл алы ӕгъдауӕй дӕр ауда (1 Тимофеймӕ 3:4, 5, 12). Хуыцауы фӕндонимӕ цы хъуыддӕгтӕ сты баст, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны, уымӕ гӕсгӕ та ӕнӕмӕнг хайджын уыдзӕн Иегъовӕйы арфӕдзинадӕй (Матфейы 6:19—21).

15, 16. Чи сты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, ӕмбырды куы лӕггад кӕной хъусынгӕнджытӕй, фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй, уӕд махӕн ӕмбӕлы зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнын ахӕм «лӕвӕрттӕн адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, 11, НД). Кӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, уыдон сын, чи зоны, алыхатт нӕ фӕзӕгъынц бузныг, фӕлӕ Иегъовӕ уыны, уыцы иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цы аразынц, уый. Ӕмӕ уый нӕ ферох кӕндзӕн, йӕ адӕмӕн лӕггадгӕнгӕйӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад ӕвдисынц, уый (1 Тимофеймӕ 5:17; Дзуттытӕм 6:10).

16 Цӕвиттон, ӕввӕллайгӕйӕ чи фыдӕбон кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг рынчынфӕрсӕг бацыд, йӕ сӕры магъзыл операци кӕмӕн хъуамӕ скодтаиккой, ахӕм чырыстон чызгмӕ. «Уый афтӕ зӕрдӕхӕлар, афтӕ ныфсдӕттӕг ӕмӕ афтӕ уарзӕгой уыди, ӕмӕ диссаг,— фыста уыцы бинонты ӕввахс хӕлар хо.— Уый бар ракуырдта, цӕмӕй немӕ Иегъовӕмӕ скуывтаид. Куы куывта, уӕд чызджы фыд [Иегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу] ныккуыдта ӕмӕ палатӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты. Цас уарзондзинад уыди уыцы куывды! Куыд тынг нӕ барӕвдыдта Иегъовӕ, уыцы уысм ӕй нӕ цурмӕ кӕй ӕрбарвыста, уымӕй!» Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕндӕр рынчын Ӕвдисӕнмӕ куы бацыдысты, уӕд уый та афтӕ загъта: «Уӕззау рынчынтӕн тыхджын мадзӕлттӕй кӕм фӕхос кӕнынц, ахӕм палатайы хуысгӕйӕ, мӕ сынтӕджы цур куы ӕрбалӕууыдысты, уӕд банкъардтон, алцыдӕр кӕй сфӕраздзынӕн. Уыцы тӕккӕ мӕм цыдӕр хъару фӕзынд ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы мӕт ӕрбайсӕфт». Цымӕ ахӕм уарзондзинад искӕмӕн йӕ бон балхӕнын у? Никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕй! Уый у, Хуыцау ӕрмӕстдӕр чырыстон ӕмбырды уылты кӕй дӕтты, ахӕм лӕвар (Исай 32:1, 2).

Хуыцауы лӕвар — хъусын кӕныны хъуыддаг

17, 18. а) Цавӕр кадджын хӕс бакодта Иегъовӕ йӕ адӕмӕй алкӕй бӕрны дӕр? ӕ) Цӕмӕй хъусын кӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй нын Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?

17 Дунескӕнӕг Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа (Исай 43:10; 1 Петры 2:9; 2 Коринфӕгтӕм 4:7). Ӕмӕ Хуыцауы ном адӕмы ’хсӕн кадджын кӕныны фадат та ис, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын кӕй фӕнды лӕггад кӕнын, уыдонӕй алкӕмӕндӕр — ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Уыцы диссаджы лӕварӕй пайда кӕныс? Чи зоны, иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ бон нӕу хъусын кӕнын, фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн сыгъдӕг уд кӕй дӕтты ӕмӕ уый руаджы кӕй баххӕст кӕны, нӕ бон цы нӕу, уый (Иереми 1:6—8; 20:11).

18 Иегъовӕ Паддзахады хабар хъусын кӕныны хъуыддаг, йӕ арӕхстӕй ныфсджын чи у, ахӕм адӕймӕгтӕн нӕ бахӕс кодта, фӕлӕ йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн (1 Коринфӕгтӕм 1:20, 26—29). Уымӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, бонзонгӕ адӕм зонынц сӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ ӕмбарынц, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй кӕй ницы бакӕндзысты, уый. Афтӕ ма уыдон аргъ кӕнынц, «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕкӕсӕджы» уылты сын цы ӕххуыс дӕтты, уымӕн дӕр (Лукайы 12:42—44; Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:4).

Амондджын бинонты цард — диссаджы лӕвар

19. Цӕмӕй ныййарджытӕн сывӕллӕтты хорз схъомыл кӕнын сӕ къухы бафта, уый тыххӕй цы хъӕуы?

19 Дыууӕ уды сӕ цард куы баиу кӕной ӕмӕ амондджынӕй куы цӕрой, уӕд уый Хуыцауы лӕвар у (Руф 1:9; Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Сывӕллӕттӕ дӕр сты диссаджы «бын Хицауӕй», ӕмӕ сӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытыл сахуыр кӕнын цы ныййарджыты къухы бафты, уыдонӕн сты циндзинады хос (Псалом 126:3). Кӕд дӕуӕн дӕр сывӕллӕттӕ ис, уӕд хъус Иегъовӕмӕ ӕмӕ сӕ йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ хъомыл кӕн. Афтӕ чи аразы, уыдон ӕй зонынц, Иегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын кӕй арфӕ кӕны, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5, 6; 22:6; Ефесӕгтӕм 6:1—4).

20. Сӕ сывӕллӕттӕ раст кувынад кӕмӕн ныууагътой, уыцы ныййарджытӕн цы ӕххуыс кӕндзӕн?

20 О, фӕлӕ Хуыцауысконд ныййарджытӕ цыфӕнды зӕрдиагӕй ма архайой сӕ сывӕллӕты хъомыл кӕныныл, уӕддӕр иуӕй-иу кӕстӕртӕ куы бахъомыл вӕййынц, уӕд сфӕнд кӕнынц раст кувынад ныууадзын (Уӕвынад 26:34, 35). Ӕвӕццӕгӕн, ныййарджытӕн уымӕй зындӕр ницы вӕййы (Фӕсномыг ныхӕстӕ 17:21, 25). Фӕлӕ уӕддӕр уӕ ныфс ма асӕттӕд. Стыр ӕххуыс уын уыдзӕн, уӕ зӕрдыл куы дарат, Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы хабар ракодта, уый. Уыцы фырт кӕд хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ йӕхи куыд фӕндыд, афтӕ царди, уӕддӕр фӕстӕдӕр ӕрыздӕхт, зӕрдӕхӕларӕй ӕмӕ йыл цингӕнгӕйӕ чи сӕмбӕлд, уыцы фыдмӕ (Лукайы 15:11—32). Ӕниу куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр иузӕрдион чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ сӕ кӕй ӕмбары, кӕй сыл ауды ӕмӕ сын раздӕрау кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (Псалом 144:14).

21. Кӕмӕ хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цӕмӕн?

21 Цӕй уӕдӕ нын царды мидӕг ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уый аскъуыддзаг кӕнӕм. Нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ бинонтӕн дӕр маст йеддӕмӕ чи ницы хӕссы, уыцы хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕндзыстӕм ӕви «рухсыты Фыдӕй» цы «алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар» цӕуы, уымӕ тырндзыстӕм (Иаковы 1:17). «Мӕнгдзинады фыд» Сайтан ууыл архайы, цӕмӕй хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕныныл нӕ уд хъарӕм, ӕмӕ афтӕмӕй амондӕй дӕр ӕнӕхай фӕуӕм ӕмӕ цардӕй дӕр (Иоанны 8:44; Лукайы 12:15). Иегъовӕ та ныл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ауды ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ зӕгъы, махӕн иууыл хуыздӕр цы у, уый (Исай 48:17, 18). Цӕй уӕдӕ хъусӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Иегъовӕмӕ ӕмӕ дзы алкӕддӕр рӕвдыд уыдзыстӕм (Псалом 36:4). Афтӕ куы аразӕм, уӕд нын Иегъовӕйы арфӕйаг лӕвӕрттӕ ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕ хъӕздыг кӕндзысты нӕ цард — маст та нын никуы ӕрхӕсдзысты.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Кӕс «Райхъал ут!» 1993 аз, 22 январь, 18—21 фӕрстӕ, (анг.).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Иууыл стырдӕр амонд кӕм ис ссарӕн?

• Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ дӕтты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

• Хъусын кӕныны хъуыддаг лӕвар цӕмӕн у?

• Цӕмӕй ныййарджытӕ, сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ, Хуыцауы арфӕдзинадӕй хайджын уой, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Хуыцауы лӕвар — йӕ Ныхасӕн ын аргъ кӕныс?

[Ныв 15 фарсыл]

Кӕд Лорен Низбет уынгӕджы уыди, уӕддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Тавифӕйау абон дӕр чырыстӕттӕ зындгонд сты сӕ хорз хъуыддӕгтӕй.

[Ныв 17 фарсыл]

Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдӕбынӕй аудынц се ’муырнджытыл.