Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»

«Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»

«Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»

«[Хуыцау] дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (КУЫСТЫТӔ 17:27).

1, 2. а) Арвы риуыл стъалытӕм куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕм Сфӕлдисӕджы тыххӕй цавӕр фарст сӕвзӕры? ӕ) Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы цӕсты адӕймагӕн гӕлӕбуйы кад дӕр нӕй, уӕд Библи та цы дзуры?

МӔЙРУХС ӕхсӕв арвы риуыл стъалытӕм куы фӕкӕсыс, уӕд дисы нӕ бахауыс? Ӕцӕгӕйдӕр, ӕнӕнымӕц стъалытӕ ӕмӕ ӕнӕкӕрон ӕрвон тыгъдад адӕймаджы хъуыдытыл ӕфтауынц. Ӕнӕкӕрон Дун-дунейы Зӕхх у гыццылмур тӕппау. Фӕлӕ кӕд Сфӕлдисӕг «Ӕппӕтбӕрзонд [у] ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ», уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕй, науӕд махӕй ӕгӕр дард у ӕмӕ йӕ нӕ бон базонын нӕу? (Псалом 82:19).

2 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы цӕсты адӕймагӕн гӕлӕбуйы кад дӕр нӕй, уӕд нын Библи та дзуры, уый афтӕ кӕй нӕу. Хуыцауы Ныхас ма нӕ разӕнгард дӕр кӕны, цӕмӕй йӕ агурӕм, уымӕн ӕмӕ «Уый дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:27; 1 Паралипоменон 28:9). Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕныныл куы архайӕм, уӕд нӕм уый дӕр дӕрдӕй нӕ кӕсдзӕн. Уӕдӕ куыд кӕндзӕн? Ацы фарстӕн ӕрвылазон стих дӕтты, зӕрдӕнцой цӕмӕй ис ссарӕн, ахӕм дзуапп: «Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ» (Иаковы 4:8, НФ). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдонӕн дзагармӕй цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, уыдонмӕ.

Иегъовӕйы лӕвар

3. Иегъовӕмӕ чи ӕввахс кӕны, уыдонӕн цавӕр лӕвар дӕтты?

3 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн радта диссаджы лӕвар. Адӕймагмӕ ацы дунейы цыфӕнды бартӕ ма уа, цасфӕнды ӕхца йӕм ма уа, йе та цыфӕнды ахуыр, уӕддӕр уыцы лӕвар нӕ бафӕраздзӕн райсын. Уыцы лӕвар Иегъовӕ дӕтты, ӕввахс ӕм чи у, уыдонӕн. Цымӕ цы у? Уымӕн Хуыцауы Ныхасы ис дзуапп: «Кӕд... ӕмбаргӕдзинадмӕ хъӕр кӕнай, ӕвзистау ӕй кӕд зӕрдиагӕй агурай ӕмӕ йӕ ӕмбӕхст хӕзнатау ссарынмӕ тырнай, уӕд бамбардзынӕ, Иегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый, ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ. Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты зонд» (Ӕмбисӕндтӕ 2:3—6). Ахъуыды ма кӕн, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон у «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарын! Уыцы лӕвар — Хуыцауы Ныхасы зонындзинӕдтӕ — барст цӕуы «ӕмбӕхст хӕзнатимӕ». Цымӕ цӕмӕн?

4, 5. «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» «ӕмбӕхст хӕзнатимӕ» барст цӕмӕн цӕуынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Сӕйраджыдӕр, Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ сты тынг зынаргъ. Уыдоны фӕрцы адӕймаджы къухы бафты ӕппӕты стырдӕр хорзӕх — ӕнусон царды ныфс (Иоанны 17:3). Фӕлӕ нын ныр дӕр уыцы зонындзинӕдты фӕрцы цард царды ад кӕнын райдыдта. Зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй ахуыр кӕнӕм, уый руаджы базыдтам дзуапп мӕнӕ ахӕм ахсджиаг фарстытӕн: Хуыцауӕн йӕ ном куыд у? (Псалом 82:19, МГТ). Мӕрдтӕ цы уавӕры сты? (Екклесиаст 9:5, 10). Цы фӕнд ис Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй? (Исай 45:18). Афтӕ ма мах зонӕм, Библийы ӕвӕджиауы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын иууыл хуыздӕр кӕй у, уый (Исай 30:20, 21; 48:17, 18). Уыцы диссаджы амындтӕ сты амонды ӕмӕ зӕрдӕрухсы хос, стӕй уыдоны фӕрцы нӕ бон у зындзинӕдтӕ иуварс кӕнын. Фыццаджыдӕр та, Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ Иегъовӕйы удыхъӕды рӕсугъд миниуджытӕ базыдтам ӕмӕ йӕм баввахсдӕр стӕм. Уӕдӕ «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдты» фӕрцы Иегъовӕимӕ ӕввахс кӕй кӕнӕм, уымӕй зынаргъдӕр ма цы ис?!

5 Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ «ӕмбӕхст хӕзнатимӕ» барст цӕмӕн цӕуынц, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосаг дӕр. Иннӕ хӕзнатау уыдон дӕр бирӕ не сты. Ныридӕгӕн зӕххыл цӕры 6 миллиард адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ уыдонӕй ӕрмӕстдӕр 6 милуаны бӕрц лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн: 1 000 адӕймагӕй ӕрмӕстдӕр 1 ссардта «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ». Уыцы хӕзнатӕ — Библийы ӕцӕгады зонындзинӕдтӕ — стӕм кӕй сты, уый тыххӕй равзарӕм ӕрмӕстдӕр иу фарст: адӕймаг куы амӕлы, уӕд ыл цы ’рцӕуы? Сыгъдӕг Фыстадӕй зонӕм, уд кӕй амӕлы ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц (Куыстытӕ 3:23). Фӕлӕ ӕгас дунейы динтӕ хӕцынц ахӕм мӕнг уырнынадыл, зӕгъгӕ, адӕймаджы мидӕг ис, мӕлӕты фӕстӕ дзы чи рацӕуы, ӕмӕ кӕмдӕр чи фӕцӕры, ахӕм цыдӕр. Ацы уырнынад ӕгас чырыстон дунейӕн дӕр у сӕ дины сӕйраг ахуырӕдтӕй иу. Ууыл ма ӕууӕндынц буддизм, даосизм, джайнизм, индуизм, иудаизм, пысылмон дин, синтоизм ӕмӕ сикхизмыл хӕст адӕм дӕр. Ахъуыды ма кӕн: ӕрмӕст ацы иу мӕнг уырнынад миллиардтӕн сӕ зӕндтӕ зыгъуыммӕ кӕны!

6, 7. а) «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» чи ссары? ӕ) Цавӕр цӕвиттон ӕвдисы, бирӕ «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» кӕй нӕ бамбӕрстой, уыцы ӕцӕгад махӕн Иегъовӕ кӕй раргом кодта?

6 Цӕмӕн бантыст ӕрмӕстдӕр армыдзаг адӕмӕн «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарын? Хуыцау йӕхӕдӕг йӕ Ныхасы мидис куы нӕ райхала, уӕд ӕй иу адӕймаг дӕр нӕ бамбардзӕн. Нӕ дӕ ферох, ацы зонындзинӕдтӕ Хуыцауы лӕвар кӕй сты, уый? Иегъовӕ уыцы лӕвар дӕтты, йӕ Ныхас ын зӕрдиагӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй чи иртасы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Уыцы адӕм, чи зоны, «ӕрдзӕй зондджынтӕ» не сты (1 Коринфӕгтӕм 1:26, НФ). Бирӕтӕ дзы ацы дунейы цӕстӕй кӕсгӕйӕ сты ӕнӕахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ (Куыстытӕ 4:13). Фӕлӕ уый сӕйраг нӕу. Иегъовӕ нын йӕхи тыххӕй «зонындзинӕдтӕ» уымӕн дӕтты, ӕмӕ нын нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ уыны.

7 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Чырыстон дунейы диниртасджытӕ Библимӕ утӕппӕт фиппаинӕгтӕ скодтой, ӕмӕ диссаг. Сӕ чингуыты Библи ӕвзарынц историмӕ гӕсгӕ, ӕмбарын кӕнынц рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдты мидис ӕмӕ а. д. Ӕмӕ кӕд уыцы иртасджытӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ зонынц, уӕд сын цымӕ «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарын бантыст? Цымӕ Библийы сӕйраг хъуыды — Иегъовӕ дун-дунейы хицау кӕй у, уый йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы кӕй сбӕлвырд уыдзӕн — уый бамбӕрстой? Иегъовӕ Хуыцау Ӕртӕиууон кӕй нӕу, уый зонынц? Мах уыдонӕй хъауджыдӕр ацы фарстытӕн бӕлвырд дзуапп зонӕм. Кӕцӕй? Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг раргом кодта, бирӕ «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» кӕй нӕ бамбӕрстой, уыцы ӕцӕгад (Матфейы 11:25). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы хорзӕхтӕй хайджын кӕны Иегъовӕ, ӕввахс ӕм чи у, уыдоны!

«Хъахъхъӕны Хицау, чи Йӕ уарзы, уыдон се ’ппӕты»

8, 9. а) Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдон ма ноджыдӕр цавӕр хорзӕхӕй сты хайджын, уый фӕдыл Давид цы загъта? ӕ) Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауӕй цӕмӕн фӕкурынц, дӕ базыры бын нӕ бакӕн, зӕгъгӕ?

8 Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдон ма хайджын сты ӕндӕр хорзӕхӕй дӕр — Хуыцау сӕ йӕ базыры бын дары. Псаломзарӕггӕнӕг Давид, царды бирӕ зындзинӕдтӕ чи федта, уый фыста: «Хӕстӕг у Хицау, чи Йӕм кувы, уыдон се ’ппӕтмӕ, ӕмӕ Йӕм ӕцӕгӕй чи кувынц, уыдонмӕ. Уымӕй чи тӕрсынц, уыдонӕн сӕ фӕндон ӕххӕст кӕны, сӕ лӕгъстӕ кӕнынмӕ хъусы ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны. Хъахъхъӕны Хицау, чи Йӕ уарзы, уыдон се ’ппӕты» (Псалом 144:18—20, МГТ). О, Иегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонмӕ хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕсидынц, уӕд сӕ уайтагъд фехъусы.

9 Хуыцауӕй цӕмӕн фӕкурӕм, зӕгъгӕ нӕ дӕ базыры бын бакӕн? Ацы «уӕззау рӕстӕджыты» ӕцӕг чырыстӕттӕн цӕрын тынг фӕзын, ӕмӕ ма сӕ Иегъовӕйы цыфыддӕр знаг дӕр — Сайтан Хӕйрӕг — йӕ ныхтӕ ныссагъта (2 Тимофеймӕ 3:1). Уыцы хинӕвдылд, бынтыбырӕг знаг йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъды ӕмӕ йӕ комы фынк калгӕ архайы, исты мадзӕлттӕй нӕ куыд «аныхъуыра», ууыл (1 Петры 5:8). Сайтан нын ӕнцой нӕ дӕтты, нӕ алыварс зилы, исты фыдбылыз нын куы ракӕнид ӕмӕ нӕ истӕмӕ куы сцыбӕл кӕнид. Стӕй нын нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ йӕхирдӕм куыд скӕна, ууыл архайы. Йӕ нысан у нӕ уырнындзинад нын ӕрлӕмӕгъ кӕнын ӕмӕ нӕ Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕнын (Раргомад 12:12, 17). Кӕд уыцы фыдгул немӕ карзӕй тох кӕны, уӕддӕр нӕ зӕрдӕтӕ сабыр сты, уымӕн ӕмӕ зонӕм, Иегъовӕ кӕй «хъахъхъӕны, чи Йӕ уарзы, уыдон се ’ппӕты» дӕр.

10. а) Куыд хъахъхъӕны Иегъовӕ йӕ адӕмы? ӕ) Тынгдӕр нӕ цы хъӕуы хъахъхъӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

10 Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? Кӕд нын зӕрдӕ бавӕрдта, мӕ базыры бын уӕ бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ ацы царды ницыуал тыхсын кӕндзӕн. Цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна, уый тыххӕй диссӕгтӕ аразын дӕр нӕу хӕсджын. Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕ йӕ адӕмы, ӕмткӕй райсгӕйӕ, хъахъхъӕны. Уый Хӕйрӕджы никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ кувӕг адӕмы фесафа! (2 Петры 2:9). Иегъовӕ нын сӕйраджыдӕр нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны. Цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй фыдӕвзарӕнты фидар уӕм ӕмӕ йемӕ нӕ хӕлардзинад ма фехӕла, уымӕн нын алцыдӕр дӕтты. Уӕдӕ зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ нӕ уырнындзинад уа хъахъхъӕд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, цалынмӕ Иегъовӕ нӕ хӕлар уа, уӕдмӕ нын ницы— суанг мӕлӕт дӕр — нӕ ракӕндзӕн ахӕм зиан, цӕмӕй йын Хуыцау хос ма ссара (Матфейы 10:28).

11. Цӕмӕй Иегъовӕйӕ йӕ адӕм ма адард уой, уый тыххӕй сын цы радта?

11 Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдон дзы цӕмӕй ма адард уой, уый тыххӕй сын радта бирӕ цыдӕртӕ. Цӕмӕй фыдӕвзарӕнты бахаугӕйӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нын йӕ Ныхас Библийы руаджы амоны зонд (Иаковы 1:2—5). Сыгъдӕг Фыстадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый нӕ нӕ уадзы Хуыцауӕй дард кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕ дӕтты йӕ «Сыгъдӕг Уды, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лукайы 11:13, НФ). Уыцы сыгъдӕг уд нын — Дун-дунейы ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы тых — фыдӕвзарӕнты ӕмӕ фӕлварӕнты ӕххуыс кӕны. Иегъовӕ Чырыстийы фӕрцы дӕтты «лӕварӕн адӕймӕгты» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД). Уыцы фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ дӕр, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Иегъовӕйау, се ’муырнджытӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц (Иаковы 5:14, 15).

12, 13. а) Куыд ӕгъдауӕй нын дӕтты Иегъовӕ афоныл монон хӕринаг? ӕ) Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын Иегъовӕ цы дӕтты, уый фӕдыл цы хъуыды кӕныс?

12 Иегъовӕ ма йӕ адӕмы хъахъхъӕны, афоныл сын монон хӕринаг кӕй дӕтты, уымӕй дӕр (Матфейы 24:45). Уыцы хӕринагмӕ хауынц чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Иегъовӕ ма нын ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты фӕдӕтты, ӕхсызгонӕй нӕ цы фӕхъӕуы, уый. Никуы уыд афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды кӕнӕ конгрессы цавӕрдӕр цау кӕнӕ хъуыды фехъуыстай, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы арф ахызт, бафидар дӕ кодта ӕмӕ дын де уӕнгты хъарутӕ бауагъта? Ацы абзацы цы журналты кой кодтам, уыдоны цавӕрдӕр статья кӕсгӕйӕ никуы загътай дӕхицӕн: «Ай мӕнӕ мӕн тыххӕй куы у фыст»?

13 Сайтанмӕ ма ис иу ахӕм мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз — адӕймаджы ныфс сӕттын, ӕмӕ дзы, раст зӕгъгӕйӕ, иу адӕймаг дӕр хызт нӕу. Уый хорз зоны, адӕймаг йӕхимӕ куы ныхъхъусы, уӕд йӕ тых кӕй басӕтты — афтӕмӕй та ӕнцонтӕй ис йӕ дзӕмбытӕм бахауӕн (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Сайтан тынг архайы, цӕмӕй нын не ’взӕр хъуыдытӕй нӕ зӕрдӕ амара, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы ӕххуыс. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы ахӕм статьятӕ рацӕуы, ӕмӕ зӕрдӕсаст адӕймагӕн вӕййынц ныфсы хос. Иу ахӕм статьяйы фӕдыл нӕ хотӕй иу мӕнӕ цы ныффыста: «Ахӕм бон нӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы статья ма бакӕсон, фӕлӕ уӕддӕр мӕ цӕссыг нӕ бауромын. Журнал дарын мӕ сынтӕджы цур, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕхицӕй куы нал вӕййы, уӕд та йӕ райсын ӕмӕ йӕ бакӕсын. Ахӕм статьятӕ кӕсгӕйӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма мӕ Иегъовӕ йӕ фӕлмӕн хъӕбысы бакӕны ӕмӕ мын фӕдзуры: ма тӕрс» *. Иегъовӕ нын монон хӕринаг афоныл кӕй дӕтты, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм? Зон: Иегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз кӕй кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм ӕввахс у, йӕ базыры бын нӕ дары, ауды ныл.

«Куывдмӕ» чи «хъусы», уыимӕ нӕ бон у дзурын

14, 15. а) Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдонӕн цавӕр лӕвар радта? ӕ) Иегъовӕмӕ кӕдфӕндыдӕр сӕрибарӕй кувын нӕ бон кӕй у, уый диссаджы лӕвар цӕмӕн у?

14 Ӕнӕзонгӕ нын нӕу, искӕй хицауӕй куы сӕвӕрынц, уӕд ӕм, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн исты хъуыддаджы фӕдыл зын бахауӕн кӕй вӕййы. Иегъовӕ Хуыцауӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ зӕххон адӕммӕ афтӕ дард у, ӕмӕ йын цы дзурынц, уый йӕм нымады дӕр нӕу? Нӕ, уый афтӕ нӕу! Уый бӕрӕг у, Иегъовӕ, ӕввахс ӕм чи у, уыдонӕн ма ноджыдӕр цы лӕвар радта, уымӕй дӕр, ома кувын. «Куывдмӕ [чи] хъусы», уыимӕ нӕ бон дзурын кӕй у, уый у ӕмбисонды лӕвар (Псалом 64:3, МГТ). Цӕмӕн?

15 Цӕвиттон: стыр куыстуаты хицауыл вӕййы бирӕ хӕстӕ. Уыдонӕй кӕцыдӕртӕ йӕхӕдӕг бакӕны, цавӕрдӕртӕ та иннӕтӕн бахӕс кӕны. Афтӕ Дунедарӕг дӕр йӕхӕдӕг лыг кӕны, ӕрмӕст йӕхимӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ хаудзысты ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн та цавӕртӕ бахӕс кӕндзӕн, уый. Ӕркӕсӕм, Иегъовӕ йӕ зӕрдиаг Фыртӕн, Йесойӕн, цы бахӕс кодта, уымӕ. Йӕ Фыртӕн лӕвӕрд ӕрцыд «тӕрхон кӕныны бар» (Иоанны 5:27, НФ). Зӕдтӕ йын «басастысты» (1 Петры 3:22). Йесомӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уд кӕй ис, уый фӕрцы зӕххыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд дӕтты (Иоанны 15:26; 16:7). Гъе уый тыххӕй уыд Йесойӕн йӕ бон зӕгъын: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл» (Матфейы 28:18). Фӕлӕ нӕ куывтыты хабар та афтӕ у, ӕмӕ сӕм Иегъовӕ йӕхӕдӕг хъусы. Библи дӕр нын уый тыххӕй амоны, цӕмӕй кувӕм ӕрмӕстдӕр Иегъовӕмӕ Йесойы номӕй (Псалом 68:13; Иоанны 14:6, 13).

16. Иегъовӕ нын нӕ куывдмӕ кӕй хъусы, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

16 Иегъовӕ нын нӕ куывтытӕм ӕцӕгӕйдӕр фӕхъусы? Нымады дӕр ӕм куы нӕ уаиккам, уӕд нын нӕ дзурид, зӕгъгӕ, «ӕппынӕдзух кувут» кӕнӕ уӕ мӕт ӕмӕ уӕ сагъӕстӕ ме ’вджид бакӕнут (Ромӕгтӕм 12:12, НД; Псалом 54:23, МГТ; 1 Петры 5:7). Рагзаманты дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фидарӕй зыдтой, сӕ куывтытӕм сын кӕй хъуыста, уый (1 Иоанны 5:14). Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр уымӕн загъта: «[Иегъовӕ] хъусы мӕ хъӕлӕсмӕ» (Псалом 54:18, МГТ). Мах дӕр хъуамӕ фидарӕй уырна, Иегъовӕ нӕм ӕввахс кӕй у ӕмӕ нын нӕ алы ныхас дӕр кӕй хъусы, нӕ тыхст зӕрдӕ нын кӕй уыны.

Иегъовӕ йӕ адӕмы хорзӕхджын кӕны

17, 18. а) Иегъовӕ, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ йын йӕ адӕм зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн аргъ кӕны? ӕ) Бамбарын кӕн, Ӕмбисӕндты 19:17 куыд ӕвдыст у, Иегъовӕ нын нӕ хорздзинӕдтӕ кӕй нӕ рох кӕны, уый.

17 Иегъовӕ у Дун-дунейы Хицау, ӕмӕ зӕххон адӕм исты аразой ӕви ма аразой, уый йыл никуыд фӕзындзӕн. Фӕлӕ сӕ Иегъовӕ уӕддӕр бузныг вӕййы. Уый стыр аргъ кӕны, йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕм ын зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн (Псалом 146:11). Иегъовӕ ма, ӕввахс ӕм чи у, уыдонӕн дӕтты иу лӕвар: хорзӕхджын сӕ кӕны (Дзуттытӕм 11:6).

18 Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ аргъ кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы аразынц, уымӕн. Зӕгъӕм: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Иегъовӕйӕн дӕтты ӕфстау, ӕмӕ йын уый йӕ хорздзинад бафиддзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Иегъовӕ мӕгуыртыл тынг ӕнувыд кӕй у, уый бӕрӕг у Моисейы Закъонӕй (Левит 14:21; 19:15). Мах дӕр Иегъовӕйау мӕгуыртыл куы фӕаудӕм, уӕд цымӕ цы фӕзӕгъы? Мӕгуырӕн исты цӕстуарзонӕй куы фӕдӕттӕм, ӕмӕ нын йӕхӕдӕг исты фӕуыдзӕн ӕви нӕ, ууыл куы нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ахӕм лӕвар Иегъовӕ нымайы ӕфстауыл. Иегъовӕ зӕгъы, зӕгъгӕ нын уыцы хӕс бафиддзӕн йӕ фарнӕй ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй (Ӕмбисӕндтӕ 10:22; Матфейы 6:3, 4; Лукайы 14:12—14). О, не ’муырнджытӕй ӕвӕрӕз уавӕры чи ис, уыдоныл кӕй аудӕм, уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Куыд ӕхсызгон нын у, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ хорздзинӕдтӕ кӕй нӕ рох кӕны! (Матфейы 5:7).

19. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, уацамынды ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы цы аразӕм, уымӕн Иегъовӕ кӕй аргъ кӕны? ӕ) Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ Иегъовӕ куыд хорзӕхджын кӕны?

19 Иегъовӕ уӕлдай аргъ кӕны, Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн кӕй ахъаз кӕнӕм, уымӕн. Адӕймаг Иегъовӕмӕ куы баввахс вӕййы, уӕд ӕй фӕфӕнды йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕм цы ис, уый Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн дӕттын (Матфейы 28:19, 20). Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ дӕр фӕкӕсы, зӕгъгӕ, цы аразын, уый ницы у. Уӕвӕн ис, ӕмӕ нӕм не ’нӕххӕст зӕрдӕ дӕр дзура: цы фыдӕбон кӕныс, уӕддӕр дӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ нӕ райы? (1 Иоанны 3:19, 20). Иегъовӕйӕн зӕрдӕйӕ цы лӕвар раттӕм, уый йын вӕййы зынаргъ — гыццыл дӕр уӕд, уӕлдай нӕу (Маркы 12:41—44). Библи нын ныфс ӕвӕры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн цыфӕнды гыццыл ӕххуыс дӕр Иегъовӕ нӕ рох кӕны, стӕй нӕ уый тыххӕй хорзӕхджын дӕр кӕны. Ныр дӕр нӕм Иегъовӕйӕ бирӕ лӕвӕрттӕ ис, фӕлӕ нӕм ног дунейы цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цин кӕны: уыцы ног дунейы Иегъовӕ байгом кӕндзӕн йӕ къух ӕмӕ йӕм ӕввахс чи уа, уыдонӕн сӕ зӕрдӕты алы раст фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн! (Псалом 144:16; 2 Петры 3:13).

20. Ацы азы дӕргъы ӕрвылазон стих куыд ис зӕрдыл дарӕн ӕмӕ афтӕмӕй нӕ къухы цы бафтдзӕн?

20 Ацы азы дӕргъы нӕ зӕрдыл дардзыстӕм мӕнӕ ахӕм фарст: цӕмӕй мӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр уон, ууыл ӕдзух архайын? Кӕд афтӕ кӕнӕм, уӕд нӕм, куыд загъта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕввахс кӕндзӕн. Хуыцау «сайгӕ нӕ кӕны» (Титмӕ 1:2, НД). О, куы йӕм ӕввахс кӕнӕм, уӕд нӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8, НФ). Афтӕмӕй нӕ къухы цы бафтдзӕн? Ныридӕгӕн — тынг бирӕ хорздзинӕдтӕ, фидӕны та — ӕнустӕм Иегъовӕмӕ кӕй ӕввахс кӕндзыстӕм, уый!

[Фиппаинаг]

^ 13 абз. Уыцы статья, «Иегъовӕ нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у», зӕгъгӕ, ис 2000 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 28—31 фф. (уыр.).

Хъуыды ма кӕныс?

• Иегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдонӕн цавӕр лӕвар дӕтты?

• Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уырнындзинад куыд хъахъхъӕны?

• Иегъовӕмӕ нӕ бон сӕрибарӕй кувын кӕй у, уый диссаджы лӕвар цӕмӕн у?

• Иегъовӕйӕн йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ адӕм зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн уый стыр аргъ кӕй кӕны, уый Библи куыд ӕвдисы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Иегъовӕ нын йӕ ӕцӕгад ӕргом кӕны.

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Иегъовӕ нын нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны.